Конспект на тему: Ирон авзаг — фашизмы ныхма тохы


ИРОН ÆВЗАГ – ФАШИЗМЫ НЫХМÆ ТОХЫ.
Историйы абарæн кæимæ нæй, ахæм тох райтынг Сталинграды фронты 1942 азы, августы. 17 августы ардæм знаг æрбаппæрста бирæ ног тыхтæ, цыбыр рæстæгмæ æрбахызт Доныл, æрцахста 8 километры плацдарм æмæ взадыууæ дихы фæкодта Сталинград хъахъъхъæнджыты фронт. Немыц æрбакалдтой ног тыхтæ, æртыхстысты Иссæйы полчъытыл. Сæфты къахыл лæууыдысты бæхджынтæ ацы сахат: знæгтæ сæ фæкодтой сæ цæхæры бын, нал уыд бастдзинады фæрæзтæй архайæн дæр. Куыннæ бацыдаид инæлар катайы! Ахæм мæлæтдзаг сахат комкорæн баххуыс кодта йæ мадæлон æвзаг. Уый та уыд афтæ:
- Бардзырд раттынæн ис æрмæстдæр иу мадзал, - йæ æрхъуыдыйыл цин кæнгæйæ йын загъта булкъон Чепуркин.
- Зæгъ – ма, цы мадзал? – æрыхъуыста йæм Иссæ.
- Код: дæ бардзырд иронау ратт рацийæ дивизитæм. Уымæй хуыздæр код нæй! Немыц æй ницыхуызы райхалдзысты.
- Иттæг хорз æрхъуыды! – фæхъæлдзæгдæр комкор æмæ рацимæ фæсидын кодта дивизийы политхайады хицауы хæдивæг дæлбулкъон Брытъиайы-фыртмæ.
Комкор иронау æргом дзургæйæ йæ бардзырд рацийæ афойнадыл сæмбæлын кодта, кæдæмыты хъуыд, уырдæм. Иссæйæн йæхи бастдзинаддарджытæй дæр ничи равзæрста, цы æвзагыл дзырдæуыд, уый. Уый уыди изæрдалынгты. Æмбисæхсæвмæ полчъытæ æмæ эскадронтæ сæхи атакæмæ бацæттæ кодтой, афтæмæй фыдгулыл æнæнхъæлæджы ныббырстой æмæ сæ ныффалгæрон кодтой.
Ирон æвзаджы æххуысæй!