Амдзавга Къостайы гуыран бонма
Къоста. / Тотоонты- Чехойты З.Х.
Æмæ та ногæй абон Иры дзыллæ
Къостайы райгуырд цингæнгæ мысы.
Зæрин хур тауы даритæ мæ цыллæ,
Къостайы дзырд фæрнæйдзагæй хъуысы.
Ирон лæг, Нары кад мæ кадæг,
Ирыстоны сæрæнгуырддæр хъæбул.
Нæхъæн дунейыл айхъуысти дæ зарæг,
Æнæхъæн къори сæ зоныгыл æркъул.
Дæ «Ирон фæндыр» айвæзта йæ зæлтæ,
Хъуысы дæрдтыл дæ ныхасы зæлланг.
Иры хæхтæ,быдыртæ æмæ кæмттæ
Сæрыстырæй дæ нуазæн дары дзаг.
Æдасæй райстай «хæцæнгарз» дæ къухмæ
Дæ рæнхъытæ «сыгътой» æлдæртты карз.
Мæгуыр адæмы мæт дæ уыд æдзухдæр,
Нæ тарсттæ , не рсасттæ сæ раз.
Цы сфæрæзтай Фатимæйы фыдмитæн,Дзæбидырдзуанонты фыдæбонтæ уыдтай.
Сидзæргæсы æнахъом фондз сабийæн
Сæ сусæг дуртæ хъæдуртæ хуыдтай.
Хъуыбадыйæн йæ зарæг уыд историЙæ фæлгонц, уды конд – ирон.
Цагъарад , бæргæ, бынгардæй ыстонисКъоста , куы уаид уый дæ бон.
Дæ «Дурсæттæг», «Дæ дондзау ус», « Æрдзон хид»
Куыд диссаг къухы ахорæнтæй змæст.
Дæ «Додой»,»Катай», «Ныфс» æмæ «Æй, джиди!»
Сæ сæргондæй зæрдæ змæнтынц рмæст.
Дæ «А-лол-лай»- ы фæлмæн буц ныхæстæ
Кæцы ирон хæдзарæй нæ хъуысынц?
Дæ «Цъиу æмæ сывæллæттæ» ахстæтты
Сæ хъаны цард мæгуырдæрæн мысынц.
Цы мад, цы фыд ныууагъта махæн
Цы нæртон, рæдау разынд уыцы бон.
Нæ уыд , нæ ис æмæ нæ уыдзæн ахæм
Кæмæн мысæм æнусмæ мах йæ ном.