?мбис?ндт? ирон ад?мон сф?лдыстад


Ахуыры конспект:
«Адæмон сфæлдыстад»
(хистæр къорд)
21-æм рœвдауœндон
Ирон œвз. хъомылгœнœг
Томайты И. Т.

Дзœуджыхъœу – 2014аз
Нысан: адæмон сфæлдыстад уарзын кæнын сабитæн;
зонгæ кæнын сабиты адæмон сфæлдыстадимæ
мадæлон æвзагыл хъуыдытæ дзурыныл ахуыр кæнын;

Цæстуынгæ
æрмæг : æмбисæндты нывтæ
Техника: проектор, компьютер

- Уœ райсом хорз, сывœллœттœ!
- Æгас цу!
-Уœ салам бирœ, сбадут. Абон та нœм ис ирон урок.
- Зœгъут мœ мын, сывœллœттœ, цавœр афœдзы афон у.
- Зымæг
- Зымæг у ахæм афæдзы афон: æхсæв даргъ, бон та цыбыр. Раджыйы заманы иу нæ фыдæлтæ зымæджы даргъ изæрты кодтой тауырæгътæ, аргъæуттæ, амбисæндтæ, уыци-уыцитæ.
Мах дæр сымахимæ араст кæндзыстæм даргъ æхсæвтæм æмбисæндтимæ зонгæ кæнынмæ
2 слайд Æрбакæсут ма ацы нывтæм, цæуыл дзурæг сты?
Уалдзæг рæсугъд у, фæззæг хъæздыг у.
3 слайд Сау хохæй урс дур нæ хауы.
4 слайд Адæм фæдисмæ, гæды къæбицмæ
5 слайд Кусын худинаг нæу, курын худинаг у
6 слайд Хистæр дзуры, кæстæр хъусы7 слайд Цæваг галæн йæ сыкъа сæтты
8 слайд Хæвсæн йæ лæппын – хуры тын
9 слайд Къæвда бон хур нæ тавы10 слайд Хъæды бирæгъ дæр иунæгæй нæ цæры
Ныр та иугыццыл аулæфæм. Улæфты минут –
Нанайæн æххуысс кæнæм
Мах къабуска кæрдæм
Къабускайыл цæхх кæнæм
Къбуска æууæрдæм
Ныр та йæ лæмарæм
Хуыздар куыст нæ арæмАулæфыдыстæм, дарддæр нæ куыст кæнæм.
- Мæн фæнды цæмæй уæ алчидар сныв кæна æмбисæндты архаджытæй йæ зæрдæмæ чи фæцыд уыцы архайæджы
(8-10 мин)
- Тынг хорз куыстытæ сныв кодтат.Иттæг хорз.
- Нæ абоны урок кæронмæ æрхæццæ. Мæн фæнды нæ абоны ахуырæй æппæт æмбисæндтæ куыд бахъуыды кæнат, æмæ цæ хæдзары куыд радзурат.
Хæрзбон, мæ зынаргъ сабитæ.
- Афæндараст у.