КОНСПЕКТ УРОКА ТКО. ИРОН АГЪДАУТТА 
Методическая разработка урока по ТКО 
на тему:
НАРТЫ ФÆТКЪУЫ БÆЛАС. 
                                                Разработала: Преподаватель осетинского                                                                                    языка и литературы
                                                                                                    МАРГИЕВА ЗИТА ВАСИЛЬЕВНА.
Владикавказ 2014г.
Урочы  темæ:  Нарты фæткъуы  бæлас.
Урочы  нысан:  1. Æрдзурын  Нарты  кадджытыл,  сæ  диссаджы фæткъуы  бæласы  миниуджытыл. 
2.Фенын  сын  кæнын  презентацийы  руаджы  фæткъуыйы  нывты  алыхуызон  верситæ.
3. Нарт  сæ  фæткъуыйы  хъахъхъæнгæйæ,  цавæр  тæрхон  рахастой, ууыл æрдзурын.. 
 
Хъомыладон  куыст: Æрдзурын Æхсар  æмæ  Æхсæртæджы  хорз  æмæ   фæзминаг  миниуджытыл.
Æрмæг:  компьютер,  презентации, фæткъуый  панно, рефераттæ,  иллюстрацитæ  æмæ  чингуытæ.
Урочы  цыд:
                                                 
1. Бацæттæгæнæн  рæстæг:  Мотиваци.   
                             
Ахуыргæнæг:  Алчидæр   бæстон  бакæсæд   ацы  диссаджы  рæсугъд  фæткъуымæ  æмæ  зæгъут,  ницы  уын   æрхъуыды   кæнын  кодта? Цымæ  ахæм  диссаджы  бæлас  кæмæ   задис?
Дзуапп:  Ацы  фæткъуы  бæлас  у мæнмæ  гæсгæ  Нарты  фæткъуы  бæлас.
Ахуыргæнæг:   Раст  зæгъут,  ацы  фæткъуы у  нарты  диссаджы  фæткъуы,  нæ  урочы  кæуыл дзурдзыстæм,  уыцы  темæ. 
                  Фæлæ   уал,  фыццаг  мах  хъуамæ   нæ  хæдзармæ   хæслæвæрдтытимæ  базонгæ  уæм.
2.Хæдзармæ   хæслæвæрд:  Сырдон   куыд    скодта   фæндыр  æмæ   цæмæй? Фæндыр  куыд  балæвар    кодта  Нартæн  æмæ цы  хуызы ?1 –аг  ахуырдзау:    
                                          «Дыууадæстæнон  фæндыр»  
Нарты  Хæмыцæн  фесæфт  иу  бон  авд  азы  хуыскъ  чи  уыд,  ахæм  хъуг.   Бирæ  йæ  фæагуырдта  ,  фæлæ  зæххы  скъуыды  ныххаудт. Изææрæй  Нарт  бадынц  Ныхасы  Хæмыц  уырдæм  бацыд  æмæ  æрбадт.  Хъахъхъæны  сæхи  куыд  дарынц  Нарт,  чи  йын  адавдтаид  йæ  хъуг.  Хæмыцæн  йæ  зæрдæ Сырдонмæ  æхсайы , уымæн  æмæ  йæм  мæсты  уыд,  рацæфтæ   йæ  кодта,  куынæ   йæм  хъуыста,  уæд.  Сырдон,  уыцы  рæстæг  æцæгæйдæр тынг  мæсты  кæй  уыд,  уымæ  гæсгæ  йын  йæ  хъуг  давыныл  ныллæуыд.  Æхсæвыгон  ын  йæ  дуар  бакæнын  нæ  бакуымдта,  дыккаг  изæр  скъæты  бамбæхст  æмæ  йæ  æхсæвы  раскъæрдта.   Бирæ  йæ  фæагуырдта  хæдзари-хæдзар,  фæлæ  никуы  æмæ  ницы.  Иу  дæсны  йын  бацамыдта  Сырдонæн  дам  ноджы  зæххы  бын,  хиды  рæбын,  ис  хæдзар,  æмæ  йæ  уым  агур  дæ  хъуыджы,   уым  сты  йæ  цот  дæр.  Хæмыц  йæ   куыдзы  æххуысæй  æрцагуырдта  хæдзар,  цуайнаджы  фыцынц  хъуджы  дзидзатæ, йæ  фырттæ  та  зæххыл  хъазынц.  Дзидзатæ   систа,  йæ  цоты  йын   сыргæвста  æмæ  сæ  цуайнаджы  ныккалдта.  Йæхæдæг  дзидзатæ  сыккой  кодта  æмæ  сæ  хæдзармæ  æрхаста.  Сырдон  та,  уыцы  рæстæг  фæдсафынæн  Ныхасы  астæу  бады,  цæмæй  йæ мачи  фæхата. 
2 –аг  ахуырдзау:  
                     Хæмыц  дзидзатæ   хæдзармæ  бахаста  æмæ    атындзыдта  Ныхасмæ.  Куы  бацыд,  уæд  Сырдон  хины  худт  бакодта  æмæ  афтæ  зæгъ:  Тæригъæд  нæу  Хæмыц,  чидæр  ын  йæ хъуджы  фыд  хæрдзæн,  йæхæдæг  та  сыдæй  мæлы.  Уæд  Хæмыц  фæцæттæ:  _Чи  зоны  мæ  хъуджы  бæсты  йæ сывæллæтты фыдтæ  бахæра.  Сырдонæн  йæ  зæрдæ  фехсайдта,  æнæдзургæйæ  фестад  æмæ  хæдзары  смидæг.  Хæдзар  афтид,  аг  сыстыдта æмæ   мæнæ   йч  хъæбулты  фыдтæ   фыцынц,  кæм  дзы  къах, кæм  къух,  кæм  та  сæр.
                Нырдиаг  ма  кодта,  фæлæ  ма  цы.   Систа  йæ  бинонты  стæгдартæ  æмæ  сын  се  стджытæй  скодта  фæндыр,  сæ  зæрдæйы  уидæгтæй  та  тæнтæ,  дыууадæс  тæны.  
                                          
3–аг  ахуырдзау:   
                      
                     Йæ   фæндырæй  ныццæгъды  æмæ   та  ныккæуы  Сырдон:
        « Мæ  лæппутæ,    мæнæн  мæ  бон  хæрнæг  кæнын  (Хист)  нæ  бауыдзæн,  фæлæ  мын  уæ         иу   хуынди  Къонагæ  марды  фæлдисынæн  къонайыл  цы  бавæрой,  уымæй  ды  рухcы  бад!»
 
    Стæй  та  ныццæгъды  æмæ  та  зæгъы:
«Ме  ннæ  лæппу  -  Уæрагæ,  мардæн  фæлдисынæн  цыдæриддæр  уæрагыл  æрывæрой,      уымæй  ды  рухсы  бад!»
Стæй  та  ныццæгъды:
«Ме ‘ ртыккаг  лæппу – Фуагæ,  марды  фæлдисынæн  фу  цæуыл  бакæной,  уымæй  ды  рухсы  бад!»
  Нарт  тынг  дис  кодтой,  цæмæй  цæгъддзæн  афтæ  рæсугъд.  Иу  бон  æй  Ныхасмæ  æрхаста,  Нарты  раз  дзы  æрцагъта,  æмæ  сæм  дзуры:  Мæнæ  уын  фæндыр  æмæ  мæ  Нартыл  банымайут.  Нарт  ныццин  кодтой,  райстой  лæвар.     Афтæ  фæзынд  Нартмæ фæндыр.
Хатдзæгтæ:
Ног  æрмæг:  Нарты  фæткъуы. æвдисæм  презентаци.
Ахуыргæнæг:  Нæ  ног  æрмæджы  дзурыны  размæ  нæ  разы  цы  хæс  æмæ  нысан    ис,  уый  бамбарæм:
 1. Æрдзурын  Нарты  кадджытыл,  сæ  диссаджы фæткъуы  бæласы  миниуджытыл. 
2.Фенын  сын  кæнын  презентацийы  руаджы  фæткъуыйы  нывты  алыхуызон  верситæ.
3. Нарт  сæ  фæткъуыйы  хъахъхъæнгæйæ,  цахæм  тæрхон  рахастой. 
  Ахуыргæнæг: Раныхас  нарты  фæткъуыйы  тыххæй.  Дарддæр  мæн  фæнды,  цæмæй  йæ             уæхæдæг  бакæсат.   Дæттæм  ын  анализ .фæзминаг  фæлгонцтæ  дзы  чи  сты  уыцы  кадæджы,  уымæй  бафæрсдзынæн. (æвдисын  нарты  фæткъуы  æхсинæг  куыд  давы,  уыцы  къам.)
 Хатдзæгтæ:  
 Бæрæггæнæнтæ  æвæрын:
Хæдзармæ  куыст:  Бакæсын  Донбеттырты  чызг   «Дзерассæ – рæсугъд».