«М? Райгуыр?н б?ст? – Дз?уджыхъ?у (Владикавказ)».


Темæ: «Мæ Райгуырæн бæстæ – Дзæуджыхъæу (Владикавказ)».(Номдар. Тасындзæг).
Урочы нысан: 1) ахуырдзауты хуыздæр базонгæ кæнын кæм цæрынц, кæм рæзынц уыцы бæстæимæ, Ирыстоны зындгонд адæймæгтимæ, Дзæуджыхъæуы рæсугъд æмæ фæлладуадзæн бынæттимæ.
2) номдары тасындзæгыл бакусын, дæргъвæтин æмхъæлæсонты растфыссынад рафæлхат кæнын, ахуырдзауты дзургæ ныхасы рæзтыл бакусын.
3) уарзондзинады æнкъарæнтæ сæвзæрын кæнын нæ Райгуырæн бæстæмæ, нæ горæты рæсугъд бынæттæм.
Цæстуынгæ æрмæг: 1). Къулы газеттæ «Мæ уарзон горæт Дзæуджыхъæу»;
2). Урокмæ эпигрæфæн ист дзырдтæ фæйнæгыл;
3) Диск: «Нæ горæт 2006 азы»
Урочы цыдБацæттæгæнæн рæстæг
Уæ бон хорз, сабитæ. Æрцæттæ кæнут уæхи урокмæ (партæтыл чингуытæ, тетрæдтæ, дзырдуæттæ).
Цæгъды музыкæ. Зарæг «Дидинæг мын кал, о мæ Ирыстон»
Урочы нысан ахуырдзаутæн бæмбарын кæнын (дзуры ахуыргæнæг).
– Абон нæ урочы нысан у хуыздæр базонын кæм цæрут, кæм рæзут уыцы горæты тыххæй. (Ахуыргæнæг кæсы эпиграф).
Ды дæ мæ цин, мæ цардамонд,
фыдыбæстæ, дæуæй
Мæнæн зынаргъдæр, адджындæр
Нæ уыдис æмæ нæй.
Кочысаты М.
Беседæ:
Фарст: – Цы зæгъынмæ хъавы лирикон хъайтар (герой) ацы рæнхъыты?
Дзуапп: – Лирикон хъайтар (герой) ацы рæнхъыты æргом кæны йæ уарзондзинад ФыдыбæстæмæАхуыргæнæг: – Райгуырæн бæстæ! Фыдыбæстæ!
Фарст: – Цавæр нысаниуæг ис ацы дзырдтæн?
Дзуапп: – Алы адæймаг дæр райгуыры искæцы хъæуы, горæты. Уый хоны йæ Райгуырæн бæстæ, Фыдыбæстæ.
Фарст: – Уæдæ ма мын зæгъут, цавæр æмбисæндтæ зонут Райгуырæн бæстæйы тыххæй?
Сывæллæтты дзуаппытæ:
1. Райгуырæн бæстæ ныййарæг мадау адджын у.
2. Райгуырæн бæстæйы чи нæ цæры, уый царды ад нæ зоны.
3. Уызын дæр йæхи къудзийы бынмæ лыгъди.
4. Райгуырæн бæстæйæн йе 'взæр дæр адджын у.
Фарст: – Куыд æмбарут ацы æмбисæндтæ? Ратæлмац сæ кæнут.
Фарст: – Уæдæ махæн не 'стыр Фыдыбæстæ куыд хуыйны?
Дзуапп: – Махæн не 'стыр Фыдыбæстæ у Уæрæсе, йæ сæйраг сахар – Мæскуы.
Фарст: – Нæ чысыл Райгуырæн бæстæ та куыд хуыйны?
Дзуапп: – Нæ чысыл Райгуырæн бæстæ та у Цæгат Ирыстон, йæ сæйраг сахар та у Дзæуджыхъæу
Ахуыргæнæг: – Радзурæм уæдæ æмдзæвгæтæ нæ Райгуырæн зæххы тыххæй. (5 мин поэзийæн).
1 – аг ахуырдзау: Датиты Дзантемыр – автор.
Мæ Райгуырæн бæстæ,
Дæуыл у мæ зарæг,
Мæ худт дæр, мæ хъазт дæр,
Мæ цин дæр ды дæ.
2 – аг ахуырдзау: Хуыгаты Ахболат – автор.
Мæ чысыл Ирыстон, мæ мадау дæ уарзынÆнæ дæу мын цард у æнкъардКæмфæнды куы вæййын, дæуыл у мæ зарæг
Дæуæй хæрын алкæддæр ард.
3 – аг ахуырдзау: Плиты Харитон – автор.
О, ме схъомылгæнæг Ирыстон,
Æз дæн дæуæн дæ туг, дæ хъæстæ.
Ды дæ мæ фыд, ды дæ мæ мад,
Æнæ дæу састбазыр цæргæс дæнÆнæ дæу циу мæ цард, мæ кад?
4 – аг ахуырдзау: Мæ чысыл Ирыстон, мæ Райгуырæн бæстæ,
Дæуыл у мæ хъуыды, мæ цинТæхуды куы арин дæу аккаг ныхæстæ
Дæ номыл мæ зарæг фыссин.
5 – аг ахуырдзау: Мæ уарзон ысхæссæг
Куы хъæуон, фæдзур мæмÆдзухдæр дæ сæрыл
Дæн тохмæ цæттæ.
IV Ног æрмæг.
Ахуыргæнæджы разныхас.
– Зынаргъ сабитæ æмæ уазджытæ, абон мах æрныхас кæндзыстæм нæ Райгуырæн бæстæйы тыххæй, нæ Ирыстоны адæмы тыххæй, Дзæуджыхъæуы рæсугъд æмæ зынаргъ бынæтты тыххæй.
Куыд зонæм афтæ, нæ иумæйаг Фыдыбæстæ у Уæрæсе. Фæлæ алы адæймагæн дæр ис йæхи Райгуырæн зæхх. Адæймаг кæм райгуыры æмæ кæм схъомыл вæййы, уый у райгуырæн зæхх.
Æмæ йæ кæй зæгъын хъæуы, Райгуырæн бæстæ ныййарæг мадау адджын у.
Махæн дæр нæ чысыл Ирыстон у тынг зынаргъ æмæ адджын.
Уымæ гæсгæ, сымахмæ дæр хъуамæ уа иузæрдиондзинад æмæ патриотизмы æнкъарæнтæ. Уæд уæ алчидæр уыдзæн тыхджындæр æмæ ныфсджындæр.
Ирыстонæн стыр кад чи кодта æмæ кæны, ахæм адæймæгтæ нæм ис тынг бирæ. Цæмæй сæ нæмттæ æнустæм цæрой æмæ сæ нæ рæзгæ фæлтæр зоной æмæ ма рох кæной, уый тыххæй фыст æрцыди бирæ чингуытæ, уацмыстæ, зарджытæ, поэмæтæ æмæ æмдзæвгæтæ.
Нæ хъæуты æмæ нæ горæтты сæйраг уынгтæй бирæтæн лæвæрд æрцыд уыцы зындгонд æмæ кадгæнæг адæймæгты нæмттæ. сæ ном хæссынц Паддзахадон университет, скъолатæ æмæ библиотекæтæ, парктæ, театртæ æмæ музейтæ.
Фарст: – Чи сты уыцы адæм?
Дзуапп: 1. Ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг, фыццаг ирон нывгæнæг –Хетæгкаты КъостаСтыр ахуыргонд – Абайты ВасоРухстауджытæ – Колыты Аксо, Баййаты Гаппо
Фысджытæ – Гæдиаты Секъа, Коцойты Арсен, Дзанайты Иван, Мамсыраты ДæбеХæстонтæ – Мамсыраты Хаджумар, Плиты Иссæ, Гæздæнты авд æфсымæры, Темыраты авд æфсымæры
Æппæтдунейы æмæ Уæрæсейы хъуыстгонд актертæ – Тæбæхсæуты Бало, Уататы БимболатАхуыргæнæг: – Сымахæй уыдоны номыл уынгты исчи цæры?
– Цавæр уынгыл цæрут сымах та?
2. Текстыл куыст. «Дзæуджыхъæу»
а) Ахуыргæнæг амоны ног дзырдтæ. Дзырдтæ фыст сты тексты бынмæ.
Дзырдуатон куыст;
æ) Аудирование (повтор слов после учит. с переводом);
б) Ахуыргæнæг кæсы текст;
в) Ахуырдзаутæ кæсынц текст радыгай æмæ йæ тæлмац кæнынц хъуыдыйадгай.
3. Тексты анализ. Фæрстытæн дзуапп дæттынц тексты мидисмæ гæсгæ.
– Цы хуыйны Цæгат Ирыстоны сæйраг сахар?
Цæгат Ирыстоны сæйраг сахар у Дзæуджыхъæу.
Цавæр адæмыхæттыты минæвæрттæ цæрынц ам?
Ам цæрынц алыхуызон адæмтæ, уырыссæгтæ, гуырдзиæгтæ, сомихæгтæ, грекъæгтæ æмæ æндæртæ.
Куыд цæрынц æппæт адæмтæ?
Аппæт адæмтæ дæр цæрынц хæларæй.
Цы ис нæ сахары?
Нæ сахары ис институттæ, техникумтæ, скъолатæ, заводтæ, фабрикæтæ, фæлладуадзæн парктæ.
Цавæр адæмы нæмттæ лæвæрд æрцыд ацы куыстуæттæнV. Аив фарстАхуыргæнæг: Сымах хъуамæ абонмæ бацæттæ кодтаиккат æрмæг горæт Дзæуджыхъæуы тыххæй.
Ахуырдзауты дзуæппытæ.
1 –аг ахуырдзау: Дзæуджыхъæу у Ирыстоны сæйраг горæт. Уый арæзт æрцыд мин авдсæдæ æстай цыппæрæм азы. Раздæр Дзæуджыхъæу горæт нæ уыд, фæлæ уыд фидар. Ам цардысты ирæттæ, уырыссæгтæ, хъазахъ.
2 –аг ахуырдзау: - Фæстæдæр горæты уынгты фæзындысты рæсугъд дурæй амад хæдзæрттæ, фысымуат, аргъуан, дуканитæ, хид. Байгом сты гимназ æмæ театр.
3 –аг ахуырдзау: Революцийы размæ Владикавказ нымад уыд Кавказы культурондæр горæттæй иуыл. Нæ горæтимæ баст сты Пушкины, Къостайы, Булгаковы, Вахтанговы нæмттæ.
4 –æм ахуырдзау: Абон нæ горæт йæ хуыз аивта. Бирæуæладзыгон хæдзæрттæ, театртæ, парктæ азæй – азмæ фылдæр кæнынц.
5 –æм ахуырдзау: Фæлæ нын рагон Владикавказ нæ зæрдыл æрлæууын кæны Сабырдзинады проспект. Ацы ран баззадис нудæсæм æнусы архитектурæ. Проспекты æнусон бæлæсты бын куы фæцæйцæуай, уæд дæм афтæ фæкæсдзæн, цыма зæронд Владикавказы уынгты тезгъо кæныс. Горæтæгтæ уарзынц ам сæ фæллад уадзын.
Ахуыргæнæг: Куыд загътам, афтæмæй нæ горæты ис бирæ рæсугъд æмæ фæлладуадзæн бынæттæ.
VI. Чиныгимæ куыст.
Байгом кæнут уæ чингуытæ (фарс 25. Айларты Зарæ 3 –аг къл.)
Текст: «Дзæуджыхъæуы парчы»
Дзырдуатон куыст. Зынæмбарæн дзырдтæ фыст сты фæйнæгыл: фæсхох – за горой
зæрин тынтæ –золотые лучи
баузы кæрдæг – покачивает траву
базмæлын кæны – приводит в движение
цъитиджын бæрзæндтæм – к высоким ледникам.
Текст кæсы аивæй ахуыргæнæг.
Аудирование (Дзырдтæ дзуры ахуыргæнæг?
– Цы бамбæрстат тексты мидисæй?
Текст кæсынц ахуырдзаутæ æмæ йæ тæлмæц кæнынц.
Тексты анализ фæрстытæм гæсгæ.
Грамматикон хæслæвæрд текстимæ: - Дыккаг абзацы ссарут дзырдтæ дæргъвæтин æмхъæлæсонтимæ æмæ сæ рафыссут уæ тетрæдтæм.
Ахуыргæнæг: – Дарддæр кусæм чиныгимæ. Райгом кæнут фарс 30. Текст: «Дзæуджыхъæуы сæйраг уынг».
Текстимæ куыст. 1. Дзырдуатон куыст (дз. фыст фæйнæгыл)
2. Аудировани3. Ахуыргæнæджы аив каст
4. Скъоладзаутæ кæсынц æмæ тæлмац кæнынц текст.
5. Тексты анализ, фæрстытæн дзуапп дæттын тексты мидисмæ гæсгæ.
6. Грамматикон хæслæвæрда) Фыццаг хъуыдыйады ссарын номдар номон хауæныæ) Атасындзæг æй кæнут
Цы хонæм номдар?
Цы бæрæг кæны номдар?
Цавæр фæрстытæн дзуапп дæтты номдарЦал нымæцы ис номдарæн?
Цал хауæны ис номдарæн?
Чиныджы фæрстытæн раттын дзуаппСаразут дзырдбаст номдар проспектимæ (уæрæх проспект).
Саразут хъ-д дзырдбастимæ
Мах цæуæм уæрæх проспектыл.
VII. Хатдзæгтæ:
– Цæуыл ныхас кодтам абон нæ урочы?
– Нæ урочы ныхас кодтам нæ Райгуырæн бæстæйыл, нæ Ирыстоны зындгонд адæмыл тыххæй, нæ горæты сæйраг уынгтыл.
– Нæ урочы темæ куыд хуыйны?
– Нæ урочы темæ у «Мæ Райгуырæн бæстæ» Дзæуджыхъæу - Владикавказ
– Раздæр Дзæуджыхъæу фидар уыд æви горæт?
– Раздæр Дзæуджыхъæу уыд фидар.
4. – Кæцы азы арæзт æрцыд? 1784 азы
5. – Цавæр зынгонд адæймæгты нæмттимæ баст у нæ горæт?
– Нæ горæт баст у Пушкины, Къостайы, Булгаковы, Вахтанговы нæмттимæ.
6. – Кæй ном хæссы нæ горæты сæйраг уынг?
– Нæ горæты сæйраг уынг хæссы Хетæгкаты Къостайы ном
7. – Цавæр фæлладуадзæн бынæттæ ис нæ горæты?
– Нæ горæты ис фæлладуадзæн парктæ, театртæ, музейтæ æмæ кинотеатртæ
8. – Сымахæн дæр Ирыстон уæ Райгуырæн зæхх у?
– О, махæн дæр Ирыстон у Райгуырæн бæстæ.
9. – Цæмæн?
– Уымæн æмæ мах ам райгуырдыстæм;
– рæзæм ирон адæмы æхсæн;
– ахуыр сын кæнæм сæ рæсугъд æвзаг, се 'гъдæуттæ, æмæ культурæ.
VIII. Хадзæрмæ куыст:
Ныффысын нывæцæн: «Мæ горæт».
«Дзæуджыхъæу».
Цæгат Ирыстоны сæйраг сахар у Дзæуджыхъæу - (Владикавказ).
Ам цæрынц алыхуызон адæмыхæттыты минæвæрттæ: ирæттæ, уырыссæгтæ, гуырдзиагтæ, сомихæгтæ, грекъæгтæ æмæ æндæртæ.
Ирыстоны бынæттон цæрджытæ сты ирæттæ – рагон скифты, сæрмæтты æмæ аланты байзæддæгтæ.
Æппæт адæмтæ дæр цæрынц хæларæй.
Нæ сахары ис институттæ, техникумтæ, скъолатæ, заводтæ, фабрикæтæ, фæлладуадзæн парктæ. Дзæуджыхъæуы уынгтæй бирæтæн лæвæрд æрцыд зындгонд æмæ номдзыд адæймæгты нæмттæ.
Дзырдуат:
адæмыхæттытæ – национальности
минæвæрттæ – представители, послы
бынæттон – местный
байзæддæгтæ – потомки
зындгонд – известный
номдзыд – знаменитый