Презентация на тему: Нигеры базырджын ныхаста, куырыхон хъуыдыта 
НИГЕРЫ  БАЗЫРДЖЫН НЫХÆСТÆ,КУЫРЫХОН ХЪУЫДЫТÆ.
    * Мæгуыр адæм – мæ  мад, мæ фыд.  * Нарт уыдысты цардуарзаг адæм.  * Адæмæн сæ аргъæуттæ, сæ таурæгътæ ,сæ кадджытæ     сты сæ хорз чиныг.  * Цæрдуд йæ адæмимæ баст вæййы.  * Хи æмбарындзинад цы адæммæ нæ уа, уыцы адæмæн     сæ фидæн нывыл уыдзæн, зæгъгæ,уый зæгъæн нæй.   * Ирон адæммæ Къостайы агъоммæ хи æмбарынад нæ      уыд.«АДÆМ»
  * Мах – хæхты цот. * Мæ зонд – лæджы зонд.  *  Хæстонæн зарæг – уартæмдых. * Мæ ном – адæймаг. * Мæ зонд – мæ сафæг. * Адæймаг у адæймаг. * Адæймаг ныхас кæны хицæн мырты фæрцы. * Ирон адæм сылгоймагæн цы кад скæной, уый     никæмæн скæндзысты.АДÆЙМАГ
 * Мæ хъарæг – мæ зарæг.* Мæ зарæг – мæ марæг.* Музыкæ цы у, уый чи ’мбары уымæн бирæ дзурын      нæ хъæуы.* Аивад æвдисы цард, аивад æвдисы адæймагæн     ахсджиагдæр цы ис, уый. * Цард аивадæй хистæр у.АИВАД
 *  Æвзаг у хъуыды æвдисæн, зæрдæйы уаг æргом         кæнæн фæрæз.* Мах хъæуы нывæвдисæг, эмоци сайæг цыргъ  æвзаг,   æмæ ахæм æвзагæй фыста Брытъиаты Елбыздыхъо:   æхсæст мæнæуы хуызæн, æнцон дзурæн, æнцон    æмбарæн.        АХУЫРАД
 * … уалдзæг – мæгуыры рæвдауæг!.. * Рыст удæн нæм уалдзæг нæ кæны фæззæг. * Дидинæг – уалдзæг, фæззæг – алæмтæ.АФÆДЗЫ АФОНТÆ
   *  Зæрватыкк – нæ буц уазæг.  * Фæстауæрц чъындыйы нысан нæу.  * Маст алчидæр æййафы, фæлæ адæм сеппæт         æмхуызон нæ маст кæнынц.    ÆГЪДАУ
  * Нæ хæхты суæрттæ – æвдадзы хостæ.  *Цæрдуд хъазгæ , худгæ фæкæны.ÆНÆНИЗДЗИНАД
 * Мæ зæрдæ фæйнæрдæм тындзы. *  Мæхицæй – мæхимæ. *  Хур – фæдисон.ÆНКЪАРЫНАД
   * Хуры цæст – рухсхæссæг.  * Мæй – æрхуы тас.  * Зæй – мæлæты ’мбал.  ÆРДЗ
   * Cæры зондæй дæр æмæ хъаруйæ дæр хъуамæ    æххæст уа лæг.  ЗОНАД
*   Дзырд у, кæимæ фæдзурæм, уымæн нæ зæрдæйы   сагъæстæ, нæ хъуыдыты зæгъыны фæрæз.* Алы дзырдæн дæр ис йæхи сæрмагонд нысаниуæг.* Æвзагæн тыхмитæ кæнын нæ хъæуы.*Æвзаг, ирон æвзаг Елбыздыхъойæн уыдис  хæцæнгарз…ИРОН НЫХАС