Тем?. Аф?лг?сын хуым?т?г хъуыдыйадыл.


Темæ. Афæлгæсын хуымæтæг хъуыдыйадыл.
Урочы темæ : Ныффыссын сæрмагонд грамматикон куыст.
Урочы хъомыладон хæс. Мадæлон æвзаджы фарнимæ фæлтæрты арфæй-арфдæр зонгæ кæнын.
Урочы нысан. Бафидар кæнын зонындзинæдтæ.
Урочы цыд.
Бакусын аивæй урочы нысан æмæ хъомыладон хæс баххæст кæныныл.
Ныффыссын сæрмагонд грамматикон куыст.
Базонгæ кæнын ахуырдзауты хуымæтæг хъуыдыйады æзæрсты схемæимæ.
Практикон фæлвæрæн саразын.
Хæс. Алы ахырдзау дæр 8-æм къласы ирон æвзаджы чиныджы фæлтæрæнтæй æвзары бархийæ иу хъуыдыйад йæ тетрады.
4.Сфæлдыстадон куыст бакæнын.
Хæс. Бæрæггæнæны фæрцы радаргь кæнут номхуындон хъуыдыйдтæ: хъæд, сæумæрайсом, цъыбар-цъыбур; сырдтæ; хур; сыфтæр.
Ацы хъуыдыйæдтæ баивут номхуындонтæй.
«Æрбахъуызы сæрдыгон изæр». »Мадæлон æвзаг-æвзæгты сæр у». «Дæлиауæй хъуысы доны зарын».
Хъуыдыйад уырыссаг æвзагæй раивут уæхи мадæлон æвзагмæ, баххах дзы кæнут хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ.
«Женитьба Давид-Сослана на Тамаре вывела осетин на верную дорогу как в деле укрепления независимости своего государства, так ив деле распространения среди народа образования и просвещения».
5.Баххæст кæнут æмбисæндтæ:
Калмæн дæр ма…
Æвзаг кæмæн..
Мадæлон æвзаг мады..Дзырд- хъомылад-æн скæнут фонетикон, морфологон æмæ синтæксисон æвзæрст.
Хæс. Ахуыргæнæгæн: Куыстытæ ацы бон сбæрæг кæнын, бæрæггæнæнтæ фехъуысын кæнын ахуырдзаутæн, раппæлын, бауайдзæф кæнын, уый фæстæ хайгай бакусын рæдыдтытыл.
Хæдзармæ куыст раттын.
1.Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут иувæрсыг хъуыдыйæдтæ.
2.Ныффыссут къаннæг синтæксисон радзырд «Иувæрсыг хъуыдыйæдтæ». Пайда кæнут, 8-æм къласы ирон æвзаджы чиныгæй, уæ тетрæдты ацы темæйæ цы фыстытæ ис, уыдонӕй.