План урока осетинского чтения на тему Х?дзарм? куыст
Темæ. Джиоты Катя. «Хæдзармæ куыст».
Урочы нысан: базонгæ кæнын сывæллæтты Джиоты Катяйы радзырд «Хæдзармæ куыст» - имæ; раст, тагъд æмæ аив кæcыны мадзæлттыл бакусын; ныхасы рæзтыл кусын; сывæллæттæй домын сæ мадæлты фыдæбонæн аргъ кæнын, хæдзары сын æххуыс кæнын, æнæсайд уæвын.
Урочы цыд.
I. Урочы темæ æмæ нысан сбæрæг кæнын.
II. Улæфты фæлтæрæнтæ
*Нæ фындзтæй уæлдæф сулæфæм æмæ йæ фæстæмæ рауадзæм.
*Смудæм дидинæгмæ.
*Сойын цырагъ хуыссын кæнæм.
III. Хæдзармæ куыстæй бафæрсын.
- Цы уын лæвæрд уыди хæдзармæ?
(Уырымты Петяйы æмдзæвгæ «Нæ бинонтæ».)
1.Дзырдуатон куыст .Уат – агъуыст (комната)
Уæрæх быдыртæ – широкие поля
Къæмдзæстыгæй – æфсæрмхуызæй
Боныг – дневник
« Рæстæмбис» - удовлетворительно
Фæллойуарз – трудолюбивый
2 .Æмдзæвгæ кæсынц 2 – 3 скъоладзауы.
Фæрстытæ:
- Цæуыл уыд бинонты ныхас?
- Цы радзырдта Таймураз?
-Цы сдзырдта Нинæ?
-Бакæсут – ма бабайы ныхæстæ.
- Бинонты кæcтæр æфсæрмхуызæй цæмæн бадт?
(Уымæ касти худинаг, ахæм фæллойуарз хæдзармæ «рæcтæмбис» бæрæггæнæн кæй æрбахаста, уый.)
- Сымахмæ та куыд кæсы?
(Мах карæн сывæллæттæ кусгæ нæма фæкæнынц, фæлæ махæн та нæ
хæс у ахуыр кæнын. Æмæ уыцы хæc хъуамæ æххæст кæнæм.)
- Скъоладзауты хæc ахуыр кæнын кæй у ,уый тыххæй ма цавæр æмдзæвгæ ахуыр кодтам?
(Æмбалты Цоцкойы æмдзæвгæ «Скъоламæ»)
- Чи йæ радзурдзæн?
- Сымах иууылдæр рацыдыстут фæллойуарз хæдзæрттæй.Хæдзармæ ма уын лæвæрд уыди уæ ныййарджытæ куыд фæллой кæнынц, уый тыххæй цыбыр æрмæг бацæттæ кæнын.
Экраныл кæрæдзийы ивынц ныййарджыты къамтæ.Сывæллæттæ цыбырæй дзурынц сæ ныййарджытæ куыд фæллой кæнынц, уый тыххæй.
Гуыбиаты Аринæ:
- Мæ мад Гуыбиаты Ритæ кусы сывæллæтты цæхæрадоны. У хъомылгæнæг. Сывæллæтты уарзы бирæ.Зæрдиагæй æххæст кæны йæ хæстæ.
Арсæгты Лаурæ:
- Мæ мад Арсæгты Маринæ кусы рынчындоны. У дохтыр. Йæ зонындзинæдтæ не ’вгъгъау кæны рынчынтæн. Кæд цыфæнды фæлладæй æрбацæуы йæ куыстæй, уæддæр махæн, йæ сывæллæттæн рæстæг ссары. Буц дары нæ нана æмæ бабайы дæр.
Хъуысаты Камиллæ:
- Мæ ныййарджытæ cты Хъуысаты Геннадий æмæ Иринæ.Мæ фыд кусы пъæлицæйы хайады. Мæ мад Хъуысаты Иринæ хъомыл кæны мах, сывæллæтты. Ис мын кæстæр хо Миланæ æмæ æфсымæр Темболат.
Мæ нана Хъуысаты Риммæ бирæ азты фæкуыста нæхи скъолайы. Ныр кæд пенсийы ис, уæддæр хæдзары æгуыст никуы вæййы.
Къадзаты Лидæ:
- Мæ мад Къадзаты Ларисæйæн йæ сæйрагдæр куыст у сывæллæттæ хъомыл кæнын .У дыууадæс сывæллоны мад. Кæд бирæ æнæхуыссæг æхсæвтæ æрвиты, уæддæр йæхи амондджын хоны.
- Ахæм бинонтæ кæмæн ис, уыдон хъуамæ цавæр бæрæггæнæнтæ хæccой?
- Куыстуарзаг бинонты тыххæй ма уæ исчи æмдзæвгæ зоны?
(Чеджемты Геор «Куыстуарзаг».)
- Чи йæ радзурдзæн?
IV. Физкультминуткæ.
V. Ног æрмæгыл куыст.
– Абон базонгæ уыдзысæм Джиоты Катяйы радзырд «Хæдзармæ куыст» - имæ.
- Цавæр нысан æвæрæм нæ размæ?
(Хъуамæ кæсæм раст æмæ аив. Нæ зæрдыл бадарæм радзырды мидис.Хи ныхæстæй дзурын нæхи фæлтæрæм.)
Фыццаг бакаст.
Кæсынц цæттæгонд скъоладзаутæ.
- Текст каст куы фæуæм, уæд хъуамæ дзуапп раттат ахæм фарстæн: «Цымæ цы ныффыста йæ тетрады Зинæ?
2.Дзырдуатон куыст.
Бафиппайдта – федта, бамбæрста.
Æвæндонæй – нæ йæ фæндыд, афтæмæй.
Ныййарæг – мад, фыд.
Дыккаг бакаст ( рольтæм гæcгæ)
Кæсгæ – кæсын уæ зæрдыл бадарут радзырды мидис æмæ фæрстытæн дзуæппытæ дæттынмæ уæхи æрцæттæ кæнут.
Фæрстытæ текстмæ:
- Цы ми кодта Зинæ?
- Фаризæт уатмæ куы бацыд, у Зинæ цы бакодта?
- Куыд бафарста Фаризæт йæ чызджы? Бакæсут – ма йæ.
- Цæй тыххæй фыста Зинæ йæ тетрады?
- Цæмæн æрызгъæлдысты Зинæйæн йæ цæссыджытæ?
- Куыд загъта мад йæ чызгæн.Бакæсут – ма йæ.
- Куыд уæм кæсы, Зинæ æцæгæй æххуыс кодта йæ мадæн?
- Уæдæ – ма радзурут, сымах та куыд æххуыс кæнут уæ мадæлтæн?
VI.Релаксаци музыкæимæ.
Цæсты хаутæ уæззау кæнынц,
Цæстытæ сæхæдæг æхгæнынц.
Мах æнцад нæ фæллад уадзæм,
Уысм æнæдзургæйæ бадæм.
(Паузæ)
Мах чысыл нæ фæллад суагътам,
Уæларвæй тыхтæ æрбайстам.
Цæстытæ та байгом кæнæм,
Æнæзивæг афыдæбон кæнæм.
VII. Ног æрмæг бафидар кæнын.
1.Хинымæр бакаст.
2.Хи ныхæстæй радзурын.
VIII.Урокæй хатдзæгæ скæнын.
-Куыд уæм кæсы Зинæйы ми? Хорз чызг схонæн ын ис?
Бакæсут радзырдæн йæ сæйраг хъуыды цы хъуыдыйады ис, уый.
- Зинæйæн куыд рахонæн ис?
(Зивæггæнаг, сайæгой.)
- Ацы радзырдæй нæхицæн зондæн цы райстам?
(Сайын хорз нæу. Сайын худинаг у.IX. Ребус.
йы ’’’ быр у.
- Ацы ребус раст куы бакæсæм, уæд базондзыстæм ирон æмбисонд.
( Гæдыйы къах цыбыр у.)
X. Рефлекси.
- Нæ урочы уæ зæрдæмæ цы фæцыди?
- Исты зындзинадыл сæмбæлдыстут?
- Уæ куыстæн аргъ скæнут.
Хæдзармæ куыст.
Радзырд аив кæсын, хи ныхæстæй дзурын.