Хорз ?мгар зын сахат сб?р?г в?ййы 7къл невл


Темᴂ: Хорз æмгар зын сахат сбæрæг вæййы
Урочы нысан 1. Скъоладзауты ахуыр кæнын хъусгæ ныхасы сæйраг мидис æмбарыныл.
2. Мивдисæджы бæллиццаг здæхæны хицæндзинæдтимæ базонгæ кæнын.
3. Зонгæ лексикон-грамматикон æрмæгæй ныхасы раст пайда кæныныл фæцалх кæнын сывæллæтты.
Хъомыладон хæс – фыдæлты уæзæгмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ гуырын кæнын скъоладзаутæм;
– хæлардзинадæн аргъ кæныныл ахуыр кæнын сывæллæтты.
Урочы методикон рацарᴂзт
I. Бацæттæгæнæн хай.
II. Хæдзармæ куыст равзарын (2-3 скъоладзауы кæсынц хъуыдыйæдтæ)
III. Аудировани. (текст ”Дандамид æмæ Амизок”) байхъусынФæлтæрæн 1 а)фæрстытæн дзуæппытæ раттынДзырдуатᴂй спайда кᴂнын
б)фыццаг бакусын дзырдуатылуый фæстæ та текстмæ байхъусынДандамид æмæ АмизокСкифтæм тынг кадджын уыд æфсымæрдзинад, хæлардзинад. Уый тыххæй бæлвырд æвдисæн баззад историйы.
Иу заман скифтæм знæгтæ æрбабырстой. Уыдон уыдысты бирæ æмæ æнæхатыр. Скифтæй бирæты фæцагътой, бирæты та дзы уацары райстой. Уацайрæгтимæ уыд æрыгон скифаг хæстон Амизок дæр. Хæсты хæдразмæ уый æрдхорд-æфсымæр скодта йæхи æмгар лæппу Дандамидимæ. Дыууæ лæппуйы кæрæдзиуыл афтæ æнувыд уыдысты, кæрæдзийы афтæ бирæ уарзтой, æмæ Дандамид уайтагъд цæугæдоны сæрты баленк кодта знæгтæм, цæмæй баххуыс кæна йе 'рдхорд Амизокæн.
Знæгтæ Дандамиды æрцахстой æмæ йæ бакодтой сæ фæтæгмæ. Уый йæ бафарста
– Цы ратдзынæ де 'рдхорд Амизокы суæгъд кæныны тыххæй?
Дандамид дзуапп радта
– Цыдæриддæр мæм ис, уый.
Уæд знæгты фæтæг фæлварæгау загъта
– Уæдæ дæ цæстытæ ратт.
Дандамид æхсызгонæй сразы.
Лæппуйы цæстытæ куы скъахтой, уæд знæгтæ æцæгæй дæр суæгъд кодтой Амизокы.
Æрдхæртæ кæрæдзийыл куы бацин кодтой, уæд æрбаленк кодтой цæугæдоны сæрты. Знæгтæ уыцы хъуыддаг фенгæйæ фидарæй бамбæрстой адæм кæрæдзиуыл афтæ иузæрдион кæм сты, уыцы бæстæйæн басæттæн нæй æмæ æхсæвыгон лидзæг фесты.
IV. Грамматикон æрмæгыл бакусын.
Фᴂлтᴂрᴂн 2. Хъуыдыйᴂдтᴂ баххᴂст кᴂнын.
Фᴂлтᴂрᴂн 3. Фыццаг уал зæрдыл æрлæууын кæнын æргомон æмæ фæдзæхстон здæхæнты хицæндзинæдтæ. Мивдисджытæ къордтæй рафыссын се здæхæнтæм гæсгæ.
1) Æргомон здæхæн æвдисы, чи цæуы, æрцыдис кæнæ æрцæудзæнис, ахæм архайд. Ис ын æртæ афоны нырыккон, ивгъуыд æмæ суинаг.
2) Фæдзæхстон здæхæн æвдисы ахæм архайд, кæцы æцæгæй нæ цæуы, фæлæ чидæр домы йæ бакæнын.
Æргомон здæхæнфæдзæхстон здæхæн
Риссы, кой кæны, æрттив, тау, байрай, цæрнæ кусы, нæ хæры,
Хъуыстон, ссардтон,
радзурдзынæн
бакæсын раиртæст зæрдыл бадарын Фæлтæрæн 4 хи дæнцæгтæ æрхæссын
таблицæ баххæст кæнын

Фæлтæрæн 5 бакæсын
сбæрæг кæнын цæсгом, афон, здæхæн
1. дæ – 2 цæсг.., нырыккон афон, æргомон зд.
уаин – 1 цæсг., нырыккон аф., бæллиццаг зд.
бакæнин – 1 цæсг., суинаг аф., бæллиццаг зд.
цæрин – 1 цæсг., нырыккон аф., бæллиццаг зд.
2. фæдзырдтаиккой – 3 цæсг., ивгъуыд аф., бæллиццаг аф.
ныццагъта – 3 цæсг., ивгъуыд аф., æргомон зд.
3. зониккой – 3 цæсг., суин. аф., бæллиццаг зд.
кæсиккой – 3 цæсг., суин. аф., бæллиццаг зд.
Фᴂлтᴂрᴂн 6. Мивдисджытæ сæвæрут бæллиццаг здæхæны ивгъуыд афоны.
Рафыссут сæ.
Х/к. Таблицᴂ баххᴂст кᴂнут.
• скодтой – скодтаиккойæруагъта – æруагътаид
ныттагътой – ныттагътаиккойракодта – ракодтаидсахыста – сахыстаидV. Кæронбæттæн хай.– хатдзæгтæ, бæрæггæнæнтæ
– хæдзармæ куыст фæбæрæг кæнын æмæ бамбарын кæнын
– скъоладзауты афæндараст кæнын