«Райгуыр?н б?ст?й?н ив?н н?й».
ГАБАРАЕВА ДИАНА РАДИОНОВНА
учитель осетинского языка и литературы
МБОУ СОШ №3
г. Владикавказ
Научно - методическая разработка урока
Урочы темӕ: «Райгуырӕн бӕстӕйӕн ивӕн нӕй».
(Мамсыраты Темырболаты ӕмдзӕвгӕ «Сагъӕстӕ»)
Урочы нысан: 1. Пысылмон адӕм Туркмӕ цӕмӕн алыгъдысты, уый аххоссӕгтыл ӕрдзурын.
2. «Сагъӕстӕ»- лигъдӕтты хъарӕг. Ӕвзарын ӕмдзӕвгӕ, скӕнын ын анализ, ӕрдзурын йӕ композицион арӕзтыл.
3.Скъоладзауты зӕрдӕты рӕзын кӕнын патриотизмы ӕнкъарӕнтӕ.
Урочы эпиграф:
«О ме схъомылгӕнӕг Ирыстон,
Ӕз дӕн дӕуӕн дӕ туг, дӕ хъӕстӕ.
Ды дӕ мӕнӕн мӕ фыд, мӕ мад.
Ӕнӕ дӕу састбазыр цӕргӕс дӕн,
Ӕнӕ дӕу циу мӕ цард, мӕ кад?»
(Плиты Х.)
Урочы цыд.
Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.
Фыдыуӕзӕг
Сафар Туркмӕ цӕрынмӕ ӕрыгонӕй алыгъд. Йӕ фыдыуӕзӕг фенын та ма йӕ къухы бафтыд зӕрондӕй. Туркаг уазӕг ӕрфысым кодта Къорайы хъӕуы Урсдоны был уӕлвонг ран, йӕ хӕстӕджытӕм. Иухатт ӕнӕмӕтӕй хъазӕг лӕппутӕ сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой Сафарыл. Уый къӕлӕтау ныггуыбыр, афтӕмӕй бадт фахс бандоныл ӕмӕ ӕнкъард цӕстӕнгасӕй нымдзаст Мӕнтӕгкъуыппы хъӕды къохмӕ, йӕ карӕнтимӕ чысылӕй йӕ рӕстӕг кӕм ӕрвыста, уырдӕм. Йӕ цӕстытӕй лӕдӕрст цӕстысыг.
Йӕхимӕ куы ӕрцыд, уӕд фӕфиппайдта сывӕллӕтты цӕстӕнгас ӕмӕ сын загъта:
«Сывӕллоны зӕрдыл алцыдӕр бирӕ лӕууы. Бауырнӕд уӕ мӕ ныхас. Ӕз Турчы цӕрын, фӕлӕ алы ӕхсӕв дӕр уынын фын- цыма ӕдзухдӕр дӕлӕ уыцы хъӕды къохы бӕлӕсты бын хъазын. Фыдыуӕзӕг! Уымӕн ӕмбал нӕй. Ӕз ардӕм ӕрбацыдтӕн мӕнӕ ацы хъӕды къох фенынмӕ!.. Ӕмӕ та мӕ ногӕй цӕуын хъӕуы ардыгӕй, ногӕй та хицӕн кӕнын ацы хъӕды къохӕй».
Цӕссыгтӕ та йын йӕ цӕстытӕ ахгӕдтой: «Мӕ чызг мӕ куырдта, цӕмӕй йын Урсдоны былӕй тыччытӕ ӕрласон. Ӕз ын, ӕнӕмӕнг, аласдзынӕн».
Ахӕм у фыдыуӕзӕг, - сабибонты мысинагау адджын у.
-Зӕгъут -ма, кӕм цард Сафар?
-Цы карӕй ӕрбацыд уазӕгуаты йӕ фыдыуӕзӕгмӕ?
-Цавӕр цаутӕ ӕрлӕууыдысты йӕ зӕрдыл? Куыд уыд йӕ зӕрдӕйы ахаст?
-Цы хъуамӕ аласа йӕ чызгӕн Урсдоны былӕй?
-Куыд хъуыды кӕнут, кӕд ын афтӕ зынаргъ уыд йӕ Райгуырӕн бӕстӕ, уӕд Турчы цӕмӕн цард ӕмӕ кууд афтыд?
Абон мах дзурдзыстӕм нӕ урочы Туркмӕ цӕмӕн афтыдысты ирон адӕм, йӕ аххоссӕгтыл.
Ахуыргӕнӕджы разныхас.
Ирыстон Уӕрӕсеимӕ куы баиу, уӕд райдыдта Кавказаг хӕст йӕ сӕргъы Шамил. Ирыстоны алы ком дӕр хӕцыдысты Уӕрӕсейы ӕфсӕдты ныхмӕ. Нӕхи куы фӕндыд баиу кӕнын, уӕд цӕмӕн хӕцыдыстӕм куы бафӕрсӕм, уӕд дзы ис аххоссӕгтӕ.
Уӕрӕсе нын тӕригъӕд бакодта ӕмӕ нӕ йӕ дӕлбазыр бакодта? Хъуыдысты сӕ нӕ хӕхты ӕрзӕттӕ ӕмӕ Фӕскавказмӕ фӕндаг. Уыимӕ ма райдыдтой парахат кӕнын чырыстон дин дӕр, кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбарӕм, зӕгъгӕ. Пысылмон диныл хӕст адӕмы сразӕнгард кодта Туркмӕ алидзыныл , се ̓ мдин адӕммӕ, Куындыхаты Муссӕ. Ӕрмӕст ирӕтттӕ нӕ алыгъдысты , фӕлӕ ма цӕцӕйнӕгтӕ, убыхӕгтӕ, черкесӕгтӕ … Цӕмӕн сӕ ауагъта Уӕрӕсейы паддзахад куы бафӕрсӕм, уӕд сын афтӕ уыд пайда. Иуӕй, хӕст фӕуыдзӕн, иннӕмӕй та лигъдӕтты зӕххытӕ суӕгъд уыдзысты.
Цӕмӕн сӕ бауагъта Турк куы бафӕрсӕм, уӕд уыдонӕн дӕр уыд пайда. Уыцы рӕстӕг Турк ӕмӕ Уӕрӕсейы ахастдзинӕдтӕ хорз нӕ уыдысты ӕмӕ хӕст райдыдта се ̓хсӕн, зӕгъгӕ, уӕд ӕппӕты фыццаг рарвитдзысты хӕстмӕ лигъдӕтты. Уыдон хъазуатдӕрӕй хӕцдзысты Уӕрӕсейы ныхмӕ.
Се ̓ппӕт пысылмон ирӕтты нӕ фӕндыд лидзын, фӕлӕ мыггаг куы цӕуа, уӕд ма иунӕгӕй куыд цӕрдзынӕн, зӕгъгӕ. Афтӕ рауад Темырболаты хъысмӕт дӕр. Муссӕ та уыд йӕ мады ̓ фсымӕр.
Цин кодтой кӕй цӕрдзысты се ̓мдин адӕмимӕ, тагъддӕр куы бахӕццӕ уаиккой. Фӕлӕ фӕндагыл бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрстой ирон адӕм. Лӕг ног ран куы ӕрцӕры, уӕд куывд скӕны, ирон адӕм та ӕппӕты фыццаг сӕ мӕрдтӕ баныгӕдтой ӕмӕ айхъуыст Турчы зӕххыл сӕ хъарӕг.
Абон дзурдзыстӕм йе ̓мдзӕвгӕ «Сагъӕстӕ»-йыл. Уырыссаг ахуыргонд Всеволод Миллер ӕй ныммыхуыр кодта йӕ чиныг «Осетинские этюды»-йы зарӕджы хуызы .Уый фыста: «Продукт нового, более художественного творчества».
4.Ӕмдзӕвгӕ «Сагъӕстӕ» кӕсын,ӕвзарын:
-Куыд фыст у ӕмдзӕвгӕ? ( Адӕмон хъарӕджы хуызы, диалог)
-Кӕй ӕхсӕн цӕуы ныхас? (Сайд адӕм ӕмӕ Фыдыбӕстӕйы)
-Цавӕр ныхӕстӕй райдыдта ӕмдзӕвгӕ?
-Цавӕр дзуапп фехъуыстам?
-Цы уайдзӕф кӕны «бӕстӕ»? Куыд ӕмбарут
«Ӕз уе стӕгдар, уӕ хӕррӕгъ
Мӕ хуылфы арф куы дардтон»?
-Цӕмӕн зӕгъы? «Ныр тыхы бон ӕдыхӕй
Дыууӕ дихы куы фестут Ӕмӕ иу ран дӕр мӕн тыххӕй
Ысхӕцынхъом куы не стут».
-Цавӕр ӕмбисонд ис ӕрхӕссӕн ацы хъуыдымӕ?(Иу лӕг мӕлгӕйӕ йӕ лӕппутӕн цъылын сӕттын кодта…)
-Цавӕр ныхӕстӕй ӕвдисынц адӕм сӕ уарзондзинад Фыдыбӕстӕм?
-Адӕм цавӕр ныфсытӕ ӕвӕрынц сӕ Райгуырӕн бӕстӕйӕн?
-Куыд ӕмбарут? «Цард н̓ агурӕм дӕ фӕстӕ,-
Зӕрдӕйы уӕлӕ хуыд куы дӕ!..»
-Фӕстаг рӕнхъытӕ ӕвзарын.
Нырмӕ цыд диалог адӕм ӕмӕ фыдызӕххы ̓хсӕн. Райгуырӕн зӕхх сын уайдзӕф йеддӕмӕ ныцы кӕны, цӕмӕй баххуыс кӕнӕ мӕгуыр сайд лигъдӕттӕн, кӕд ӕмӕ йӕхӕдӕг ӕххуысхъуаг у? Фӕлӕ лӕгӕн йӕ ныфс нӕ мӕлы. «Уӕд ӕм кӕцӕйдӕр ӕрдзырдис…» Уый у «ӕфхӕрд» адӕмы ныфс.
-Куыд арӕзт у йӕ композицимӕ гӕсгӕ? (Диалог автор ӕмӕ Райгуырӕн бӕстӕйы ӕхсӕн, автор ӕмӕ ӕбӕрӕг ныфсы ̓хсӕн)
-Цавӕр аивадон мадзалӕй пайда кӕны поэт? (Рефренӕй, хъарӕджы хуызы)
Цавӕр барӕнӕй пайда кӕны автор хӕдхӕцӕг паддзахыл дзургӕйӕ?( «нӕл хуы»)
-Цӕй мидӕг ис адӕмы трагедии?
Адӕмы трагедии уый мидӕг уыд, ӕмӕ сын нал уыд фӕстӕмӕ раздӕхыны фадат.
Куыд уӕм кӕсы ӕмдзӕвгӕ- зарӕг- хъарӕджы идейӕ цӕй мидӕг ис?
-Фыдызӕхх лӕгӕн ӕвзаргӕ нӕу, нӕй йын раив-баивгӕнӕн, иу хатт дзы дӕхи куы сцух кӕнай, уӕд ногӕй йе ссарын зын у.
5.Ӕрхӕссӕм ма ӕмбисӕндтӕ Райгуырӕн бӕстӕйы тыххӕй.
Ӕмбисӕндтӕ (интерактивон фӕйнӕгыл)
«Райгуырӕн бӕстӕ адджын у».
«Ӕцӕгӕлон бӕсты ӕлдарӕй дӕр зын цӕрӕн у».
« Лæг хъуамæ йæхи уæзæгыл райгуыра ’мæ йæ фæстаджы бон йæхи уæзæгыл бавæрой.» «Йæ райгуырæн бæсты чи нæ цæры, уый царды ад нæ зоны».
«Фыдыбæстæ ныййарæг мадау — адджын».
«Лæгæн дунейыл адджындæрæн цы баззад?» — «Мад, хæдзар, райгуырæн бæстæ».
«Уызын дæр йæхи къудзийы бынмæ лыгъди».
«Æнахуыр бæсты æлдарæй дæр зын цæрæн у».
«Дард бæлццон йæ райгуырæн бæстæм куы ’рыфты, уæд ног райгуырæгау вæййы».
6.Равзарӕм эпиграф.
Поэт йӕ Фыдыбӕстӕйыл йӕ зӕрдӕ не сивта. Ӕцӕгӕлон бӕстӕйӕ дзыназдзӕн цӕргӕбонты, йӕхицӕн хорз цард нӕ агурдзӕн, ис ӕй схонӕн ӕнӕбазыр цӕргӕс.
7. Хӕдзармӕ куыст. Ӕмдзӕвгӕйӕн анализ кӕнын, ахуыр кӕнын наизусть.