Урок осетинского языка по теме Наш язк-наше богатство


Темæ: Адæмы тæккæ стырдæр исбон у æвзаг!
æвзаг – æхсæнадон фæзынд.

Урочы нысан: Сбæлвырд кæнын, æвзаг кæй ахсы ахсджиаг бынат æхсæнадон царды.
Урочы хæстæ: æвзаджы тыххæй сывæллæтты хъуыдытæ раргом кæнын;
Бакусын ныхасы рæзтыл;
Хъомыладон куыст бакæнын.
Мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын.
Проектон кустыл бакусын.
Урочы цыд
Организацион хай
Ахуыргæнæг: Уæ бон хорз!
Сывæллæттæ, абон нæм узджытæ ис æмæ ма сын æгас цу зæгъæм.
Скъоладзау: æгас нæм цæут нæ буц уазджытæ! Махæн тынг æхсызгон у, кæй нæм саккаг кодтат уазæгуаты, æмæ уын стыр бузныг зæгъæм.
РазныхасСывæллæттæ, æз уыл мæ зæрдæ дарын , абон зæрдæбынæй кæй бакусдзыстæм. Мæ зæрдæ уын зæгъы хорз æнтыстдзинæдтæ , райгонд зæрдæйæ куыд бацархайат афтæ.
Уæдæ рахизæм нæ урокмæ
Хæдзармæ уын лæвæрд уыдис пъланмæ гæсгæ ныффыссын къаннæг проектон куыстытæ, нывæцæн – тæрхæттæ. Уæ сфæлдыстадон куыстытæн хъуамæ æрхъуыды кодтаиккат сæргонд, ссардтаиккат эпигрæф. Уыцы куыст кæнгæйæ, цавæр проблемон фарст æвæры Тахъазты Харум йæ тексты?
Тахъазты Харум . Цæмæн хъæуы æвзаг æхсæнады?
Уæдæ нæ абоны урочы мах дарддæр ахæццæ кæндзыстæм тæкстыл куыст. Уæ проектæм уын куы кастæн, уæд мæ цæст æрхæцыди цавæр зындзинæддытимæ сæмбæлдыстут, уый. Æмæ нæ абоны урочы уыцы зындзинæдтыл бакусдзыстæм нæ урочы.
Нæ куыст фæахъаздæр уыдзæн æмæ уæ проектыл кæронмæ уæхæдæг бакусдзыстут, æмæ цæттæ куыстытæ æд презентацитæ рæгъмæ рахæсдзыстут.
Райгом кæнут уæ тетрæдтæНыффыссут абоны нымæц (æвдæм апрель) Къласы куыст , Урочы темæ:: Адæмы тæккæ стырдæр исбон у æвзаг!
Урочы нысан: Сбæлвырд кæнын æвзаг кæй ахсы ахсджиаг бынат æхсæнадон царды.
Уæ кусæн файлтæ дæр байгом кæнут, æмæ нæ текст нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм. Чи бакæсдзæн текст? (Айлярова)
Ахуыргæнæг: Цавæр у текст йæ хуызмæ гæсгæ?
Сывæллæттæ: Текст йæ хуызмæ гæсгæ у тæрхæттæ .
Ахуыргæнæг: Цавæр хæйттæй арæзт у текст-тæрхæттæ?
Сывæллæттæ: Текст арæзт у тезис, аргументтæ, æмæ хатдзæгæй.
Ахуыргæнæг: Ссарут ма уæдæ, кæм ис тексты тезис?
Сывæллæттæ: Æрдзы диссагдæр фæзындæй иу у æвзаг . Æрдз у æхсæнадон фæзынд.
Ахуыргæнæг: Тезис цавæр аргументтæй фидаргонд æрцыдис?
Сывæллæттæ: Æвзаг хъæуы, цæмæй адæм сæ хъуыдытæ кæрæдзийæн дзурой.
Сывæллæттæ: Æвзаджы фæрцы мах канд дзургæ нæ кæнæм , фæлæ хъуыдыдæр.
Сывæллæттæ: Æвзаг куы нæ уаид, уæд адæм кæрæдзи не мбариккой, сæ зонындзинæдтæ, сæ фæлтæрддзинад никуы æрæмбырд кодтаиккой иумæ, нæ сæ бахъахъхъахъæдтаиккой æмæ сæ фæлтæрæй – фæлтæрмæ нæ дæттиккой.
Сывæллæттæ: Æвзаг у адæмæн хъуыды кæныны æмæ сæ хъуыдытæ кæрæдзийæн дзурыны фæрæз чи у, ахæм æхсæнадон фæзынд.
(Бахахх кæнын аргументтæ)
Ахуыргæнæг: Æркæсут уæ нывæцæнтæм æмæ баххæст кæнут, кæнæ сраст кæнут уæ аргументтимæ.
Ахуыргæнæг: Фыццаг абзацæй рафыссут уæ тетрæдтæм мивдисджытæ æмæ сын ссарут сæ синонимтæ.
(выход к доске с пояснениями)
Сывæллæттæ: Сахуыр кæна- базона, бамбара, зæрдыл бадара, бахъуыды кæна.
Ахуыргæнæг: ?? хъуыдыйады баивут ставдæй фыст дзырдтæ синонимтæй
Æвзаг, ныхас кæнын сывæллон (саби) никуы базондзæн, адæмы ʼхсæн куы нæ цæра æмæ йæ æхсæнад куы нæ сахуыр кæна, уæд.
Уæдæ æвзаг у, адæмæн хъуыды кæныны æмæ сæ хъуыдытæ кæрæдзийæн дзурыны фæрæз (мадзал) чи у, ахæм æхсæнадон фæзынд.
(5)Иннæмæй, æвзаг æхсæнадон фæзынд у ноджыдæр уымæн, æмæ уый æппæты райдианы дæр зæххыл фæзынди (сæвзæрди ) æмæ ныртæккæ дæр цæры æхсæнады фæрцы: адæм иугæйттæй куы цардаиккой, уæд уыдон æвзаг ницæмæн хъуыдаид, кæимæ йыл дзырдтаиккой?
Сывæллæттæ:
Ахуыргæнæг: Цавæр синонимтæй спайда кодта Т.Х. тексты?
Сывæллæттæ: Ома æвзаг, ныхас кæнын адæймагæн æрдзæй лæвæрд нæу, улæфын, хæрын æ.æнд.ахæмтæ куыд сты, афтæ.
Иннæмæй, æвзаг æхсæнадон фæзынд у ноджыдæр уымæн, æмæ уый æппæты райдианы дæр зæххыл фæзынди æмæ ныртæккæ дæр цæры æхсæнады фæрцы: адæм иугæйттæй куы цардаиккой, уæд уыдон æвзаг ницæмæн хъуыдаид, кæимæ йыл дзырдтаиккой?
Æвзаджы фæрцы мах канд дзургæ нæ кæнæм, фæлæ хъуыды дæр.
Æвзаг, ныхас кæнын сывæллон никуы базондзæн, адæмы ʼхсæн куы нæ цæра æмæ йæ æхсæнад куы нæ сахуыр кæна, уæд.
(5)Иннæмæй, æвзаг æхсæнадон фæзынд у ноджыдæр уымæн, æмæ уый æппæты райдианы дæр зæххыл фæзынди æмæ ныртæккæ дæр цæры æхсæнады фæрцы: адæм иугæйттæй куы цардаиккой, уæд уыдон æвзаг ницæмæн хъуыдаид, кæимæ йыл дзырдтаиккой?
Уымæ гæсгæ æнæ ʼвзагæй адæмæн, æхсæнадæн рæзæн нæй.
4. Ахуыргæнæг: Æркæсут ма11-æм хъуыдыйадмæ æмæ зæгъут:
1) йæ арæзтмæ гæсгæ цавæр у?
ДЗ. Ацы хъуыдыйад йæ арæзмæ гæсгæ домгæвазыгджын.
Цал грамматикон бындуры дзы ис?
Дз. Ацы хъуыдыйады ис дыууæ грамматикон бындурыУæд адæм кæрæдзийы не мбариккой , æрæмбырд кодтаиккой, нæ бахъахъхъæдтаиккой
Уый нæ уаидСсарут ма хъуыдыйады сæйрат æмæ уæлæмхæст хъуыдыйæдтæ
Дз. Сæйраг хъуыдыйад у: Уæд адæм кæрæдзийы не мбариккой, сæ зонындзинæдтæ, сæ фæлтæрддзинад никуы æрæмбырд кодтаиккой иумæ, нæ сæ бахъахъхъæдтаиккой æмæ сæ фæлтæрæй – фæлтæрмæ нæ дæттиккой
4 Цавæр у уæлæмхæст хъуыдыйад?
ДЗ. Бадзырдон уæлæмхæст хъуыдыйад : (Уый куы нæ уаид. )Дыууæ хуымæтæг хъуыдыйады цæй руаджы баст цæуынц?
ДЗ. Дыууæ хуымæтæг хъуыдыйады баст цæуынц бæттæг «куы» - имæ.
5. Цавæр орфограммæтæ æмбæлынц 10 хъуыдыйады , 11 хъуыдыйады
Дз. (10 хъ)Дзырд рæзты æзылангон т йæ размæ лæууæг æмхъæлæсоны æзылангон скодта, фæлæ йæ фыссæм рæзты, уымæн æмæ дзырды бындуры ис зылангон з
(11) Дзырд фæлтæрæй –фæлтæрмæ фыст цæуы дефицы руаджы фæрсдзырдтæй сæхицæй арæзт фæрсдзырдтæ фæлхат кæныны руаджы.
Ахуыргæнæг: Куыд уæм кæсы, цæттæ стут уæ проектон кустытыл дарддæр кæронмæ бакусын?
Сывæллæттæ: О, цææттæ стæм
Ахуыргæнæг: Проверим??Сбæрæг кæнæм
Ратдзынæн уын дзырдтæ, кæцытæ æнгом баст сты текстимæ æмæ сыл бакусут синквейны хуызы.
Къордæн Æвзаг,
Къордæн ахсæнад
Ахуыргæнæг: Бæрæг у, тынг хорз кæй бамбæрстат тексты мидис, уый.
Уæдæ ма мын зæгъут, цавæр хатдзæгтæ скодтат уæхицæн?
Сывæллæттæ: Выводы!!!!!!!!
Байгом кæнут уæ куыстытæ, кæд ма сæм истæмæй уæ зæрдæ æхсайы, сраст кæнинаг ма уын дзы кæд исты ис , уæд сыл бакусут.
На доске кто-то делает синквейн.
Ахуыргæнæг: Чи у цæттæ йæ проектон куыст бахъахъхъæнын?
Сымах хъуамæ ныффыстаиккат пъланмæ гæсгæ къаннæг проектон куыстытæ, нывæцæн – тæрхæттæ. Уæ сфæлдыстадон куыстытæн хъуамæ æрхъуыды кодтаиккат сæргонд, ссардтаиккат эпигрæф.
Ахуыргæнæг: 2- аг къорд, куыд уæм кæсы, сæргонд æмæ эпигроф раст бавæрдтат? Сывæллæттæ:2-аг къорд кæсы (бафæрсын 1къорды )
Ахуыргæнæг: Тынг хорз бакуыстат уæ проектыл.. Куыд уæм кæсы, нæ урочы нысан æххæстгонд æрцыд?
Сывæллæттæ: Нæдæр адæмæн, нæдæр æхсæнадæн æнæ взагæй цæрæн нæй.
Ахуыргæнæг: Стыр бузныг! Иттæг хорз бакуыстат. Уæ проектон куыстытæ, нывæцæн-тæрхæттæ, домæнтæм гæсгæ раст фыст æрцыдысты æви нæ, уымæн аргъ скæндзыстут хæдзары ног фæлварæнты домæнтæм гæсгæ.