Конспект урока по осетинскому языку на тему Спорт ?м? р?сугъддзинад (8 класс)


Урочы темæ: Спорт æмæ рæсугъддзинад.
Грамматикон темæ: Мивдисæджы пассивон формæ.
Урочы нысантæ:
Амонын мивдисæджы пассивон формæ цы у, уый, текстæн анализ кæнын, ныхасы рæзтыл куыст: диалогон æмæ монологон ныхасы фæлтæрд фидаркæнын.
Рæзын кæнын съоладзауты лæмбынæгдзинад æмæ логикон хъуыдыкæнынад, фидар кæнын къордты кусыны фæлтæрд.
Хъомыл кæнын уарзондзинад спортмæ, гурын кæнын тырнындзинад спортивон царды уагмæ.
Урочы ифтонгад: техникон фæрæзтæ, хæслæвæрдтæ карточкæтыл, табло, майдантæ.
Урочы цыд:
I. Организацион хай.
А) Сбæрæг кæнын скъоладзауты цæттæдзинад урокмæ;
Æ) Радгæс дзуры абоны нымæц, къуырийы бон æмæ боныхъæды тыххæй;
II. Фонентикон зарядкæ.
[æ] – [ы]
Уæнгтæ:
Фæ, фы, сæ, мæ, ны, хæ, тъæ, сы, ры, рæ
Дзырдтæ:
Фæз, фыст, сæрæн, армæй, Мæцутæ, тъæпп, бырсын, рызт
III. Мотиваци.
- Куыд хонæм ацы хъæлæсонтæ? (Лæмæгъ)
- Æмæ лæмæгъ та цæмæн сты?(Сæ зæлтæ лæмæгъ сты)
- Æмæ сæ уый тыххæй хаттæй-хатт фемхæццæ кæнæм тыхджын хъæлæсонтимæ кæнæ сæ байрох кæнæм.. Тыхджын куы уаиккой, уæд сæ æндæр хъæлæсонтимæ хæццæ кæниккам?
- Цымæ царды дæр афтæ нæ вæййы?(Лæмæгьдзинад дæм куы уа, уæд дæ рох кæндзысты æмæ аф.д.)
- Цымæ цавæр лæмæгъдзинады тыххæй ис афтæ зæгъын? Буары лæмæгъдзинады тыххæй æви уды лæмæгъдзинадæй?
- Цы фидар кæны уд? Цы тыхджындæр кæны уды фидардзинад?
- Æмæ буар цæй руаджы ис фæтыхджындæр кæнын?
- Уæдæ нæ темæмæ рахызтыстæм... Куыд бамбæрстат афтæмæй нæ урочы темæ у "Спорт".
IV. Ног æрмæг амонын.
1. Эпиграф сæнын.
- Нæ урокæн эпигрæф нæй. Нæхæдаг скæнæм эпиграф. Уый тыххæй ассоциацитæй ахъазæм.Цавæр ассоциацитæ уæм ис дзырд спортимæ.
- Спорт у цард. Райсæм эпиграфæн ацы хъуыды.
- Скьоладзау фыссы фæйнæгыл эпграф.
- Темæ нæм ис, нысан нæм ис, эпигрæф дæр скодтам. Йер байдайæм кусын.
2.Дзырдуатон куыст бакæнын:
Фат æмæ æрдынæй æхсын– стрельба из лука
Дугъ уадзын - бег
Гæпп кæнын - прыжки
Армæйхъазт - армрестлинг
Хъæбысæйхæст - борьба
Ронæй хъæбысæйхæст – борьба на ремнях
Богал - борец
Ныхæй-ныхмæ – друг против друга
Абырсын - повалить
Бæлвырд - определенный
Дзырдбæстытæ, хъуыдыйæдтæ семææрхъуыды кæнын.
V. Текстимæ куыст.
Скъоладзаутæ текст кæсынц æмæ тæлмац кæнынц. Иууылдæр нæ, фæлæ зындæр цы хъуыдыйæдтæ сты уыдон.
Хæслæвæрдтæ тексты анализæн.
1. Æрхъуыды кæнын текстæн сæргонд.
Дæнцæгтæ:
1. Спорт Ирыстоны.
2. Спорты истори.
3. Аллон хъæзтытæ.
2.Сæйраг дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ.Хæслæвæрд карточкæтыл.(иу абзац иумæ, стæй сæхæдæг) Карточкæтыл, ис адих кæнын ныхасы хæйттыл. Чи тагъддæр.
Уазджытæ бæраггæнæнтæ æвæрынц.
3. Мивдисæджы пассивон формæ фæлхатын:
Хицæнæй æвдисын мивдисджытæ пассивон формæйы:
- баст сты
- арæзт цыдысты
- фæстæзад не сты
Фарст: - Цæмæн æвдисын хицæнæй ацы мивдисджытæ?
- Мах арæхдæр грамматикон темæтæ æвзаргæйæ мах арæх фæпайда кæнæм уырыссаг æвзагæй, фæлæ ацы грамматикон темæйы хицæндзинад цавæр у?(англисаг æвзаг Passivevoice)
4. Алы абзацы йæ микротемæ сбæлвырд кæнын;
1. Аллон адæмон хъæзтытæ. Ронæй хъæбысæйхæст;
2. Хъæзтытæ æмæ ерысты бынæттæ;
3. Иры фæсивæд спортивон хъæзтыты;
Тексты пълан ныффыссын тетрæдты.
Чи тагъддæр.
5.Сфæлдыстадон хæслæвæрд. Текст саразын. (Кусынц музыкæйы зæлтæм хъусгæйæ, иу скъоладзау мыхуыр кæны уыцы текст)
- Æртыккаг абзацы сæйраг мивдисæг цавæр ис? (Хастой)
- Хастой кæцы афон у? (Ивгъуыд афон)
- Ахæм фарст мæм ис. Ныртæккæ Ирыстоны нæй спорт? Ныртæккæ ничи ис æрыгон спортсментæй Ирыстоны кад чи хæссы?
- Уæдæ ацы текст нæ хъæуы баххæст кæнын?
Æххуысгæнæн дзырдтæ (равзарын):
абоны бон дæр
номдзыд
олимпаг чемпионтæ
фæзминаг сты
фæсивæд
Алы рæгъ фæйнæ иу хъуыдыйады дзуры.
Уазджытæ æвæрынц баллтæ.
6. Скъоладзауты проектон куыст.
7.Цыбырæй радгай хи ныхæстæй дзурын тексты мидис.
- Хи ныхæстæй чи бафæлвардзæн радзурын тексты мидис?
8.Сфæлдыстадон хæслæвæрд. Спорты хуызæн презентаци.
Хистæр кълæсты минæвæртты мидæмæ бакæнын.
Кълас адих кæнын æртæ къордыл:
1. «Спортсментæ» (8-æм къласы ахуырдзаутæ);
2.«Тренертæ» (хистæр кълæсты ахуырдзаутæ);
3. «Тæрхонгæнджытæ» (уазæг-ахуыргæнджытæ).
Карточкæтыл фыст спорты хуыз æмæ æххуысгæнæн дзырдтæ. «Спортсментæ» сæ «тренертимæ» æххæст кæны хæслæвæрд. Ис пайда кæнын дзырдуæттæй чиныджы хуызы кæнæ телефоны (планшеты) мидæг.
1. Хъæбысæйхæст (абырсын, ныхмæлæууæг, греъаг-римаг, уæгъдибар хъæбысæйхæст, зындгонд)
2. Футбол (бацæвын, порти, дуæртты, дуаргæс, размæбырсæг, хъахъхъæнæг, зындгонд)
3. Армæйхъазт (гуыдыр, ныххæцын, æрывæрын, зындгонд)
«Тæрхонгæнджытæ» аргъ кæнынц ахуырдзауты дзуæппытæн.
9. Хистæр кълæсты скъоладзауты ныхас 8-æмкъласонтимæ.
Фæрстытæ сын дæттынц 8-æмкъласонтæ:
1. Чи дын æвæрдта æмæ æвæры ныфс спорты архайды?
2. Цы у æппæты зындæр спорты?
3. Цавæр адæймаджы миниуджыт сты ахсджиагдæр спортсменæн?
4. Цы уæ фæндид зæгъын махæн?
VI. Рефлекси.
Рефлексийæн бацæттæ кæнын карточкæтæ майдантыхуызы (сыгъзæрин, æвзист æмæ бронзæ).
Сыгзæрин майдан – Хорз бакуыстон, алцыдæр бамбæрстон.
Æвзист майдан – Мæ куыст хуыздæр хъуаг, цыдæртæ нæ бамбæрстон.
Бронзæ майдан – Хорзнæ бакуыстон, бирæ цыдæртæ нæ бамбæрстон.
V. Хæдзармæ куыст.
1. Ныффыссын цыбыр нывæцæн «Цæмæн хъæуы спорт?»;
2. Цавæр фæрстытæ раттис спортсменæн?

1. Орг. Момент
Абоны нымæц
Боныхъæд
Кæрæдзимæ бахудæм
Уазджытæн Уæ бонтæ хорз!
II.
Иронæвзаджы фыццаг нысан цавæр у, сымахмæ гæсгæ?
Йемæ уæдæ нæ куыст байдайæм.
Æмæ фыццаг байдадзыстæм фонетикон зарядкæйæ.
Æ - ы
Куыд хонæм ацы хъæлæсонтæ? Лæмæгъ... Цæмæн сты лæмæгъ? Æмæ сæ уый тыххæй хаттæй-хатт фемхæццæ кæнæм тыхджын хъæлæсонтимæ кæнæ сæ байрох кæнæм.. Тыхджын куы уаиккой, уæд сææндæр хъæлæсонтимæ хæццæ кæниккам?
Нагъа...
Цымæ царды дæр афтæ нæ вæййы? Лæмæгь куы уай, уæд дæ кæнæ рох кæндзысты, кæнæ та афтæ хæццæ кæндзысты...
Цымæ цавæр лæмæгъдзинады тыххæй ис афтæ зæгъын? Буары лæмæгъдзинады тыххæй æви уды лæмæгъдзинадæй?
Цы фидар кæны уд? Цы тыхджындæр кæны уды фидардзинад?
Æмæ буар цæй руаджы ис фæтыхджындæр кæнын?
Уæдæ нæ темæмæ рахызтыстæм... Куыд бамбæрстат афтæмæй нæ урочы темæ у "Спорт"...
Нæ урокæн эпигрæф нæй. Нæхæдаг æй сараздзыстæм... Уый тыххæй ассоциацитæй ахъазæм... Уарзæм нæхи аирхæфсын æфтæмæй...
Спорт у цард... Райсæм эпиграфæн ацы хъуыды. Скьоладзау фыссы фæйнæгтæрхонгдзырдтæ
Темæ нæм ис, нысан нæм ис, эпигрæф дæр скодтам... Йер байдайæм кусын...
Хæдзармæ уын уыди проектон куыст бакæнын... Цавæр? Интервью райсын скъоладзаутæй...
Скьоладзау бакодта интервью
уæ зæрдæмæ журналистты ролы бацæуын?
Дзырдуатон куыст:
фат æмææрдынæй æхсын
Дугъ уадзын
Армæй хъазт
Хъæбысæйхæст
Ронæй хъæбысæхæст
Богал
Ныхæй-ныхмæ
Абырсын
Бæлвырд
Дзырдуатон куыст бакæнын: дзырдбæстытæ, хъуыдыйæдтæ семææрхъуыды кæнын.
Текст хъæрæй кæсынц скьоладзаутæ, тæлмац кæнынц
Хæслæвæрдтæ:
Дзырдуатон куыстмæ гæсгæ цы хаттдзæг скодтат? Тексты темæ цавæр у?
1. Сæйраг дзырдтææмæ дзырдбæстытæ фыццаг абзацæн (иу абзац æмбæлы иумæ, стæй сæхæдæг) Карточкæтыл, ис адих кæнын ныхасы хæйттыл
Уазджытæ бæраггæнæнтææвæрынц
Чи тагъддæр
2. Микротемæтæ
Чи тагъддæрæмæ рæвдздæр
3. Æртыккаг абзацы сæйраг мивдисæг цавæр ис? Хастой, кæцы афон у? Ивгъуыд афон... Ахæм фарст мæм ис? Ныртæккæ Ирыстоны нæй спорт? Ныриæккæ ничи ис æрыгон спортсментæй Ирыстоны кад чи хæссы? Ис... Уæдæ уæм куыд кæсы? Текстæн ма иу абзац скæнæм? Кæнгæ йæ уæхæдæг кæндзыстут музыкæ уын æххуыссæн, стæй уын мæнææххуысгæнæн дзырдтæ.
Музыкæ, скъоладзаутæ архайынц. Фыццаг хъуыдыйад, дыккаг æмæ афтæ дарддæр...
Æххуысгæнæн дзырдтæ равзарын...
Æвæрын баллтæ
Иронæвзаджы чемпион
4. Хи ныхæстæй чи бафæлвардзæн?
5. Хистæр кьлæсты минæвæрттæ
Тренертæ, спортсментæ, тæрхонгæнджытæ
Спорты хуызæн презентаци
Хъæбысæйхæст,
футбол,
армæйхъазт
Дзырдуат телефоны
Карточкæтыл: Темæ, æххуысгæнæн дзырдтæ
Хатдзæгтæ, хистæр скьоладзаутæн ныхасы бар
Рефлекси
Майданты хуызы
1, 2, 3
Майдан Иронæвзаджы чемпион
Табло, рефлексийы карточкæтæ, майдан, аргъгæнæн карточкæтæ уазджытæн, хæслæвæрдты карточкæтæ

Интервью:
1. Зæгь дæ ном, кæцы къласмæ цауыс?
2. Цавæр спортмæ æмæ цал азы цæуыс?
3. Фæзминаг спортсмен дын чи у?
4. Цы дын дæтты спорт?
5. Кæронмæ ахæццæ кæн «Спорт у ...»
6. Спортмæ чи нæ цæуы уыдонæн цы зæгъдзынæ?
Интервью:
1. Зæгь дæ ном, кæцы къласмæ цауыс?
2. Цавæр спортмæ æмæ цал азы цæуыс?
3. Фæзминаг спортсмен дын чи у?
4. Цы дын дæтты спорт?
5. Кæронмæ ахæццæ кæн «Спорт у ...»
6. Спортмæ чи нæ цæуы уыдонæн цы зæгъдзынæ?

5855970-520065___________________________________________
Аллон адæмон хъæзтытæ бирæ не сты: фат æмæ æрдынæй æхсын, дугъ уадзын, гæпп кæнын, армæйхъазт, хъæбысæйхæст æмæ æндæртæ. Адæм бирæ уарзтой ронæй хъæбысæйхæст. Богæлттæ æрлæууынц ныхæй-ныхмæ, сæ рæттæ баст сты, афтæмæй. Фидар æрхæцынц кæрæдзийы рæттыл æмæ архайынц иу иннæйы абырсыныл.
Хъæзтытæ æмæ ерыстæ Ирыстоны арæзт цыдысты бæлвырд рæтты: Уæлладжыры комы – Поты фæзы æмæ Зилахары, Арвы комы – Къобы фæзы, Дыгургомы – Мадзаскæ æмæ Мæцутæйы.
Фæстæзад несты Иры фæсивæд спортивон хъæзтыты дæр. Ирыстоны кад æмæ намыс бæрзæндты хастой богæлттæ Андиаты Сослан, Хæдарцаты Махарбег, Фæдзайты Арсен, штангист Акъоты Артур, армæйхæцæг Гæбæккаты Викæ, футболисттæ Гæззаты Валери, Черчесты Станислав æмæ ма бирæ æндæр лæппутæ æмæ чызджытæ.
Сæйраг дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ:
_________________________________________________________________
________________________________________________________________
________________________________________________________________
Микротемæ сбæлвырд кæнын:
________________________________________________________________
_________________________________________________________________
________________________________________________________________
Текст баххæст кæнын 4-æм абзацæй.
_________________________________________________________________
________________________________________________________________
_________________________________________________________________

22860247650
5422902059940-24199855089525