Доклад на тему Колыты Аксо
Колыты Аксойы миддунейы хъæздыгдзинад
Йæ зæрдæйы райгуырæн бæстæйы туг
цæджджинагау фыхт æмæ чъырсудзæнау
пиллон уагъта йе' мбæстон ирон адæмы мæтæй. Æхсæв нæ хуыссыд,
бон нæ бадти, Ирыстоны къуымты, зæрватыккау,
ратæх-батæх кодта, цæмæй сиу кодтаид
чырыстон дины
уырнындзинады руаджы армыдзаг
æмæ хæлиугонд ирон адæмы, цæмæй
царды уаг æппæтæй дæр фæхуыздæр
уыдаид, ууыл йæхи хъардта.
19 æнусы дыккаг æмбисы нæ ирон адæмы 'хсæнæй цæуын райдыдтой бирæ ахуыргонд адæм.
Ирон хæххон хъæу Нар æрмæст ирон литературæйы бындурæвæрæг Хеттæгкаты Къостайы райгуырæн хъæу нæу.
Нары хъæуæй рацæуæг зындгонддæр адæмы номхыгъды чи ис, уыдонæй иу у Колыты Бесайы фырт Аксо.
Йæ æхсæнадон, культурон-рухсадон æмæ литературон архайды тыххæй ирон культурæйы историйы Аксо ахсы зынгæ бынат. Уый ирон культурæйы къæбицмæ бахаста егъау æвæрæн куыд дины скъолайы аразæг æмæ ахуыргæнæг, тæлмацгæнæг, ирон аргъуаны бынурæвæрæг, рухстауæг æмæ поэт. Колыты Аксо чырыстон тырысайы бын æрбамбырд кодта Ирыстоны адæмы æмæ сæ слæууын кодта ахуырады æмæ чырыстон дины æмбарындзинады фæндагыл. Турчы 'рдæм, пысылмæттæм. Аксо хорз æмбæрста, Уæрæсеимæ баиу Ирыстоны адæмæн цы стыр историон фидæн скодта, уый. Стыр Уæрæсейы зынгæ адæмты 'хсæн ирон адæмы интеллигенции дæр зынын райдыдта. Уый уыд Аксойæн йæ хъуыдыты прогрессивондзинадæн æвдисæн.
Колыты Аксойæн йæ миддуне хъæздыг кæй уыдис, уымæ гæсгæ тынг хорз æмбæрста, ирон адæм Уæрæсейы дæлбазыр уæвгæйæ, культурон-рухсадон æгъдауæй размæдзыд кæй уыдзысты Стыр Уæрæсейы æппæт адæмты ' хсæн.
Ирон æвзаджы фыссынады æмæ культурæйы райрæзты уæды рæстæджы дины интеллигенци ахсынц зынгæ бынат, кæцытæ мА дины амынддзинадæй дарддæр уыцы иу рæстæг кодтой ахуыргæнæджы куыст дæр. Уыцы интеллигенцийы ' хсæн бæрæгдæр дардта Колыты Аксо, кæцы фыццаг арф æмæ уæрæх гутоны хахх акодта Ирыстоны культурон-рухсадон æмæ æхсæнадон-политикон райрæзты хъуыддаджы.
Стыр æвæрæн бахастой Колыты Аксойы сфæлдыстадон куысты бæрæггæнæнтæм Берозты Батраз, Гатъуты Алексей, декабрист В.Толстой, Байаты Гаппо, Хеттæгкаты Къоста æмæ Гæдиатя Секъайы статьятæ. Фæлæ уæддæр, хъыгагæн, Аксойы сфæлдыстадон бынтæ кæронмæ иртæст не'рцыдысты абоны онг.
Колыты Бесайы фырт Аксо райгуырд 1823 азы аргъуан хъахъхъæнæджы хæдзары. Ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы дины скъолайы. Ацы скъолайæн йæ сæйраг нысан уыдис чырыстон дин пропагандæ кæнын ирон адæмы 'хсæн.
Аксо скъолайы ахуыр кæнгæйæ равдыста стыр курдиат, æмæ ахуыр куы фæци, уæд æй арвыстой дарддæр ахуыр кæнынмæ дины семинармæ Тифлисмæ. Семинары ахуыры азтæ (1839-1845) стыр ахъаз фесты Аксойæн йæ миддунейы райрæзтæн. Семинар каст фæцис иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ. Колыты Аксо – фыццаг ирон адæймаг, æнтыстджынæй Тифлисы семинар каст фæуæг. Уæды рæстæджы уый нымад уыд уæлдæр ахуыргæнæндоныл Кавказы.
1845 азы Аксо кусын райдыдта рахдæр йæхæдæг цы скъолайы ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы, уым инспекторæй æмæ ирон æвзаджы ахуыргæнæгæй.
1847 азы кусын райдыдта Ирон аргъуаны сауджынæй, æртæ мæйы фæстæ та сси Ирыстоны дины къамисы сæргълæууæг. 1849 азы Аксо сси Дзæуджыхъæуы дины скъолайы сæргълæууæг. Уыцы иу рæстæг кодта сауджыны, ахуыргæнæджы æмæ æппæт Ирыстоны скъолатæм цæстдарæджы куыст.
1866 азы 44 аздзыдæй ахицæн йæ цардæй Колыты Аксо рæуджыты низæй. «Мæгуырæй ныууагъта æрмæст йæ бинонты нæ, фæлæ уæды рæстæджы æнæхъæн раззагдæр интеллигенцийы, кæцыйæн Аксо уыд йе 'стыр ныфс.»
Колыты Аксо ныгæд æрцыд Дзæуджыхъæуы Ирон аргъуаны кæрты.
Колыты Аксойы æнафон ахицæн цардæй Гатъуты Алексей рахуыдта «стыр æнамонддзинад, кæцы бавзæрстой Ирыстон æмæ чырыстон адæм». Колыты Аксойы хъæугæ æхсæнадон куыстæн уæды рæстæджы хицауад аккаг аргъ не скодта. Уымæн æвдисæн у йæ амæлæты фæстæ йæ бинонты уæззау материалон уавæр. Йæ цотæн къазнайы хардзæй сæ бон нæ уыд ахуырмæ бацæуын дæр, кæд йæ бинойнаг Мелани тынг архайдта, уæддæр.
Колыты Аксо уыд Ирон чырыстон аргъуаны бындурæвæрæг. Тифлисы семинар каст фæуыны фæстæ Аксо зæрдиагæй бавнæлдта чырыстон дин хæлиу кæнынмæ. Уый уыд фыццаг сауджын, кæцы хæлиу кодта дины куыст иронау, уыдис хуыздæр популярон динамонæг ирон адæмы 'хсæн.
Уæды рæстæджы Дзæуджыхъæуы ирон хæстон окруджы хицау уыд Александр Вревский – генерал-лейтенант. Вревский тынг æххуыс кодта Аксойæн æмæ Ирыстоны Иннæ дины кусджытæн, цæмæй зæронд кæлæдздзаг хъæдын аргъуаны бæстыхай амад æрцæуа дурæй. Барон Вревский йе 'ххуысы хай бакодта Ирон аргъуаны ног арæзтадæн – 400 сомы балæвар кодта Вревский , Аксо та – 200 срмы. Аргъуан кæронмæ арæзт фæцис 1862 азы.
1964 азы фæндаггон бæллæхы фæмардБарон Вревский, ныгæд æрцыд Ирон аргъуаны кæрты Дзæуджыхъæуы. Ирон адæмæн сæхи хсæнæй дины кусджытæ кæй фæзынд, уый ахъаз фæци уымæн, æмæ æппæт ирон аргъуантæ Ирыстоны иууылдæр райдыдтой кусын иронау. 1861азы Тифлисы рауагътой Иоанн Златоустый –ы зæронд тæлмац иронау. Тæлмацыл бакуыста Колыты аксо йе'мхуызон сауджынтимæ. Рауагътой мА ноджы бирæ дины литературæ иронау, куыд дины скъолайæн, афтæ ирон аргъуанæн дæр.
Хеттæгкаты Къоста фыста фæстæдæр: «След, оставленный ими, - осетинская церковная служба» и «грамотная Осетия» - все это во всей полноте может относиться только к блаженной памяти протоирея А.Колиева…Переводы Евангелия, и и молитв, и урывков церковных служб – труд большой, что и говорить, но ведь это заслуга опять-таки очень ограниченного кружка, во главе с протоиреем Аксо Колиевым.
Паддзахы уæззау колониалон дуджы рæстæг Колыты Аксо ирон адæмы 'хсæн фыццаджыдæр тауын райдыдта ахуырад. Тынг зæрдиагæй архайдта, цæмæй Ирыстоны ГОм кæной фылдæр скъолатæ æмæ сæм хауой ирон мæгуыр фæллойгæнæг адæмы цот.
Йе ' ргом тынгдæр здæхта ирон æвзагмæ, йæхи хъардта ууыл, цæмæй ирон сывæллæттæ ахуыр кæной къазнайы хардзæй. Йæ цæст дардта, скъола-иу каст чи фæци, уыдоны дарддæры царды фæндагмæ. Бирæтæ-иу арвыстой дарддæр ахуыр кæнынмæ стыр горæттæм дæр.
Колыты Аксойы рухсадон куыст уыд бирæкъабазджын. Æппæтæй ахсджиагдæр нысаныл йæ куысты нымадта ирон сылгоймаджы ахуырдзинад.
«Ног фæлтæртæ цæмæй хорз хъомыл кæной, уымæн хъæуы ахуыр æмæ размæдзыд бинонтæ, æмæ ахæм бинонтæ саразынæн та хъæуы фыццаджыдæр-фыццаг ахуыр æмæ размæдзыд сылгоймаг – мад».
1862 азы Колыты Аксойæн йæхи хъаруйы фæрцы, йæ куынæг фæрæзтимæ бантыст дыууæ къласы скъола байгом кæнын ирон чызджытæн. Гом та йæ бакодта йæхи хæдзары, ахуыр сæ кодта лæвар, йæхæдæг сын уыд ахуыргæнæг дæр. Цыппар азы дæргъы Аксо йæхæдæг æлхæдта чингуытæ, скъоладзаутæ дæр агуырдта йæхæдæг, раздæр уал дзы ахуыр кодтой 18 чызджы. Чызджыты скъолайы кой айхъуыст уайтагъддæр Ирыстоныл. Ахæм хорз хъуыддаг йæ бон скæнын уыд æрмæстдæр æцæг патриотæн, адæймагæн, кæцы хъуыды кæны йæ адæмы дарддæры цардыл. Аксойæн кæд йæ хæдзары бинонтæ мæгуыр æмæ къуындæг цард кодтой, уæддæр скъолайы хæрдзтæ истай æхимæ, нæ тарст зындзинæдтæй. Фæндыд æй, цæмæй сылгоймаг æхсæнады ссара йæ бынат, уый фыццаг хатт йæ дуæрттæ байгом кодта чызджытæн.
Аксо зыдта, цæмæй ахуытры хъуыддаг бæрзонддæр цæуа, уымæн хъæуы фылдæр финансон уавæртæ æмæ ныффыста рапорт уæлдæр хицауадмæ. Цæмæй фылдæр скъоладзаутæ ахуыр кæнынмæ ист цæуа, уымæн хъæуы райсын дыууæ ахуыргæнæджы:
иу-ирон æвзаг ахуыр кæнынмæ, Хуыцауы закъон æмæ иннæ предметтæн;
дыккаг та – къух ми кæныныл ахуыр кæнынмæ.Уæлдæр хицауад хорз бамбæрста Аксойы позици æмæ йын зæрдæ бавæрдта алы аз дæр-иу кæй рауæлдай кæндзæн 300 сомы скъолайæн, уымæй.
1863 азы скъолайы уавæртæ зынгæ фæхуыздæр сты. Цалдæр азы фæстæ чызджыты скъолайы бындурыл арæзт æрцыд сылгоймæгты приют, кæцы куыста суанг 1918 азмæ, стæй йæ уæд баиу кодтой иннæ ахуыргæнæндонтимæ æмæ дзы байгом кодтой педагогон институт, ныры ЦИПУ. Сылгоймæгты скъолайы рауагъдонтæн сæ фылдæр уыдысты хæххон хъæутæм æрвыст кусынмæ ахуыргæнджытæй, дарддæр хæлиу кодтой ахуырдзинад. Уæды сылгоймæгты приютæй рацыд 500 рауагъдонæй фылдæр, кæцытæ стыр æвæрæн бахастой ахуырады хъуыддаг хæлиу кæнынæн Ирыстоны
90-æм азты райдиан уæлдæр хицауад сфæнд кодтой сылгоймæгты приют ахæссын Фæскавказмæ. Сæ риуы æмбæрцæй слæууыдысты уыцы фыдвæнд нæ бауадзыныл Хеттæгкаты Къоста, Гатъуты Алексей æмæ иннæ ирон интеллигенции. Скъола йæ бынаты баззад, фæлæ йæ бахъахъхъæнджытæ карз æфхæрд баййæфтой. Къоста æмæ йе 'мхуызæттæ æрвыст æрцыдысты Дзæуджыхъæуæй, Кокиты Сергейæн та кусыны бар нал уыдис ахуыргæнæгæй.
Уæды рæстæджы хицауад æмæ интеллигенцийы руаджы 19 æнусы дыккаг æмбисы зокъотæ къæвдайы фæстæ куыд фæзынынц, афтæ кæрæдзийы фæдыл фæзындысты сылгоймæгты скъолатæ егъаудæр хъæуты; Салыгæрдæны, Æрыдоны, Дарг-къохы, Ольгинскæйы, Джызæлы, Хуымæллæджы, Дæргъæвсы.
Тынг цыбыр рауад Колыты Аксойы цардвæндаг. Афтæ æнафоны куынæ ацыдаид цардæй, уæд ноджы фылдæр бынтæ ныууагътаид ирон литературæйы къæбицæн. Чи зоны, Аксойы къухæй ма фыст æрцыд æмдзæвгæтæ, фæлæ дзы иртæст æрцыд æрмæстдæр æртæ, кæцытæ уæддæр æвдисæн сты, Аксо поэт кæй уыд, уымæн.
Колыты Аксойы размæ Ирыстоны æвзагыл никуы ничи фыстаæм
дзæвгæтæ. Йе 'мдзæвгæтæ сты дины хабæрттыл фыст.
Æмдзæвгæ
«Чырыстийы рухс райгасдзинад» у
Чырыстийыл легендæ, куыд æй байтыгътой
Æмæ йæ тыхмард куыд акодтой. Стæй куыд райгас æмæ уæлæрвтæм куыд ссыд.Ацы æмдзæвгæ уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй академик Шифнер ныффыста 1868 азы «Осетинские тексты», - зæгъгæ, ахæм чиныджы. Мыхуыры рацыд Ирыстоны 1913 азы журнал «Чырыстон цард»-ы.
Æмдзæвгæ «Мады Майрæмы кады зарæг» уагъд æрцыд 1911 азы газет «Чырыстон цард»-ы. Ацы æмдзæвгæ дæр у фыст йæ мидисмæ гæсгæ аргъуаны-иу кæй кодтой кувæг адæм Чырыстийы Мадыл, ахæм зарæг. Автор Мады майрæмы хоны Стыр Сылгоймаг, кæцы рухс кæны тар зæхх, куры дзы, цæмæй æххуыс кæна мæгуыр адæмæн.
Æмдзæвгæ «Мах фыд». Фыст æрцыд 1865 азы. Ацы æмдзæвгæ фыст у уырыссаг куывд «Отче наш»-ы мидисыл. /мдзæвгæйы фыццаг строфа схуыдта «Сидын», дыккаг строфайæ æстæм строфамæ та сыл уырыссагау ныффыста «прошение». «Прошение» æмæ афтæ дарддæр, Ома алы строфа дæр у хицæн курдиат Хуыцаумæ.
Фарæстæм строфайы ныхмæ та банысан кодта «Славословие»-ома кадгæнæн ныхас.
Аксойы æмдзæвгæтæ ирон хъæуты адæм ахуыр кодтой æмæ зарыдысты стыр уарзондзинадимæ.
Æмдзæвгæты дзырдтæ сты аив, Гæдиаты Секъайы загъдау, «агайынц зæрдæ æмæ сæрымагъзы дзæнгæрæгау зæлланг кæнынц».
Аксойы æмдзæвгæтæ цымыдисаг сты се ' взагæй, сты фыст ныры ирон литературон æвзаджы хуызæн, сты æнцонæмбарæн, зарынæн аив. Бæрæг у, Аксо сæ аргъуаны зарынæн кæй фыста, уый.
Аксойы цардвæндаг кæд хæрз цыбыр рауади, уæддæр уый ныууагъта арф фæд ирон литературæйы историйы.
Аксо æнæхъæнæйдæр йæ цыбыр цард снывонд кодта йæ адæмы рæсугъддзинадæн, бацамыдта сын рухс фæндаг. Уыд мæгуыр адæмы сæрхъуызой. Йæ царды нысан Аксо уыдта фидæны мæгуыр ахуыргонд адæмимæ.
Ирон сылгоймаджы бартыл дзурæг Аксо – чырыстон дины тырыса хæссæг. Ирон аргъуаны бындурæвæрæг.
Аксо – фыццаг арф гутон хахгæнæг ирон сылгоймæгты бындур сæвæрыныл.
Колыты Аксо йæхицæн скодта бæрзонд ном ирон культурæйы историмæ цы егъау æвæрæн бахаста, уымæй.
Колыты Аксойы равæрæн ис Æгъуызаты Иуанейы æмрæнхъ иумæ. Аксо Иуанейау уыд рухстауæг, дины скъолатæ аразæг æмæ ахуыргæнæг, дины чингуытæ тæлмацгæнæг, бæллыд йæ адæмы чырыстон дины фæрцы рухсмæ ракæнынмæ, фыста æмдзæвгæтæ, æрмæст сæ Аксо фыста сыгъдæг мадæлон æвзагыл.
Колыты Аксо куыд ирон хæххон сылгоймаджы ахуырады бындурæвæрæг, ирон аргъуаны бындурæвæрæг, сыгъдæг мадæлон æвзагыл фыссæг, фыццаг поэт Ирыстоны, рох никуы уыдзæн ирон адæмæй.
Колыты Аксойы цыртыл нывгонд ныхæстæ Ирон аргъуаны кæрты:
«Рухсаг у, рухсаг!
Æгас Ир дæ бузныг сты» - æвдисæн сты нæ ирон адæмы зæрдæты цы уарзондзинад ис рухстауæг, поэт, тæлмацгæнæг æмæ Ирон аргъуаны бындурæвæрæг Колыты Бесайы фырт Аксомæ.
Дæ ном рох никуы уыдзæн, цалынмæ ирон адæймаг ирон зæххыл цæра, уæдмæ. Цалынмæ ирон зæххыл адæймаг иронау дзура, уæдмæ.
1. Колыты аксойы бæрзонд номæн стыр кад кæнынц куыд Цæгат Ирыстоны, афтæ Хуссар Ирыстоны хицауæдтæ. Дыууæ республикæйы дæр сæнусон кодтой Аксойы ном куыд рухстауæг æмæ ирон культурæйы историйы зынгæ бынат ахсæг.
2. Колыты Аксойы ном лæвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны аивæдты лицейæн æмæ лицей цы уынджы ис, уыцы уынгæн дæр.
2000 азы Ватутины уынджы парчы æвæрд æрцыд цыртдзæвæн Колыты Аксойæн йе ' рвадæлтæ Леонид æмæ Лазыры номæй.
3. Аивæдты лицейы Цхинвалы арæзт æрцыд ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты фонд Колыты Аксойы номыл. Алы аз дæр хуыздæр ахуыргæнджытæ хорзæхгонд æрцæуынц сæ хорз куысты тыххæй ацы фондæй.
4. Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны Паддзахадон Университеты æмæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты Колыты Аксойы номыл æвæрд æрцыд стипенди. Æрвыл аз хуыздæр студентæ хорзæхгонд æрцæуынц Аксойы номыл стипендийæ.
Гуытьиаты Индирæ