Базонг? к?нын сыв?лл?тты Къостайы ?мдз?вг?им? «Балцы зар?г»
Кӕсыны урок
Урочы нысан 1. Базонгӕ кӕнын сывӕллӕтты Къостайы ӕмдзӕвгӕимӕ «Балцы зарӕг».
2. Раст ӕмӕ аив кӕсыны навыктӕ рӕзын кӕнын;
3. ӕмгардзинад, хӕлардзинад рӕзын кӕнын.
Урочы фӕлгонц Ирон тырысайы ныв, Ирыстоны ӕрдзы нывтӕ.
Урочы цыд Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.
II. Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.
1. Текст «Къостайы номимӕ баст бынӕттӕм балц» аив кӕсын.
2. 12-ӕм фӕлтӕрӕны фарстатӕн дзуӕппытӕ дӕттын.
III. Ног ӕрмӕгимӕ куыст.
1. – Нӕ раздӕры урочы базонгӕ стӕм Къостайы ӕмдзӕвгӕимӕ «Цъиу ӕмӕ сывӕллӕттӕ». Уыцы ӕмдзӕвгӕйы нын нӕ зӕрдӕты гуырын кодта уарзондзинад мӕргътӕм. ӕвдыста нын куыд уарзы гыццыл маргъ сӕрибардзинад.
2. – Абон та базонгӕ уыдзыстӕм йӕ ӕмдзӕвгӕимӕ «Балцы зарӕг». Ацы ӕмдзӕвгӕйы та сӕрибардзинадмӕ сиды, хоны йӕ адӕмы. Уый бамбардзыстут, куы байхъусат ӕмдзӕвгӕмӕ.
3. Бацамонын зынӕмбарӕн дзырдтӕ
1-ӕм фӕлтӕрӕн, 50-ӕм фарс.
2-ӕм фӕлтрӕн. Бахъуыды кӕн.
4. Байхъусут уал дикторы кастмӕ.
5. ӕмдзӕвгӕйыл куыст (3-ӕм фӕлтӕрӕн.)
а) хинымӕры каст кърандасимӕ.
ӕ) равзарын ӕнӕмбаргӕ дзырдтӕ ӕмӕ ратӕлмац кӕнын ӕмдзӕвгӕ.б) хъӕрӕй иумӕ каст.
в) фыссӕг зӕгъы… Скӕнӕм йӕ тырыса «Дзыллӕйы номӕй…
– Цавӕр тырысайы кой кӕны? (Равдисын Ирыстоны тырысайы ныв.)
Беседӕ Ирыстоны тырысайы тыххӕй
– Цал хуызы ис Ирыстоны тырысайӕн?
– Цы нысан кӕны алы хуыз?
г) хъӕрӕй иугай каст.
гъ) – Куыд уӕм кӕсы, нӕ абоны царды тыххӕй куы дзурӕм, уӕд Къостайы ӕмдзӕвгӕйӕ спайда кӕнӕн ис?– Цӕмӕн?
IV. Урочы кӕронбӕттӕн.
– Ахӕм ӕмдзӕвгӕтӕ чи фыста, уый сымахмӕ гӕсгӕ, цавӕр адӕймаг уыди?
– Цымӕ нӕ абоны цардыл бацин кодтаид Къоста? Цӕмӕн?
V Хӕдзармӕ куыст.1. Ног дзырдтӕ ныффыссын дзырдуӕтты ӕмӕ сӕ сахуыр кӕнын;
2. Сахуыр кӕнын ӕмдзӕвгӕ наизусть.