Ф?ррссагмийы нысаниу?г 7 кълас


Темæ: Фæрссагмиты растфыссынад.7 кълас
Нысан: Сфæлхат канын миногонты растфыссынад разафтуан æмæ-имæ.
Зæрдыл æрлæууын кæнын фæрссагмиты арæзт æмæ сын бацамонын сæ растфыссынад. Бакусын урочы ныхасы рæзтыл.
Урочы цыд. І. Организацион хай.
ІІ. 1.Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын п.20. фæлтæрæн 130
2.Равзарын фæрссагмиты арæзт.
Фæрссагмитæ: кæрдгæйæ, æнæ дзургæйæ,æрдзургæйæ, цæугæ-цæуын.
? Цавæр фæрссагмитæ хонæм вазыгджын
Бакæсын хъуыдыйад, сæвæрын дзы æрхæцæн нысæнттæ.
Рæвдауы хур æрттивгæ йæ рухс нын у фæлмæн фæйлауы уддзæф зилгæ нæуæг сыфтæрты 'хсæн (Г. Ц)
Цавæр синтаксисон нысаниуæг ис фæрссагмитæн?(Дæнцæгтæ)
3. Зæрдыл æрлæууын кæнын миногонты растфыссынад разæфтуан æнæ-имæ.
Хибар куыст.
Хæс. Байгом кæнын къæлæттæ: (æнæ) хæргæ , (æнæ) хæрд, (æнæ) уынгæ, (æнæ) мæт, (æнæ) хæлгæ, (æнæ) æгъдау, (æнæ) ном.
Куыд фыссын хъæуы миногонтæ разæфтуан æнæ-имæ? (дæнцæгтæ)
Іll. Ног æрмæг.
1.Арæх миногон æмæ фæрссагмийы кæрæттæ (фæсæфтуантæ) вæййынц иухуызон гæ-, ноджы арæх миногонимæ фæрссагмитæ æмбæлынц иумæ (фæрссагмитæ разæвæрд æнæ-имæ, миногон та разæфтуан æнæ-имæ). Уый тыххæй нæм арæх рауайы рæдыдтытæ.
? Цы нæ хъæуы бахъуыды кæнын
Раст фарст раттын миногонмæ.
2. Чиныгимæ куыст
Бакæсын, равзарын раиртæст æмæ дæнцæгтæ.
3. Саразын мивдисджытæй фæрссагмитæ. Фæрссагмитæ ныффыссын дыууæ къордæй:
1) фæсæфтуантæ -гæ æмæ –гæйæ –йы фæрцы арæзт фæрссагмитæ;
2) вазыгджын фæрссагмитæ. Бамбарын кæнын фæрссагмиты растфыссынад.
Хуызæг: 1) хæргæ, хæргæйæ; 2)хæргæ-хæрын,хæргæ-хæргæ.
Хæрын, тухын, æрвитын, нæмын, цæуын, згъорын.
Бынаты хицау-цæрæнуаты бардуаг.
Мадзæлттæ кæнын-амæлттæ кæнын, гæнæнтæ агурын.
Зин- адæмæн маст æмæ низтæ чи хæссы, ахæм мифологион цæрæгой.
Гутон, дзывыр-хуымгæнæн дзауматæ.
Ауæдз - гутонвæд.
Ахицæн кæнын-ам: фæуын.
4. Бамбарын кæнын дзырдтæ æмæ дзырдбæстыты нысаниуджытæ.
Уæларвон бардуаг, агъуыст, ауæдз адарын, нымад адæймаг
5. Ныффыссын орфографион диктант.
Сбæрæг кæнын миногонты æмæ фæрссагмиты растфыссынæдтæ.
Ахуыргæнгæйæ, гæпгæпгæнгæйæ, æнæ хонгæйæ, æнæфысгæйæ, цæугæ-цæуын, æнæдомд, æнæ фæллайгæйæ, цингæнгæйæ, хосгæрдгæйæ, æнæсæр, æнæ хъусгæйæ, нæ бауæндгæйæ, ерысгæнгæйæ, нæ бадзургæйæ, нæ фæкæсгæйæ.
6. Аулæфт.
Кæмæн фæзæгъынц хистæртæ "дæ мады фæндиаг байрæз", зæгъгæ?
Iv. Бафидар кæнын ахуырдзауты зонындзинæдтæ рацыд æрмæгæй.
Хæс. Баххæст кæнын хъуыдыйæдтæ:
Бæндæныл кафæг æнæ фæцудгæйæ … .
Æнæуаг адæймаг … .
Уроктæ нæ сахуыргæнгæйæ.. .
Цы амоны дзырд нывгæнæг-декоратор?
-815340222253856355106680125476022225
2711450-3975101097915-305435-884555-282575
-1784985239395
-44450068580
Куыд равзарын хъæуы фæрссагми
-777240189230

Хуызæг:Тымыгъ, хъæрзгæйæ,хæры йæ хъиутæ(Дз. Х.-М)
-162560445135Хъæрзгæйæ –хъæрзын,æнæххæст хуыз, хæры куыд? Хъæрзгæйæ –архайды хуызы фадатон дзырд
Радзырд ныффыссын фæрссагмитæй пайдагæнгæйæ
v.Хæдзармæ куыст.
1. Сахуыр кæнын раиртæст.
2. фæлтæрæн №137