Конспект урока на тему: Малиты Геу?рги Дзирасг?
МАЛИТЫ ГЕУÆРГИ
«ДЗИРАСГÆ»
7 кълас.
2015
ТЕМÆ: Малиты Геуæрги «Дзирасгæ»
НЫСАН: Скъоладзауты базонгæ кæнын Малиты Геуæргийы царды
хабæрттимæ. Цыбырæй радзурын дыгурон фысджыты тыххæй.
Рæзын кæнын цымыдисдзинад дыгурон æвзагмæ.
ХЪОМЫЛАДОН ХÆС: Рæзын кæнын уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ.
ЦÆСТУЫНГÆ ÆРМÆГ: Малиты Геуæргийы, Гуырдзыбеты Блашкайы,
Багъæраты Созыры хуызистытæ, сæ уацмыстæ,
презентаци «Малиты Геуæрги», зарæг «Тæходуй,
æна…»
ДЗЫРДУАТОН КУЫСТ: фетинг кæнæ, нискъотт, кирбадт, цæндæвард,
уæлцъонгитæ, æскъетæ, мед къозæ, æннуст,
зумæргътæ, удзæл, мæтъæл.
УРОЧЫ ЦЫД:
«Æрмæст Малийы – фыртæн бантыст, дыгурон ныхас йæ мидæг цы ритмикон фидауц æмæ зарæг сæрибар зæлынад æмбæхсы, уый
æххæстæй раргом кæнын, уый равдисын».
/Абайты Васо/
Орг. хай
Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
Ног æрмæг. Малиты Геуæрги.
АХУЫРГÆНÆДЖЫ НЫХАС ПРЕЗЕНТАЦИИМÆ.
Ирон литературæйы, адæмон сфæлдыстады стыр бынат ахсынц дыгуронау фыст уацмыстæ.
Бирæ ахуыргæндтæ куыстой дыгурон кадджытæ æмбырд кæныныл, дыгурон æвзаджы хицæндзинæдтæ иртасыныл. Уыдон уыдысты: М.М Ковалевский, А.Шифнер, В.Пфаф, В.Ф. Миллер. Дунейы ахуыргæндты æргом раздæхтой ирон фольклормæ. Стыр ахъаззаг куыст адæмон сфæлдыстад æмбырд кæныны хъуыддаджы бакодтой Хъайтмазты Аслæмырзæ, Дзагуырты Гуыбади, Собиты Инал, Туккаты Гæбуди.
1911 азы мыхуыры рацыд Тугъанты Махарбеджы уагъд «Дигорон кадæнгитæ».
Нæ аивадон литературæйы сæрмагонд бынат ахсы Малиты Геуæргийы сфæлдыстад.
Геуæргийы цардвæндаг уыд тынг уæззау. Райгуырд 1886 азы 23 октябры Чырыстонхъæуы (Дигорайы) хуымæтæг зæхкусæджы хæдзары. Фæлæ йæ уæддæр сæвæрдтой ахуыры фæндагыл.
1902 азы каст фæци Махческы дины дыууæазон скъола.
1903 – 1907 азты Геуæрги ахуыр кодта Æрыдоны семинары. Уыцы азтæ уыдысты тохы азтæ. Сæрибары идейæтæй фæхъæстæ семинаристты къорд, уыдонимæ Малийы – фырт дæр. Туджы лæсæнтæй революцийы арт æрмынæг. Ралæууыд тар заман. Æхгæд цыдысты скъолатæ, Сыбыры хай баисты бирæтæ, иннæты цух кодтой скъолатæй. Афтæ фæцух семинарæй Геуæрги дæр. Афæлæрдта ахуырмæ æндæр горæтты бацæуын, фæлæ йын дзы ницы рауад.
Геуæргийы бон бæлвырд куысты ныллæууын дæр нæ уыд, Кæмдæрты уроктæ лæвæрдта, скъолатæм сæхи чи цæттæ кодта, ахæм сывæллæттæн. 1913-1914 азты акуыста Мæздæджы газет «Терек»-ы. Уым рауагъта цыбыр уацхъуыд, ахуыргæнджытæ скъолаты ирон скъоладзаутæм æвзæр цæстæй кæй кæсынц, уый тыххæй. Æмæ та æгуыстæй аззади. Афтæ, 1917 азы онг цард Дзæуджыхъæуы, куыста уацхæссæгæй.
Февралы революцийы фæстæ Геуæргийæн фæци фадат æхсæнадон куыстæн. Уыд парти «Кермен»-ы аразджытæй иу.
1920 азы Геуæрги ныууагъта йæ политикон куыст, йæ зондахастмæ гæсгæ гуманист кæй уыд, уымæ гæсгæ. Аздæхт хъæумæ. 1923 – 1932 азты куыста Гулары скъолайы сæргълæууæгæй.
1934 азы йæ айстой советон фысджыты Цæдисмæ.
1935 азы рацыд йæ чиныг «Ирæф».
Геуæргийыл райдыдтой хахуыртæ фыссын. Йæ уацмысты йын агуырдтой æмæ ссардтой буржуазон национализмы тæваг, пессимизм æмæ æндæр ахæмтæ. Йæ цæстмæ йын дардтой, бирæ кæй нæ фыссы, советон цардæй кæй не ’ппæлы, колхозтæ йæ зæрдæмæ нæ цæуынц, æмæ ницы фыссы, зæгъгæ. Геуæрги тохгæнæг поэт нæ уыд.
1937 азы йæ æрцахстой æмæ йын рахастой тæрхон 10 азы фæбадын растгæнæн куыстадон лагеры. Ахастой йæ Хабаровскы краймæ. Уым фæнизджын зæрдæнизæй, стæгнизæй, фæстагмæ йыл бафтыд рæуджыты низ дæр. Йæ хъъизæмайраг цардæй ахицæн 1942 азы 27 майы. Абон йæ уæлмæрд бæрæг дæр нæу.
Йе ’мдзæвгæты чиныг «Горские мотивы» -йы зæлынц хъаст æмæ сæрибары мотивтæ.
Геуæргийы лирикы зæрдæйæ æнкъардта æрдзы улæфт. Æмдзæвгæ «Дзирасгæ» зæлы суадонау сыгъдæг æмæ кæлæнгæнæг зæлтæй. Поэтæн æрдзмæ ис пантеистон ахаст. Суадон æмæ, йæ алыварс цы æрдз ис, уый фидауц у дзæмдзæмы донау тыхдæттæг, удæн æнцойхæссæг алæмæт. Поэт арф æнкъары æрдз æмæ адæймаджы иудзинад, уыдонæн кæрæдзимæ гæсгæ ивы сæ хуыз æмæ сæ равг дæр.
Дзырдуатон куыст: фетинг кæнæ, нискъотт, кирбадт, цæндæвард,
Уæлцъонгитæ, æскъетæ, мед козæ, æннуст,
Зумæргътæ, удзæл, мæтъæл.
Текстимæ куыст. Бакæсын æмдзæвгæ. Йæ мидис ын бамбарын кæнын.
Текстмæ кæсгæйæ æмдзæвгæйы фæстæ лæвæрд фæрстытæн дзуапп раттын.
Хæдзармæ куыст. Æмдзæвгæ сахуыр кæнын аив кæсын, хъуыды зонын, ныв скæнын.
Бæрæггæнæнтæ.