Презентация открытого урока по осетинскому языку и литературе в 3 классе на тему: Цыкурайы фардыг .


Гом урок ирон œвзаг œмœ литературœйœ3-œм къласыАхуыргœнœг: Наниты А.Ш.Май2015аз. Урочы нысантœ: ахуырадон:- лексикæйæ рацыд æрмæг бафидар кæнын (æмбисæндтæ, базон-базонтæ, тагъддзуринæгтæ);рæзын кæныны:- къордты куыстмæ арæхстдзинад,- райрæзын кæнын сфæлдыстадон гæнæнтæ,- бакусын дзургæ ныхасы рæзтыл;хъомыладон: - мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын. Эпиграф урокмœ«Мœнмœ Цыкурайы фœрдыг ныр ис,Æдзух вœййы мœнмœ œппœт, цы курон.Уый нœу зœххон,уœларвонтœй у-хурон,Дзœбœх кœны фыдниз,уый зоны рис…»Токаты Алихан. Цыкурайы фœрдыг Дзырдуатон куыст:Фœрдыг-бусина.Цыкурайы фœрдыг(фольк)- бусина желаний, самоцвет. Цыкурайы фæрдыг бæрæг бынат ахсы ирон адæмон сфæлдыстады: кадджыты, таурæгъты, аргъæутты, æмбисæндты. Нарты кадджыты разныхасы нын амонынц: «Зынаргъ дуры мыггаг. Ам: мард æгас кæныны, цæфтæ дзæбæх кæныны тых кæмæ ис, ахæм фæрдыг. Ома, цы курай, уый дæтты». Адæмон сфæлдыстадмæ гæсгæ цыкурайы фæрдыг байсынц калмы дзыхæй, вæййы афтæ дæр æмæ йæ калм йæхæдæг адæймаджы къæсæрыл ныууадзы. Цыкурайы фæрдыджы кой æрмæст адæмон сфæлдыстады нæй, таурæгъон сты йæ фылдæр миниуджытæ. Æнæ уый та уыд æмæ ис Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны дæр кæмæдæрты. «…Цыкурайы фæрдыг хæдзарæн у йæ ахсджиаг хæзна æмæ йæ амонд… Уыцы дур вæййы тымбыл, хъæдуры гагайы кæнæ бæлоны айчы йас, хуызæй чысыл бурбын æмæ рæсугъдгомау, талынджы дæтты тынг фосфорон рухс. Рагон таурæгътæм гæсгæ, бафты æрмæст «амондджын адæймаджы къухы», - фыссы Къоста. Цыкурайы фæрдыджы фылдæр хуызтæ: сырх фæрдыг – æрвхуыз, сау æмæ урс тæлмытимæ; Урс - æрвгъуыз фæлтæмæнимæ – æхсыры бæркады Цыкурайы фæрдыг; Сау – æнæзæнæг устытæн цотдæттæг фæрдыг; Бургонд – хæдзары фосы бæркадыл æфтауæг; Урс – тар фæлтæмæнимæ, уыд хъæздыг тыллæджы фæрдыг; иухуызон сырх – дæсны фæрсынæн. «Ирон ныхасы цыкурайы фœрдгуытœ» ÆмбисондÆмбисæндтæ сты ирон адæмон дзургæ сфæлдыстады зынгœ œвœрœн. Æмбисонд у чысыл зондамонæн хъуыды. Уыдон сты цыбыр уацмыстæ, фæлæ сæ хъуыдымæ гæсгæ та сты арф æмæ ахадгæ. Æвдисынц адæмы цард, зонд, хъуыдытæ, бæллицтæ æмæ сæ цæстæнгас цардмæ.стады зынгæ æвæрæн. «Лœг нœу,афтœмœй дзуры,бœлас нœу,афтœмœй йыл сыфтœ ис».«Нœ зœххыл лœууы,нœ-арвыл,афтœмœй пайда у адœмœн». Уыци-уыцитæ Уыци-уыцитæ дæр сты адæмон дзургæ сфæлдыстады хуызтæй иу.Уыдон дæр сæ асмæ гæсгæ сты цыбыр, фæлæ æвдисынц адæмы цыргъзонддзинад. Ахуыр кæнынц лæмбынæг хъуыды кæныныл, дзырдарæхст уæвыныл. Уыци-уыци у дæлгоммæ ныхас. Ныхас цæуыл фæцæуы, уымæн февдисы йæ миниуæг, йæ формæ кæнæ та йæ архайд. Уыци-уыцитæ ма ноджыдæр хонынц- базон-базонтæ. «Иу мыдыбындз чыргъæд нæ дзаг кæны».«Уасаг гæды мыст нæ ахсы».«Урс хохæй сау дур нæ ратулдзæн».«Мыст къахта, къахта æмæ йæхицæн гæдыйы сæр ракъахта». Тагъддзуринœгтœ- йæ фæрцы не ’взаг кæны рæвдздæр,- фæзæгъæм æй рифмæйы хуызы, фембæлы дзы уыцы иу мыр, - хорз æххуыс у зындзурæн мыртæ сахуыр кæнынæн. Уыци-уыцитæ«Дзургæ нæ кæны, афтæмæй адæмæн зонд амоны» «У дæ фыссæнгæрзтæй иу, Базон-ма йæ, уый та циу?» «Бирæ рæтты зайы, Зæрдæ дзы фæрайы»«Сыгъдæг у, æмæ дон нæу, урс у æмæ мит нæу, хæрзад у, æмæ мыд нæу, чысылтæн царды хос у». Синквейн аразыны схемæ Фыццаг рæнхъы фыссæм синквейны темæ.2. Дыккаг рæнхъы характеристикæ дæттæм темæйæн дыууæ миногонæй.3. Æртыккаг рæнхъы фыссæм æртæ мивдисæджы, темæмæ гæсгæ архайд куыд æвдисой, ахæмтæ. 4. Цыппæрæмы фыссæм цыбыр хъуыдыйад, авторы (дæ) ахаст темæмæ, кæнæ темæйы сæйраг хъуыды чи æвдисы. 5. Фæндзæм рæнхъы фыссæм иу дзырд, темæйы хъуыдыимæ æнгом баст, кæнæ темæйы синоним (арæхдæр загъд вæййы номдарæй). Нœ ног фембœлдмœ!Хœрзбон!