Конспект урока по осетинскому языку на тему Киноаивад (10 класс)


Темæ: Киноаивад.
Граматикон темæ: Фæлхатын рæнхъон нымæцонтæ æмæ домгæвазыгджын хъуыдыйæдтæ.
Кълас: 10
Ахуыргæнæн чиныджы автор: Цæллагкаты С.
Урочы тип: комбинацигондУрочы методтæ:
Урочы ифтонгад: проекторон фæйнæгУрочы нысантæ:
1. Дарддæр ныхас кæнын скъоладзаутимæ киноивады тыххæй; арфдæр кæнын скъоладзауты зонындзинæдтæ Ирыстоны киноаивады тыххæй; кусын текстытимæ; фæлхатын рæнхъон нымæцонтæ æмæ домгæвазыгджын хъуыдыйæдтæ;
2. Ныхасы рæзтыл куыст: диалогон æмæ монологон фæлтæрдзинад рæзын кæнын; скъоладзауты сфæлдыстадон хъуыдыкæнынад рæзыныл архайын;
3. Хъомыл кæнын скъоладзаутæм Ирыстоны культурæмæ æмæ аивадмæ уарзондзинад æмæ цымыдисдзинад; ахуыр кæнын аргъ кæнын ирон æвзагæн; мотиваци кæнын скъоладзауты ирон æвзагыл дзурынмæ.

Урочы цыд:
Организацион хай:
Проблемон метод:
Æвдисын проектон фæйнæгыл нывтæ, къамтæ, кинойы скъуыддзаг, зæгъын чиныджы тыххæй, адæмон зарæджы тыххæй æмæ оперæ Къостайы тыххæй.
Фарст: Цы федтат проектон фæйнæгыл?
Скъоладзаутæ сæ хъуыдытæ дзурынц; хъуамæ æрцæуой ахæм хъуыдытæм: Уыдон сты аивады хуызтæ.
Ахуыргæнæг: Ацы аивады хуызтæй иуимæ абон кусдзыстæм. Кæцыимæ, уый мын сымах зæгъут.(Киноаивад)
2. Мотиваци: Киноаивад пайда нæу. Хорзæй æмæ пайдайæ æхсанадæн, паддзахадæн æмæ адæймагæн ницы дæтты. Мæнмæ гæсгæ æнæ аивадæй дæр ис фæцæрын.
Ахуыргæнæг: Разы стут ацы ныхæстимæ? Уæ хъуыдытæ зæгъут. (Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ).
3. Ахуыргæнæг: Уæдæ нæ размæ сæвæрæм хæстæ абоны урокмæ. - рæнхъон1. Иронау фылдæр æмæ рæсугъддæр дзурын.
2.
3.
Ахуыргæнæг: Фыццаг, дыккаг, æртыккаг… Цавæр ныхасы хæйттæ? Нымæцонты цавæр хуыз?
Ахуыргæнæг: Цавæр зарядкæ нын æххуыс кæны цы æвзаг ахуыр кæнæм, ууыл рæсугъддæр, аивдæр дзурыныл?(фонетикон зарядкæ)
4. 1-аг фæлтæрæн
Раст дзурут:
Курдиатджын – куырæтАрæхстджын – æххæстХатдзæг – хæтдзæнÆххуырст – ахуырстБахъахъхъæнын – бахахх кæнын5. 2-аг фæлтæрæнÆвдисын кинофестивальты сæйраг призтæ.
Фарст: Цы радзурдзыстут ацы нывтыл æвдыст цы ис, уыдоны тыххæй?
Дзуапп дæттынц скъоладзаутæ.
Ахуыргæнæг: Æркæсæм раст загътат æви нæ?Кæнæ бафтауæм цы загътат кинофестивальты тыххæй.
Дзырдуатон куыст:
Дзуапп дæттынц.
6. Фарстытæ: - формат
- Цавæр кинофестиваль саразиккат Ирыстоны?
- Цы скæниккат Ирыстоны кинофестивалы сæйраг приз?
- Цы ирон кинотæм бакастытстут кæнæ цы ирон киноты тыххæй дзырдтат урочыты, уыдонæй кæцы кинойæн ратиккат сæйраг приз?
- Ирон кинофестиваль нæй саразæн. Цæуылнæ?
- Уыдис бирæ цыбыргонд киноты фестивальтæ «Дирижабль», «Эдельвейс». Цы уын дзуры уыцы факт?
7. Нырыккон киноаивад Ирыстоны: кинотæ, артисттæ.
Ахуыргæнæг: Фæстаг 10 азмæ ирон даргъгонд кинотæ рацыд æрмæст 2.
Æвдисын киноты нæмттæ:
«Чи дæ, къарол Артур?» («Кто ты, король Артур?»)
«Алайнæгтæ. Ныгуылæнмæ фæндаг» («Аланы. Дорога на Запад.»).Фарст: Аивадон кинотæ сты?(Документалон)
Фарст: Чи у ацы киноты режиссер?(Туаты Теминæ)
Ахуыргæнæг: Кæй зæгъын æй хъæуы, документалон кинематограф гыццыл рæвдздæр у.
8. Текстытимæ куыст – къордтæй?
Дзырдуатон хæслæвæрд (цæттæ тæлмац, карточкæтыл):
1) - бирæ азты дæргъы- йæ документалон киноуацмысты иуы- кинолентæйы авторæн бантыст2) – Туаты Теминæйы фæстаг куыстытæй иу у
- уыцы рагон фидары (мæсыджы)
- сæрмæтаг æфсæддонтæн- кинопроекты дыккаг хайФизминуткæ.
9. 4-æм фæлтæрæн – рæнхъон нымæцонтæ.
10. Уарзон киножанр.
11. Карточкæтыл хæслæвæрд: цыбыр тексттæ рацыд æрмæгмæ гæсгæ цухгонд дзырдтимæ. (кæрæдзийы сбæрæг кæнын; фæстейы раст дзуаппытæ)
12. Проектон куыст: Ныффыссын сценарий документалон киномæ.
1) Цавæр кинойы жанр уæ фæндид сисын?
2) Цавæр уацмысмæ/цаумæ гæсгæ уæ фæндид сисын кино?
3) Æппæты фыццаг кино сисынæн цы хъуамæ уа?
Афæлварæм нæхи сценаристты ролы. Ныффыссæм сценарий документалон кинойæн. Ахæм темæйыл: Киноаивады рæзт Ирыстоны. Æххуыс та уын уыдзысты уæ карточкæтæ.
Хæдзармæ куыст:
– сфæлдыстадон: сисын кино, сценаримæ гæсгæ;
– ф. 199, 6-æм фæлтæрæнРефлекси.
Кæронбæттæн.

Сценарий:
Кинематографы истори райдыдта францаг дыууæ æфсымæры Луи æмæ Огюст Люмьер 1895;
XX æнусы райдианы синематографимæ базонгæ ис Дзæуджыхъæуы цæрджытæ. Фыццаг кинематограф «Пате» байгом ис 1907 азы, æхсæз азы фæстæ байгом ис дыккаг синматограф «Гигант».
Ирон кинематографы фыццаг къахдзæфтæ райдыдтой 1966 азы. Дзанайты Азанбег æмæ инициативон къорд систой телефильм «Ирон таурæгъ», кæцы æвдисы нæ адæмы рагон æгъдæуттæ.
Уыцы фильмы фæстæ Ирыстоны культурон царды рæзын байдыдта киноаивад. Ирыстоны киноавивады фыццаг минæвæрттæ сты: кинооперæ «Къоста», историон телефильм «Æртытæ мæсгуытыл», биографион телефильм «Кадæджы аккаг цард» æмæ аф.д.
Биографион телефильм «Кадæджы аакаг цард» бæлвырд æмæ ирдæй æвдыст цæуынц мидхæсты хъайтар Дзæрæхохты Хадзымураты царды цаутæ. Уый ныууагъта йæ райгуырæн хъæу, афтыдис Маньчжуримæ, уый фæстæ та - Мексикæ, Цæгат Америкæ, Аляскæмæ.
Ирыстоны киноаивады ныууагътой стыр фæд бирæ курдиатджын актертæ. Уыдонæй иу уыд Уататы Бимболат, кæцы Бибо раргом кодта æнтыстджынæй бирæ фалгонцтæ.
Ныры рæстæджы ирон фильмтæ арæх нæ исынц. 2006-æм рацыд Галазты Асланы драмæ «Зæрватыччытæ æртахтысты». Киноныв райста æппæт дунейы кинематографион дебютты фестивалы.
Арыгон актертæ