«Фыдыб?ст?, д?у?й м?н?н зынаргъд?р,адджынд?р н? уыдис ?м? н?й! » Номдар (ф?лхат к?ныны урок). 8 – ?м кълас


Гом урочы темæ:
«Фыдыбæстæ, дæуæй мæнæн
зынаргъдæр,адджындæр
нæ уыдис æмæ нæй! »

Номдар (фæлхат кæныны урок).
8 – ӕм кълас
Ахуыргӕнӕг Хамыхъоты Ж.А.
42 – ӕм скъола
Урочы темæ: Фыдыбæстæ, дæуæй мæнæн зынаргъдæр,адджындæр
нæ уыдис æмæ нæй! Номдар(фæлхат кæныны урок).
Урочы нысан: Ахуыргæнинæгты хуыздæр базонгæ кæнын кæм цæрынц,кæм
рæзынц,уыцы бæстæимæ;
рафæлхат кæнын рацыд æрмæг номдарæй темæмæ гæсгæ;
рæзын кæнын ахуыргæнинæгтæм сфæлдыстадон цæстæнгас сæ
куыстмæ;
ахуыргæнинæгтæм уарзондзинады æнкъарæнтæ сæвзæрын кæнын
сæ Райгуырæн бæстæмæ
Техникон фæрæзтæ: интерактивон фæйнæг,компьютер
Эпиграф урокмæ: «Рæсугъд у цард,фæлæ цардæй рæсугъддæр æмæ тыхджындæр та у
Райгуырæн бæстæ». (Æмбисонд)

Урочы цыд.
I. Бацæттæгæнæн рæстæг
-Уæ бон хорз,сывæллæттæ.
-Абон нæм урокмæ æрбацыдысты уазджытæ æмæ уыдонæн дæр зæрдиагæй салам раттут .

II.Урочы нысан ахуырдзаутæн бамбарын кæнын.
-Абон нæ урочы мах дарддæр дзурдзыстæм нæ Райгуырæн бæстæйы тыххæй,балвырддæр та йæ æрдзы тыххæй æмæ мА рафæлхат кæндзыстæм рацыд æрмæг номдарæй.

III.Эпиграфимæ куыст.
-Нæ абоны урокмæ эпиграфæн райстон ирон æмбисонд(ахуыргæнæг кæсы æмбисонд).
-Куыд æмбарут ацы æмбисондæн йæ хъуыды?
(Алы адæймагæн дæр йæ цард зынаргъ у,фæлæ йæ цардæй рæсугъддæр,зынаргъдæр æмæ тыхджындæр алкæмæн дæр хъуамæ йæ Райгуырæн бæстæ уа).
-Цавæр уырыссаг æмбисæндтæ зонут Райгуырæн бæстæйы тыххæй?
Своя земля и в горсти мила.
Где выросла сосна,там она и красна.
Человек без родины-соловей без песни.
-Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут Райгуырæн бæстæйы тыххæй цы æмбисæндтæ ахуыр кодтат ирон æвзаджы урокты,уыдон.
Райгуырæн бæстæ ныййарæг мадау адджын у.
Райгуырæн бæстæйы чи нæ цæры,уый царды ад нæ зоны.
Уызын дæр йæхи къудзийы бынмæ лыгъди. –Куыд æмбарут ацы æмбисæндтæн сæ хъуыды?
(Райгуырæн бæстæ у ныййарæг мады хуызæн адджын .Уымæн ис абарæн æрмæстдæр ныййарæг мадимæ.
Алы адæймаг дæр хъуамæ йæ райгуырæн бæстæ йæ удæй фылдæр уарза.
Æрмæст адæмæн нæ,фæлæ мА суанг сырдтæн дæр ис сæхи райгуырæн бæстæ).
-Ссарут-ма дзырдбаст «Райгуырæн бæстæ»-мæ синонимтæ.
(Фыдыбæстæ,Фыдæлты зæхх,райгуырæн зæхх,фыдæлты уæзæг,райгуырæн къона).
IV.Фонетикон зарядкæ.
Фæйнæгыл фыст æмдзæвгæ.

Фыдыбæстæ.
Дæрдтыл мæ ахæссы мæ зæрдæ,
Кæцæй нæ ракæсын,цы къуымæй ,
Фæлæ дзы не ссарын хуыздæртæ, Мæ фыд цы бæсты райгуырд,уымæй .
Зынаргъ у райгуырæн,лæппутæ,
Лæгæн лæг ам у,ам йæ лымæн. Куы хъæуа,ратдзынæн мæ уд дæр,
Мæ фыд цы бæсты царди,уымæн.
Айларты Чермен.

Фæйнæгыл фыст æмдзæвгæ кæсы скъоладзау.
-Æмдзæвгæ бакæсут раст æмæ аив хъæлæсы уагæй.Ссарут æмдзæвгæйы дзырдтæ кавказаг мыртимæ æмæ сæ бакæсут.

V.Беседæ.
-Ахъуыды-ма кæнут æмæ зæгъут,куыд хуыйны махæн не стыр Фыдыбæстæ?
(Махæн не стыр Фыдыбæстæ у Уæрæсе,йæ сæйраг горæт-Мæскуы).
-Куыд хуыйны нæ чысыл райгуырæн бæстæ та?
(Нæ чысыл райгуырæн бæстæ та у Цæгат Ирыстон,йæ сæйраг горæт та у Дзæуджыхъæу).
-Цал горæты ис Ирыстоны ?
(Ирыстоны ис 6 горæты:Дзæуджыхъæу,Беслæныхъæу,Алагир,Æрыдон,Дигора,Мæздæг).
-Цавæр адæмы хæттыты минæвæрттæ цæрынц Ирыстоны?
(Ирыстоны цæрынц ирæттæ,уырыссæгтæ,сомихæгтæ,гуырдзиæгтæ æмæ æнд.)
Экраныл Ирыстоны картæ.
-Картæйыл ма равдисут Цæгат Ирыстоны арæнтæ.
(Иу скъоладзау æвдисы картæйыл Цæгат Ирыстоны арæнтæ).
-Рависут-ма картæйыл æмæ зæгъут чи сты цæгат Ирыстоны хæстæгдæр сыхæгтæ.
(Кæсæг Балхъары Республикæ,Стъараполы край,Цæцæны республикæ,Мæхъæлы республикæ,хæдбар паддзахад-Гуырдзыстон).
-Зæгъут-ма уæдæ картмæ гæсгæ,кæм æрбынат кодта Ирыстон.
(Ирыстон æрбынат кодта Кавказы астæу).
-Раст зæгъут,æцæгæйдæр Ирыстон æрбынат кодта æнахуыр рæсугъд ран-Кавказы астæу.
-Ирыстоны рæсугъддзинады тыххæй фыстой бирæ зындгонд адæмтæ.Уыдонæй иу уыд Сергей Мироны фырт Киров.Байхъусут_ма уый цы фыста Ирыстоны æрдзы рæсугъддзинады тыххæй,уымæ .
«Какой простор!..Какая очаровательная красота во всех этих снежных гигантах,мощно возвышающихся к небу!..Какое разнообразие цветов и тонов в этих скальных утесахбесконечной цепи гор-теряющейся где-то далеко,далеко!..Как глубоко все это трогает душу и сердце человека!Им овладевает такое чувство восторга,описать которое-сверх человеческих сил..!»
-Мæнæ ацы ныхæстæ та ирыстоны тыххæй ныффыста журналист Австрийæ-Наталья Хольцмюллер.
« Горами нас не удивишь,мы живем среди них,но таких бархатных изумрудных склонов нам созерцать не доводилось.Кавказ есть Кавказ,и недаром он всегда так притягивал к себе и был олицетворением могущества и недоступности.Картины природы уникальны:величественные горные массивы,кипящие пеной горные реки и коровы-застывшие в филосфской задумчивости прямо посреди дороги».
-Ацы цыппар рæнхъы та Ирыстоны тыххæй ныффыста уырыссаг поэт Юрий Визбор.
Вот и опять между сосен открылась картина:
Путь к небесам,что стенами из камня зажат,
Здесь на рассвет золотые взирают картины,
И ледники,как замерзшее небо, лежат.
-Ирыстоны æппын чи нæ уыд,ахæм адæймаг æрмæст ацы ныхæстæ куы фехъуса,уæддæр йæ цæстытыл ауайдзæн Ирыстоны æрдзы рæсугъддзинад.

VI.Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
-Ракæсут-ма фæйнæгмæ.Уым фыст ис дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ иронау фыццаг цæджындзы,дыккаг цæджындзы та хæццæйæ фыст сты сæ нысаниуджытæ.Сымах сын хъуамæ сæ нысаниуджытæ раст авæрат сæ ныхмæ.
Хуыцау мир,вселенная
Дуне луга
Сфæлдисын поля
Æнахуыр рæсугъд в объятиях голубого неба
Æнæкæрон бог
Быдыртæ создать
Уынæрджын цæугæдæттæ серебристые ледники
Донæй æфсадын необычайно красивый
Сæрвæттæ поля
Арвы цъæх хъæбысы шумные реки
Æвзист æхсæрдзæнтæ поить водой
Уыгæрдæнтæ пастбища
-Сымахæй хъуамæ алчидæр æрхъуыды кодтаид 3 хъуыдыйады ацы дзырдтæй искæцытимæ.
Быдыры зайы æнахуыр рæсугъд дидинæг.
Арвы цъæх хъæбысы улæфынц дзæбидыртæ.
Æвзист æхсæрдзæнтæ хурмæ æрттивынц.
Æнахуыр рæсугъд ран æрбынат кодта хæххон хъæу.
Фос хизынц цъæх-цъæхид сæрвæтты.
Уыцы цъай донæй æфсады адæмы.

-Зынаргъ сывæллæттæ æмæ уазджытæ,куыд загътам ,афтæмæй мах ныхас кæндзыстæм нæ Райгуырæн бæстæйы тыххæй.Мах загътам нæ иумæйаг фыдыбæстæ Уæрæсе кÆйу.Фæлæ алы адæймагæн дæр ис йæхи Райгуырæн зæхх.Адæймаг кæм райгуыры æмæ кæм схъомыл вæййы,уый у йæ райгуырæн зæхх.Æмæ кÆй зæгъын хъæуы.Райгуырæнбæстæ ныййарæг мадау адджын у.Махæн дæр нæ чысыл Ирыстон у тынг зынаргъ æмæ адджын.Уымæ гæсгæ сымахмæ дæр хъуамæ уа иузæрдиондзинадæмæ патриотизмы æнкъарæнтæ.Уæд уæ алчидæр уыдзæн тыхджындæр æмæ ныфсджындæр.
VII. Ног æрмæг.Ныртæккæ уын æз бакæсдзынæн текст «Хуыцауы зæхх».
-Куыд уыдзæн уырыссагау «Хуыцауы зæхх»?
-Сымахмæ гæсгæ тексты сæргонд афтæ цæмæн хуыйны,цæуыл дзы цæудзæн ныхас?
(Скъоладзауты дзуæппытæ) .
-Байхъусут уæдæ текстмæ лæмбынæг æмæ экраныл цы нывтæ уыдзæнис,уыдонмæ дæр кæсут.Уый фæстæ сбæрæг кæндзыстæм,Лæмбынæгдæр уæ чи хъуыста æмæ хуыздæр чи бамбæрста текст.
(Текст кæсы ахуыргæнæг,фæйнæгыл æвдыст цæуынц слайдтæ,хъуысы ирон мелоди)
-Чи уæ зæгъдзæн,цæй тыххÆй у ацы текст?
(Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ).
Райуарын тексттæ скъоладзаутæн æмæ йæ равзарын.
Текстимæ куыст.
Ссарут тексты ахæм хъуыдыйад æмæ йæ бакæсут иронау.
А) Он закончил свою работу и сказал: « Теперь я создам такое место, где бы сам жил ».
Æ) Высоко, близко к горным вершинам живут гордые и сильные туры
Б) На зеленых пастбищах , в объятиях голубого неба цветут рододендроны и эдельвейсы.
Фæйнæгыл фыст хъуыдыйæдты райдайæнтæ
Хъуыдыйæдтæ кæронмæ ахæццæ кæнут
А) Йæ иу кæрон æнусон хæхтæ, … ( иннæ кæрон та – Мæздæджы æнæкæрон быдыртæ).
Æ) Бындæр сыфджын хъæдты, … ( фенæн ис саджы , сычъийы, арсы æмæ стайы).
Б) Адæймаг куы ракæсы урссæр хæхтæм, æвзист æхсæрдзæнтæм, … ( уæд æй æцæгдæр бауырны , Ирыстон хуыцауы зæхх кæй у).
Тексты ссарут дзуæппытæ фæрстытæн æмæ сæ бакæсут.
А) Кæм æрбынаткодта Ирыстон ?
Æ) Цæмæй райгуырынц уынæрджын цæугæдæттæ?
Б) Кæд бауырны адæймаджы Ирыстон хуыцауы зæхх кæй у , уый?
4) Хъуыдыйæдтæ баххæст кæнут, нывтæй пайда кæнгæйæ.
А) Ирыстоны ис сыгъдæг …( цæугæдон - ныв )
Æ) Ирыстоны ис бирæ хъæдтæ … ( хъæдтæ - ныв)
Б) Ирыстоны хæхты цæрынц хъал …( дзæбидыртæ - ныв)
В) Ирыстоны сæрвæтты дидинæг калынц … ( рододендронтæ – ныв )
Г) Ирыстоны ис бæрзонд … ( хæхтæ – ныв )
Д) Ирыстоны фидауц сты …( æхсæрдзæнтæ – ныв )

Фæйнæгыл хæццæйæ фыст текстмæ арæзт пъланы пункттæ
Раст фæткыл равæрут пъланы пункттæ ( Скъоладзаутæ сæ интерактивон фæйнæгыл раст æвæрынц)
3.Уынæрджын цæугæдæттæ.
7.Хуыцауы зæхх – Ирыстон.
1.Рагон таурæгъ.
4.Ирыстоны хъæдтæ.
2.Ирыстон – Кавказы астæу.
6.Сæрвæтты дидинджытæ.
5.Ирыстоны цæрæгойтæ.
- Ссарут æмæ бакæсут Ирыстон кæм æрбынат кодта, уый цы абзацы цæуы ныхас, уый.
- Бакæсут, Ирыстон Хуыцауы зæхх кæй у, уый тыххæй цы абзацы фыст ис , уый.
- Рагон таурæгъы тыххæй кæм цæуы ныхас, уыцы абзац бакæсут.
Тетрæдты куыст.
- Уæ тетрæдтæ байгом кæнут, ныффыссут абоны нымæц, къласы куыст
- Уæ зæрдыл ма æрлæууын кæнут æмæ зæгъут цы хонæм номдар?
- Цал нымæцы ис номдарæн, цал хауæны хауæны ис номдарæн?
- Ссарут тексты вазыгджын номдартæ æмæ сæ рафыссут. Бакæсут сæ.
( Цæугæдæттæ, дыргъдæттæ, гагадыргътæ)
- Тексты ссарут номдартæ алыхуызон хауæнты, рафыссут дзы фæйнæ 5 номдары, сæ фарсмæ сын къæлæтты сæ хауæнтæ фыссут.
Фæйнæгыл цы таблицæ ис, уый баххæст кæнут иууон æмæ бирæон нымæцты номдартæй.
таурæгъ хæхтæ
цъититæ
бынат дыргътæ
саг сычъи уыгæрдæнтæ
Сфæлдыстадон куыст (къордтæй, дифференциацигонд куыст)
Фæйнæгыл ныв.
I рæнхъ – фыссынц нывмæ гæсгæ хъуыдыйæдтæ
II рæнхъ – фыссынц дзырдбæстытæ
III рæнхъ – фыссынц дзырдтæ
Рацыд æрмæг ныффидар кæнын.
Скъоладзаутæ къордтæй кусынц диалогтимæ, тестытимæ æмæ æххæст кæнынц текстмæ хæслæвæрд « Раст у » , « Раст нæу» ( 4 адæймаджы кусынц диалогтимæ, 4 адæймаджы – тексты хæслæвæрдимæ « Раст у » , « Раст нæу», инæттæ – тестытимæ)
Диалогтæ. Диалог баххæст кæнут æмæ йæ бакæсут.
- Дæ бон хорз!
- ___________________
- Бахатыр кæн, ирон чызг нæ дæ?
- ___________________
- Ирыстоны цавæр адæмы хæттыты минæвæрттæ цæрынц?
- ___________________
- Уыцы адæмы хæттыты минæвæрттæй уæ къласы дæр исчи ахуыр кæны?
- ___________________
- Куыд цæрут иумæ?

- Дæ бон хорз!
- ___________________
- Кæм цæрыс?
- ___________________
- Æмæ уый кæм ис?
- ___________________
- Цæгат Ирыстонæн йæ сæйраг горæт цавæр у?
- ___________________
- Уый рагон горæт у?
- ___________________
- Абон дæр уый ахæм у, раздæр куыд уыди?
- ___________________
Раст у ( + ) Раст нæу ( - )
Адæймаг дуне арæзта
Хуыцау сфæлдыста Ирыстон
Ирыстон æрбынат кодта Кавказы кæрон
Цъæх-цъæхид сæрвæтты дидинæг калынц уардитæ
Сабыр цæугæдæттæ райгуырынц хæхты цъититæй
Ис ахæм рагон таурæгъ
Рæсугъд ран не ` рбынат кодта Ирыстон.
Цæугæдæттæ донæй æфсадынц уыгæрдæнтæ æмæ дыргъдæттæ
Ирыстоны ис тынг сыгъдæг уæлдæф
Ирыстонæн йæ иу кæроны ис æнусон хæхтæ
Тест
1.Ирыстоны гербыл ис сырд:
а) рувас æ) арс б) фыранк
2. Цал горæты ис Ирыстоны?
а) 6 æ) 5 б) 7
3. Ирыстны сæйраг горæт у:
а) Дигора æ) Дзæуджыхъæу б) Алагир
4. Дзæуджыхъæу арæзт æрцыд:
а) 1854 азы æ) 1784 азы б) 1914 азы
5. Ирыстоны цæугæдæттæн се стырдæр у:
а) Æрыдон æ) Джызæлдон б) Терк
6. Ирыстоны фæзуат у:
а) 8000 кв.км æ) 5000 кв.км б) 6000 кв.км
7. Ирыстоны хæстæгдæр сыхаг нæу:
а) Кæсæг-Балхъар æ) Дагестаны республикæ б) Цæцæны республикæ

Куы фæуой сæ тестытæ конд, уæд сбæрæг кæндзысты кæрæдзийы куыстытæ, диалогтæ æмæ хæслæвæрд бакæсын.
VIII. Рефлекси . Бæрггæнæнтæ.
- Нæ урок мæ фæнды фæуын мæнæ ацы ныхæстæй.
Мæ чысыл Ирыстон, мæ мадау дæ уарзын
Æнæ дæу мын цард у æнкъард.
Кæмфæнды куы вæййын, дæуыл у мæ зарæг.
Дæуæй хæрын алкæддæр ард.
Мæ чысыл Ирыстон, мæ Райгуырæн бæстæ,
Дæуыл у мæ хъуыды, мæ цин.
Тæхуды, куы арин дæу аккаг ныхæстæ.
Дæ номыл мæ зарæг фыссин.
IX. Хæдзармæ куыст.
Текст тæлмац кæнын, хи ныхæстæй дзурын, нывмæ гæсгæ ныффыссут: 1-аг рæнхъ - цыбыр сочинени; 2-аг рæнхъ - хъуыдыйæдтæ; 3-аг рæнхъ - дзырдбæстытæ.