Конспект открытого урока по осетинскому языку и литературе в 3 классе на тему: Цыкурайы фардыг
Гом урочы пълан ирон œвзаг œмœ литерœтурœйы урокмœ 3-œм къласы«Ирон æвзаджы цыкурайы фæрдгуытæ»
Ахуыргœнœг:Наниты А.Ш.
Май 2015 аз.
Темæ: Ирон æвзаджы цыкурайы фæрдгуытæ.
Урочы нысантæ:
ахуырадон:
- лексикæйæ рацыд æрмæг бафидар кæнын (æмбисæндтæ, базон-базонтæ, тагъддзуринæгтæ);
рæзын кæныны:
- къордты куыстмæ арæхстдзинад,
- райрæзын кæнын сфæлдыстадон гæнæнтæ,
- бакусын дзургæ ныхасы рæзтыл;
хъомыладон:
- мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын.
Урочы фæлгонц: компьютерон презентаци,нывтœ темœмœ гœсгœ, карточкœтœ хœслœвœрдимœ
Скъоладзаутæ кусынц къордты. Алы къорды раз дæр – чысыл шкатулкæ фæрдгуытимæ, судзин æндахимæ, лыггонд карточкæтœ.Хъуысы ирон музыкœ,командœтœ хицœнтœй бадынц къласы.
1.Бацœттœгœнœн рœстœг.
Ахуыргœнœг: Уœ бон хорз, нœ зынаргъ уазджытœ œмœ сывœллœттœ!
Алы боны `гас нæм цæут!
Дзœнгœрœг ныццагъта,
Райдыдта урок.
Мах ирон œвзагыл,
Базонœм исты ног!
2. Ног æрмæгмæ бацæуæн.
Ахуыргæнæг:
Абон хуымæтæджы нæ фембæлдыстæм!
Кæй зæгъын æй хъæуы! Уымæн æмæ абоны урок арæзт æрцыд нæ мадæлон æвзаг æмæ литературæйы боны кадæн!
Абон мах дзурæм нæ мадæлон æвзагыл, йæ номыл аразæм хъазт, зондæвзарæн хъазт. Цымæ уæ чи хуыздæр зоны адæмон сфæлдыстад?Уый сбæрæг уыдзæн абон. Уæдæ райдайæм нæ урок!
Абон нæ урочы базонгæ уыдзыстæм, ирон адæм цæрæнбонты кæй æмбырд кодтой, æмæ нæм афтæмæй нæ фыдæлтæй цы баззад, уыцы ирон æвзаджы цыкурайы фæрдгуытимæ.
Дзырдуатон куыст:
Фœрдыг-бусина.
Цыкурайы фœрдыг(фольк)- Бусина желаний, самоцвет.
Цы у цыкурайы фæрдыг, цы нысан кæны, кæм фембæлæн ис цыкурайы фæрдыгыл, уыцы фарстатæн нын дзуапп ратдзыстынæ чысыл иртасджытœ Алыккаты Аланœ œмœ Дегъуаты Дианœ. Уыдон нын бацæттæ кодтой чысыл информаци разныхасимæ.
Цыкурайы фæрдыг бæрæг бынат ахсы ирон адæмон сфæлдыстады: кадджыты, таурæгъты, аргъæутты, æмбисæндты.
Нарты кадджыты разныхасы нын амонынц: «Зынаргъ дуры мыггаг. Ам: мард æгас кæныны, цæфтæ дзæбæх кæныны тых кæмæ ис, ахæм фæрдыг. Ома, цы курай, уый дæтты». Адæмон сфæлдыстадмæ гæсгæ цыкурайы фæрдыг байсынц калмы дзыхæй, вæййы афтæ дæр æмæ йæ калм йæхæдæг адæймаджы къæсæрыл ныууадзы.
Цыкурайы фæрдыджы кой æрмæст адæмон сфæлдыстады нæй, таурæгъон сты йæ фылдæр миниуджытæ. Æнæ уый та уыд æмæ ис Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны дæр кæмæдæрты.
«…Цыкурайы фæрдыг хæдзарæн у йæ ахсджиаг хæзна æмæ йæ амонд… Уыцы дур вæййы тымбыл, хъæдуры гагайы кæнæ бæлоны айчы йас, хуызæй чысыл бурбын æмæ рæсуггомау, талынджы дæтты тынг фосфорон рухс. Рагон таурæгътæм гæсгæ, бафты æрмæст «амондджын адæймаджы къухы», - фыссы Къоста йæ этнографион очеркы.
Цыкурайы фæрдыджы фылдæр хуызтæ сбæлвырд кодта Ручъы цæрæг Дауыраты Н. Сырх фæрдыг – æрвхуыз, сау æмæ урс тæлмытимæ; Урс - æрвгъуыз фæлтæмæнимæ – æхсыры бæркады Цыкурайы фæрдыг; Сау – æнæзæнæг устытæн цотдæттæг фæрдыг; Бургонд – хæдзары фосы бæркадыл æфтауæг; Урс – тар фæлтæмæнимæ, уыд хъæздыг тыллæджы фæрдыг; иухуызон сырх – дæсны фæрсынæн.
Алы аз дæр иу хатт, Цыкурайы фæрдыг кæй хæдзары уыд, уый йæ номыл сæрмагондæй кодта æртæ уæливыхы, фылдæр хатт - Ногбоны. Æвæрд уыд тарф бынаты, æцæгæлоны цæст ыл куыд никуы аныдзæвдаид, ахæм ран, къоппы хуылфы, урс бæмбæджы тыхтæй. Хæдзары хистæр-иу æй æртæ чъирийы сæрыл æрæвæрдта. Æрмæстдæр уыцы бон уыд фадат бинонтæн йæ фенынæн. Скуывтой йын-иу, стæй йын йæ хуыз, йæ уагмæ гæсгæ бæрæг кодтой, афæдз сыл куыд ацæудзæн, уый. Кæд райдзаст хуыз æвдыста, уæд бинонтæ æнхъæлмæ кастысты амондджын, цинаг хъуыддагмæ, тар хуыз-иу куы æвдыста, уæд та – æнамонддзинадмæ. Зæгъынц, Цыкурайы фæрдыджы, дам-иу, дурыны царвыл æрæвæрдтой: кæд-иу йæ бынмæ ацыд, уæд афæдз нымадтой амондджыныл.
Зæгъынц, Ирыстоны, дам, цас фылдæр Цыкурайы фæрдгуытæ уа, уый бæрц ыл Стыр Хуыцау фылдæр ауды. Уæлдайдæр та кувæндæтты куы уой, уæд.
3. Ног æрмæгыл куыст.
Арæзт нын у 3 хайæ: сбæрæг кæндзыстæм, куыд зонут уæ бæстæ,равдисдзыстут уæ зонындзинæдтæ адæмон сфæлдыстад æмæ ирон æвзагæй.Алы стъолыл дæр ис чысыл шкатулкæ фæрдгуытимæ, судзин æндахимæ, лыггонд тымбыл карточкæтœ.
Хуымæтæджы уæ не сбадын кодтон дыууœ къордæй. Цœмœй нœ балцы æмзондæй, æмвæндæй œмœ хæларæй архайат. Ныр та дыууœ къордæй ерыс кæндзыстут. («Зондабитœ», «Хуры тынтœ»).
Алы къорды раз дæр – аив къопп фæрдгуытимæ, судзин æндахимæ, тымбыл лыггонд карточкæтæ. Уæ дзуæппытæм гæсгæ æндахыл кæнындзыстут фæрдгуытæ. Хъазты кæронмæ кæй фæрдгуытæ даргъдæр уыдзысты, уыцы къорд фæуæлахиз уыдзæн. Уым нын феххуыс кæндзысты жюрийы уæнгтæ.
Уæдæ райдайæм нæ ерыс: «Ирон ныхасы цыкурайы фœрдгуытœ».
1. Ирон ныхасы цыкурайы фæрдгуытæн сæ фыццаг цы у, уый ныртœккœ базондзыстут.
Хæфсæн йæ лæппын – хуры тын.
Цы у уый? Куыд схондзыстæм фыццаг цыкурайы фæрдыг?
1-аг цыкурайы фæрдыг у æмбисонд.
Беседæ: Цы у æмбисонд?
Æмбисæндтæ сты ирон адæмон дзургæ сфæлдыстады зынгæ æвæрæн.
Зæгъут-ма цы хонæм æмбисæндтæ?
Æмбисонд у чысыл зондамонæн хъуыды.
Уыдон сты цыбыр уацмыстæ, фæлæ сæ хъуыдымæ гæсгæ та сты арф æмæ ахадгæ.
Æвдисынц адæмы цард, зонд, хъуыдытæ, бæллицтæ æмæ сæ цæстæнгас цардмæ.
Къордты куыст . 1 хæс.
1 къорды хæс.
Æмбисæндтыл куыст.
«Иу мыдыбындз чыргъæд нæ ……………….».
«Уасаг гæды мыст нæ ………..».
Дзырдтœ спайда кœнынœн: ахсы, дзаг кœны.
Къордты куыст . 1 хæс.
2 къорды хæс.
«Урс хохæй сау дур нæ ……………»
«Мыст къахта, къахта æмæ йæхицæн гæдыйы....................».Дзырдтœ спайда кœнынœн: сæр ракъахта, ратулдзæн.
2) Хъазт «Чи фылдæр».
Ахуыргæнæг: Фылдæр æмбисæндтæ уæ чи зоны, уый сбæрæг уыдзæн ацы хъазты фæрцы.
Алы æмбисондæн дæр уæ халыл иу фæрдыг кæндзыстут.
3) Хъазт «Цавæр æмбисонд у?»
Къордтæ кæрæдзийæн рагацау бацæттæ кодтой хæс: нывтыл æнцой кæнгæйæ, къухты змæлдæй, мимикæйы фæрцы, пантомимийæ иу командæ иннæмæн архайы æмбисонды хъуыды бацамоныныл. Иннæ командæйы уæнгтæ хъуамæ базоной, цавæр æмбисонд у, уый. Ацы хъазтæн аргъ скæндзысты жюрийы уæнгтæ. (Алы раст дзуаппæн дæр – иу фæрдыг)
1 къорды хæс.
«Цæваг галæн йæ сыкъа сæтты».
«Судзины фындзæй зæрдæ скъах,
судзины бынæй – зæрдæ балхæ».
1 къорды хæс.
«Йæ иу къухæй кæрдгæ кодта,
иннæ къухæй- хуыйгæ».
«Зæрдæйæн дæр зæрдæ ис»
4) Æмбисæндты хъуыды бацамонын.
( Æмбисæндтæ карточкæты фыст алы къордæн дæр)
«Хорз æмгар зын сахат сбæрæг вæййы».
«Искœй зондœй цœрœн нœй».
«Бæласы фидауц йæ сыфтæртæ сты,
адæймагæн та – йæ удыхъæд»
«Райсом дœ цы хъœуы, уый абон бакœн».
Æмбисæндты тыххæй хатдзæгтæ скæнын.
Æмбисæндтæ нæ цæуыл ахуыр кæнынц?
2. Ахуыргæнæг:
Ныр та аулæфæм.
Уæдæ ма мæнæ фæйнæгмæ ракæсут.
Ахуыргæнæг: «Лœг нœу,афтœмœй дзуры,бœлас нœу,афтœмœй йыл сыфтœ ис».(Чиныг).
«Нœ зœххыл лœууы,нœ-арвыл,афтœмœй пайда у адœмœн».(Мигъ).
Цы сты адон та? (Уыци-уыцитæ)
Уыци-уыцитæ дæр сты адæмон дзургæ сфæлдыстады хуызтæй иу.
Уыци-уыциты тыххæй æрмæг ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм. Уыдон дæр сæ асмæ гæсгæ сты цыбыр, фæлæ æвдисынц адæмы цыргъзонддзинад. Ахуыр кæнынц лæмбынæг хъуыды кæныныл, дзырдарæхст уæвыныл. Уыци-уыци у дæлгоммæ ныхас. Ныхас цæуыл фæцæуы, уымæн февдисы йæ миниуæг, йæ формæ кæнæ та йæ архайд. Уыци-уыцитæ ма ноджыдæр куыд хонынц? (Базон-базонтæ).
3. Дыккаг цыкурайы фæрдыг – базон-базонтæ.
1) Базон-базон цы нысан кæны, уый рæвдздæр чи сбæрæг кæна, уый иу фæрдыг халыл бакæндзæн.
«У дæ фыссæнгæрзтæй иу,
Базон-ма йæ, уый та циу?» (Кърандас).
«Бирæ рæтты зайы,
Зæрдæ дзы фæрайы» (Бæлас).
«Сыгъдæг у, æмæ дон нæу, урс у æмæ мит нæу, хæрзад у, æмæ мыд нæу, чысылтæн царды хос у». (Æхсыр) .
«Æнæ фæрæт, æнæ дзæбуг хæдзар скæны». (Цъиу).
2) Базон-базонтæ æрхъуыды кæнын.
Ахуыргæнæг: Базонгæ стут ирон адæмон уыци-уыцитимæ. Ныр та уæхæдæг æрхъуыды кæнут базон-базонтæ.
(Командæтæ кæрæдзийæн дзурынц уыци-уыцитæ. Чи аивдæр бацæттæ кæна, чи хуыздæр базона, уымæн – цыкурайы фæрдыг).
Æртыккаг цыкурайы фæрдыг хъуамæ уæхæдæг базонат. Ис ын ахæм миниуджытæ:
- йæ фæрцы не ’взаг кæны рæвдздæр,
- фæзæгъæм æй рифмæйы хуызы, фембæлы дзы уыцы иу мыр,
- хорз æххуыс у зындзурæн мыртæ сахуыр кæнынæн.
4Æртыккаг цыкурайы фæрдыг - тагъддзуринаг.
Уырыссагау та куыд хуыйны?(Скороговорка).
1) Тагъддзуринаг рæвдздæр æмæ аивдæр чи бакæсдзæн. (Карточкæтыл) Хъазтæн аргъ кæнынц жюрийы уæнгтæ.
1 къорд.Чъилон-миллон худинаг,
Чъизи саби дзуринаг.
Тæрхъусы хуыст хъилхъусæй!
Тæрхъусы хуыст хъилхъусæй?
Кукла базыл бафынæй,
Кукла бастад кафынæй?
Æлдараты Гæбæци.
Иууыл хæрзтæй нæ фæци!
2 къорд. Уæртт-уæртт!
Джын-джын!
Хæфс-хæфс!
Дынджыр!
Сæр ын,
Кæс-кæс!
Уæртджын –
Хæфс-хæфс!
Уæлæ цары дидитæ.
Нана кæны чъиритæ.
Карк-хъуыдатт,
Карк-хъуыдатт,
Айк мын ратт,
Айк мын ратт!
Фыдæбон – каркæн,
Айк – мæхицæн.
Ахсадтон æй æмæ -
Хъуылыпп!
Синквейн аразыны схемæ
Фыццаг рæнхъы фыссæм синквейны темæ.
2. Дыккаг рæнхъы характеристикæ дæттæм
темæйæн дыууæ миногонæй.
3. Æртыккаг рæнхъы фыссæм æртæ мивдисæджы,
темæмæ гæсгæ архайд куыд æвдисой, ахæмтæ.
4. Цыппæрæмы фыссæм цыбыр хъуыдыйад,
авторы (дæ) ахаст темæмæ, кæнæ темæйы
сæйраг хъуыды чи æвдисы.
5. Фæндзæм рæнхъы фыссæм иу дзырд, темæйы
хъуыдыимæ æнгом баст, кæнæ темæйы
синоним (арæхдæр загъд вæййы номдарæй).
III. Кæронбæттæн..
1. Ахуыргæнæг: Æмбисонд куыд зæгъы, афтæ «Алы хъуыддагæн дæр кæрон вæййы». Уæдæ мах дæр нæ ерысы кæронмæ æрбахæццæ стæм. Абон базонгæ стут ирон ныхасы цыкурайы фæрдгуытимæ. Куыд уæм кæсы, цæмæн сæ афтæ хонынц? (Уыдон дæр æцæг фæрдгуытау цæхæртæ калынц, хъæздыг нын кæнынц нæ æвзаг, нæ литературæ, нæ миддуне, ахуыр нæ кæнынц хъуыды кæныныл).
Ныр та уæ хъуыдытæ урочы фæдыл куы зæгъиккат, уый мæ фæнды.
Рефлекси (карточкœтœ)
1. Урочы æз куыстон …
2. Урок мæм фæкаст…
3. Урочы рæстæг æз…
4. Цымыдисаг уыдысты…
2. Ахуыргæнæг:
Чи уæ хуыздæр зоны ирон адæмон сфæлдыстад,
кæй æвзаг хъæздыгдæр у, уый нын сбæрæг кæндзысты жюрийы уæнгтæ æмæ уæ фæрдгуыты хæлттæ. (Сбæрæг кæнын рамбулæджы), зарæг «Цыкурайы фæрдыг».
(Бæрæггæнæнтæ сæвæрын)
Ахуыргæнæг: Ахуыр кæнут уæ фыдæлты æвзаг! Æмбисæндтæ, уыци-уыцитæ, тагъддзуринæгтæ,цас фылдæр зонат, уый бæрц хъæздыгдæр кæндзæн уе ’взаг. Арæхстджын куы уат рæсугъд, аив дзурынмæ, ныхас кæнынмæ, уæд сымах дæр цыкурайы фæрдгуытау цæхæртæ калдзыстут нæ адæмы ‘хсæн æмæ фидæны Ирыстонæн уыдзыстут амондхæссæг уæ рæсугъд хъуыддæгтæй!
Ныр та уе ппœтœн дœр стыр бузныг,тынг хорз бакуыстат абон урочы!
Хœрзбон!