Урок. Тем?: С?рибар ?м? намыс куд зоны хъахъхъ?нын ирон. (Ф?рнион Къостайы очерк Хъ?батыр ц?рг?с-м? г?сг?). 
ТЕМÆ«Сæрибар æмæ намыскуыд  зоны хъахъхъæнын ИРОН!»(Фæрнион Къостайы очерк«Хъæбатыр цæргæс»-мæ гæсгæ).Фæрнион КъостаДзæрæхохты Хадзы-Мурат
Урочы  нысантæ:Æрдзурын  уацмысы  мидисыл, цауты  историон  рæстæгыл, сгуыхтдзинæдтыл,       мидхæсты  хабæрттыл.2.  Скъоладзаутæн  æвзæрын  кæнын  сæрыстырдзинад  фыдæлты хъæбатырты    сгуыхтдзинæдтæм, уарзондзинад  Райгуырæн  бæстæмæ.3.  Киноныв:«Жизнь ставшая легендой».
Урочы мидис:Сбæрæг кæнын Х\К.Чи  уыд  Фæрнион  Къоста?Йæ  уацмысты  сæйраг  темæтæ  цы  уыдысты?Цавæр  прозаикон  уацмысимæ  базонгæ  стæм  раздæры  урочы?Чи  у  уыцы  хъæбатыр цæргæс, кæй хоны  фыссæг афтæ?5.    Куыд  фыст æрцыд  «Хъæбатыр цæргæс?».
Ахуыргæнæджы раныхас:Размæйы  урочы  мах  базонгæ  стæм  Ирыстоны  номдзыд  хъæбултæй  иу, хъæбатыр  Дзæрæхохты  Хадзы-Мураты  номимæ.  Абоны  урочы  та  нæ  ныхас уыдзæн  йæ  хæцæн  бынæттæ  æмæ  йе  сгуыхтдзинæдтыл.  Зильгæйаг   лæппу дард   Архангельскы  зæххыл  тох  куыд  кодта,  урсгвардионты  куыд  дæрæн кодта,  уыцы  хабæрттыл  æрдзурдзыстæм  бæстондæр.  Развæлгъау   уал базонæм  нæ  хъайтар  цы Архангельск  сыгъдæг  кодта  знæгтæй, уымæн  йæ бынат.Горæт  Архангельск  ис  Цæгаты . Абон  хауы Уæрæсемæ.  Арæзт  æрцыд 1584 азы.1683  азмæ  хуынд  Холмогор.  Йæ  климæт  у  субарктикон,  денджызон   даргъ зымæг  æмæ  цыбыр  сæрдимæ.  Архангельск  у  егъау  наукон  æмæ промышленнон  хай  Цæгат  Ныгуылæны.  Бирæ  сты  йæ  кæсаджы  æмæ  нефты æвæрæнтæ,  алмазтæ.  Бирæ  сты  йæ  хъæдгуыстгæнæн  авналæнтæ  дæр. Стыр пайда  хæссы  Архангельскæн  йæ  кæсаджы  куыст.Уæй  кæны  хъæд, гæххæтт, кæсаг.  Ахуыргæнæндæттæй  дæр  фæсте  нæ  баззад: ссæдз  ахуыргæнæн  бынаты , æртæ  университеты, академи, институт, 7700 куыстуаты.  (Слайдтæ).Историон  справкæ.
1918-1922  азты  Уæрæсейы  цыдис  мидхæст, революци фæуæлахиз,  кусæг адæм  сæ  бартæ  сæхимæ  райстой. Уыцы хæсты  кусджытæ  рахæцыдысты, сæрибар  цард  сын  чи  радта, уыцы  коммунистты  партийы  фарс, æмæ  знæгтæ  дæрæнгонд æрцыдысты.  Урсгвардионтæн  сæ сæр сæ кой  сси  æмæ  лыгъдысты  алы  паддзахадтæм, кæмæн  куыд  æнтыст , афтæ. Сырх  æфсад, кусджытæ æмæ  зæхкусджытимæ иумæ бахъахъхъæдтой  сæ  бæстæ – дунейы  мидæг  фыццаг социалистон  бæстæ. Мидхæсты  рæстæг  Ирыстоны  намысджын  хъæбултæ  канд  Ирыстоны  зæххыл нæ  тох  кодтой, фæлæ  хæцыдысты Советон  хицауады  сæрыл  Уæрæсейы  алы къуымты.  Уымæн  æвдисæн  Цæгат   Архангельск.  Ацы  горæт урсгвардионтæй  æмæ  интервенттæй  чи  ссыгъдæг  кодта, уый  у  Фæрнион  Къостайы  очерк  «Хъæбатыр  цæргæс»-ы  сæйраг герой   Дзæрæхохты   Хадзы-Мурат.
Ирон   адæм  сæ  хъайтарыл  сарæзтой   кады   зарджытæ  , йæ  цардыл   фыст æрцыди   роман   уырыссагау  «Заповедь».  Йæ  автор  Черчесты  Георгий.  Режиссертæ:  Дзбойты  (Бабле)  Батырбек  æмæ  Юрий  Чулюкин   систой  1969  азы  киноныв   «Жизнь  ставшая  легендой».  Хадзы-Мураты  ролы   ахъазыд  зындгонд  уырыссаг  актер   Дагун  Омаев.О,  диссаджы  адæймаг  уыдис  Дзæрæхохты  Хадзы—Мурат.  Хæсты кæддæриддæр  уыдис  фæзминаг  йæ  къорды   цæргæстæн.  Йæхицæй арæхстджындæр  æмæ  рæстдзæвиндæр   нæ  уыд.
«Уый   хуымæтæджы хъæбатыр  нæ  уыд. Уый  уыдис  фæлтæрджын, цард  йæхæдæг  кæй  бацæттæ  кодта  ,  ахæм   хæстон  командир, - мысыд мидбæстон  хæсты  архайæг  К. Коничев.Сгарджыты  æхуыссæй  кæдæриддæр  зыдта  иттæг  хорз  уавæр,  знаджы  тыхтæ,  йæ  лæмæгъдзинад  æмæ – иу  размæ  бырста  æдæрсгæ  æмæ æгъатырæй»…
Канд   хæстон  арæхстдзинад  æмæ  æхсар  не рхастой  кад  æмæ  намыс  Хадзы –Муратæн.  Знагмæ  æнæуынондзинад  æмæ къорды  хæстонтыл  хи  фыды  хуызæн, Цæгаты  сабыр  фæллойгæнæг  адæмыл  аудындзинад, интервентты  рбалæбурды  фæстæ  бæллæхы   бахауæг  цæгатаг  цæрджытыл  мæт, рæстаг  удыхъæд,- ахæм уыдис  адæмон  хъæбатыр  Дзæрæхохты  Хадзы-Мурат.  Æрмæст  йæ койæ  дæр-иу  ризæг  бахæцыд  контрреволюционертæ  æмæ  интервенттыл.  Æхсæв  дæр  æмæ бонæй  дæр-иу  йæ  къорд  февзæрд  æппæты  тæссагдæр  рæтты.  Йæ  хъæбатырдзинады  тыххæй  адæм  дзырдтой  диссæгтæ. Йæ  ном  баззадис  дзыллæты  зæрдæты,  чингуыты, уыдонимæ  Н.Никитины  роман  «Северная Аврорæ»-йы   дæр.
Уæдæ  чи  уыди  Дзæрæхохы  фырт?  Цæмæй  фесгуыхти?  Цæмæн  æй  уарзтой  æгæрон  уарзтæй  йе мбæлттæ?  Йæ  хъæбатырдзинад  куыд  айхъуыст  æппæт  Уæрæсейыл, Ирыстоныл?  Куыд  фыст  æрцыд  очерк  «Хъæбатыр Цæргæс?».  Æппæт  ацы  фарстатæн  мах  ратдзыстæм  дзуапп,  уымæн  æмæ нын  уыдысты  хæдзармæ  лæвæрд.  Журналист  Фæрнион  Къоста  цыд  Дзæрæхохты  Хадзы-Муратимæ  Архангельскмæ  1934 азы  партизанты   конгрессмæ. Фæндагыл  цæугæйæ  поезды, конгрессы  цы диссæгтæ федта  æмæ фехъуыста  Хадзы-Муратæй, уыдоны  бындурыл  фыст æрцыд  очерк «Хъæбатыр  цæргæс».
Дзæрæхохты  Уарийы  фырт  Хадзы-Мурат  райгуырд  1874 азы  Цæгат  Ирыстоны  Зилгæйы  хъæуы.  Йæ  фыд  Уари  уыдис  æххуырст.  Æртындæсаздзыд  лæппу дæр  æххуыс  кодта  хæдзары  куыстытæн.  Гыццылæй  рахаста  фидар  удыхъæд  суинаг  хъæбатыр.Иухатт  сæ  зæххы  гæппæлы  куыстæй  æрцæйцыдысты  йæ фыдимæ  бæхуæрдоныл.  Сæ  размæ  фесты  абырджытæ  æмæ  сын  истой  сæ бæхы.  Фыд  лæппуйæн  тæрсгæйæ,  æппындæр  ницы бауæндыд  сдзурын.  Æрмæст  гыццыл  Хадзы—Мурат  мæстæй  рафыхт,  бæх  феуæгъд  кодта  æмæ  йæ  дугъы  ауагъта.  Абырджытæ  дæр  фесты  йæ фæдыл.  Куы  йæ  байййæфтой,  уæд  лæппуйы  къухы  февзæрд   фæрæт,  æргæпп  кодта  æмæ слæууыд  сæ  разы: «Удæгасæй  æз  мæ  бæхы  нæ  ратдзынæн,  мæ фыд  æй йæ  туджы  æртахæй  балхæдта».  Абырджытæм  лæппуйы  ми  фæкаст  ахæм  диссаг,  раст  цыма  сæ разы  уыд  æнæхъæн  æфсад.  Сывæллоны  цæстæнгас  сæ  афтæ  ахызт  æмæ  абырджытæ  фæстæмæ  аздæхтысты.  Гъе,  ахæм  уыд  гыццыл  Хадзы-Мурат.
«Гайлаг  родæй  бæрæг  вæййы»,- зæгъы  ирон  æмбисонд.  Гæвзыкк  цард  мæгуырты  цъист  кодта  алырдыгæй  æмæ хъæзгуыты  зæххытæ  исын  райдыдтой.  1902 азы  уыдис  Сыстад.  Уыцы  сыстады  фыццаг  уыдис  Хадзы-Мурат.  Хицауад  æрбарвыста  салдæтты  æмæ лæппуйы  бахъуыд  искуыдæм  алидзын.  Æмбæхст  Владикавказы.  Куыста  куыройы,  саста  суг,  куыста  уæхскуæзæй.  Фæлæ йæм хъæздыгдзинад уæддæр хæстæг нæ цыди.Æмæ  уæд  куыстагур  афтыд  Маньчжуримæ,  уырдыгæй  Мексикæмæ,  Америкæмæ,  Аляскæмæ.
Райдыдта  йæ  утæхсæн  цард   дунейы  къуымты  амондагур.  Уыдис   куыстуарзаг,  æнæхин, фæразон. Хадзы-Муратмæ   гæсгæ  хи  æппæлынæй  худинагдæр  ницы  ис.  Уый  йæм  каст  тынг  æгад.  Дæхæдæг  нæ,  фæлæ  адæм  хъуамæ  феной  дæ  хорз  хъуыддæгтæ.  Æмæ  уыцы  удыхъæдмæ  гæсгæ  царди.  Йæ  лæгдзинæдтæн  та  дæс  царды  дæр  не сфаг  уыдаид.  Адæмы  хсæн  хуынд  «Адæймаг-Легендæ»,  «Цæгатаг  Чапай».  Æрзылд  зæххы  къорийы  рдæгыл , баййæфта  æфхæрд,  сайд,  æлгъыст,  фæлæ  йæ  адæймагдзинад   баззад  йæ  зæрдæйы,  уымæн  æмæ  йæ  рахаста  йæ  ныййарджытæй.  Лæппуйы  уырныдта,  дунейы  кæй  ис  къуым  рæстдзинадимæ  æмæ  йæ  кæй ссардзæн.  Фæлæ,  хъыгагæн,  ахæм  къуым  нæ  разынд  уыцы  стыр  дунейы… Æрмæст  дзы  федта: чындыдзинад,  козбаудзинад,  хæлæг æмæ  эгоизм,  æгъатырдзинад,  дæлдзинæг  адæмы  барты.Алы  ран  дæр  ыл  адæм  сæ  цæст  æвæрдтой  йæ сæрæндзинадыл,  йæ  тох  рæстдзинад  æмæ  адæмы  бартыл  тохгæнæгæй.  Хадзы-Мурат  скодта  хатдзæг:  адæм  хицæн  кæнынц  дзаумайæ,  æвзагæй,  æгъдæуттæй,  фæлæ  амондмæ  бæллынц, бæллынц  кæрæдзи  æмбарынадмæ.
Хадзы—Муратæн  йæ  зæрдæйы  арф  бынат  ссардтой  йæ  фыды  ныхæстæ: «Адæймаг  нæ  уыдзæн  амондджын,  йæ  цуры  куы цæрой  мæт  æмæ  сагъæстæ».  Уыцы  ныхæстæ  ссардта,  кæимæ  куыста,  уыдоны  зæрдæты:   уырыссæгты,  немыцæгты,  италиагты,  шведæгты,  америкæгты  æмæ  иннæты.  Алчидæр  сæ  зыдта,  æнæ  кæрæдзи  æххуысæй  кæй  нæ  фæцæрдзысты  æмæ  фидар   хæцыдысты.Уый  сын  æххуыс  кодта  царды.  Дыууадæс  азы  Хадзы-Мурат  рахау-бахау  кодта  æддагон  бæстæты. Амондагур  ацыди,  фæлæ  хъæздыгдзинад  не  сардта.  Базыдта  æрмæст  цардæн  йæ  ад.  Хадзы-Мурат æрцыди  ахæм  хатдзæгмæ: «Ацы  чъизи  дунейы,  нæй  бынат  мæгуыр  лæгæн».Аххосджын  та у  паддзах.  Хорз  куы  уаид,  уæд  зæххыл  æндæр  цард  уаид.  Æмæ  сыстад  Уæрæсейы,  стæй  иннæ  паддзæхты  ныхмæ  карз  фыстæгимæ  Аляскæйæ   Бетъырбухмæ.1914  азы  сыздæхт  Хадзы-Мурат  Ирыстонмæ  куыд  мæгуыр  уыд  афтæмæй.  Æрмæст  уыд  фæлтæрджын  æмæ  стыр  зонды  хицау  адæймаг.  Уалынмæ  райдыдта  Фыццаг  Дунейон  хæст.  Хадзы-Мурат  та  ам  дæр  ис  хæстæн  йæ  тæмæны.  Бахаудта  зындгонд   «хъæддаг  дивизимæ»,  кæцы  рвыст  æрцыд  Архангельскмæ   интервенттæй  суæгъд   кæныны  фæдыл.
Гъе,  ам  равдыста  Хадзы-Мурат  йе  стыр  тых  æмæ  зонд.  Уымæн  æвдисæн  очерк  «Хъæбатыр  цæргæс».Уацмысы  фыццаг  кæм  фембæлдыстæм  нæ  геройыл?Хадзы-Мурат  æмæ Архангельскы  адæмы  фембæлд.Нывгæнæг  Давыдовы  мысинæгтæ.Раздæр  цæй  бынат  уыд  Архангельск?  (бакæсын  чиныгæй).Цæуыл  уыд  йæ  дис  авторæн?Хадзы-Мурат  æмæ  йæ  балы  мысинæгтæ:« Усть-Волæйы  байст  æмæ  нæ  геройы  стыр  зонд.Хадзы-Мураты  балы  уæлахиз   ихы  уæлæ  урсгвардионтимæ.Фембæлд   урсгвардионты  инæлар  Петренкæимæ.  (бакæсын  чиныгæй).Петренкæйы  тарст  Хадзы-Муратæй.  (кæсын  чиныгæй).
Цæгаты  фронт  фæци.  Цыппæрдæс   паддзахы   интервенцион  æфсад  басастысты,  æмæ  тагъд-тагъд  бадтысты  науты  сæ  баззайæццæгтæ.  Архангельскы  сæрттывта  советон  сырх  тырыса.  Хадзы-Мурат  Архангельскмæ  нæ  бацыд,  фæлæ  йæ  хъус  дардта  контрреволюцийы  баззайæццæгтæм.Байгом  1920 азы  Польшæйы  фронт.  Хъуыдис  лæджыхъæд  æмæ  æхсар.Куыд  æвдыст  æрцыдысты  ацы  миниуджытæ  Хадзы-Мурат  Сред-Мехренгæ-йы?Польшæйы  фронтæй  йæ  цухъхъайы  мидæг  æрбафтыд  Уæрæсемæ?  Уым  ма  чи  уыд?Цы  кад  ын  уыд  Цæгаты  бæстæйы?  (бакæсын  чиныгæй).Куыд  цард  Ирыстоны  та?  (бакæсын  чиныгæй).Урочы  кæронбæттæн.Цавæр  хъуыдытæ  уæм  сæвзæрди  очеркмæ  гæсгæ?  (Дзурынц  сæ хъуыдытæ).
Хъыгагæн,  йæ  рæстæджы,  йæ   зæронды  бонтæ  мæгуырæй æрвыста  нæ  хъайтар,  уæвгæ  афтæ  арæх  вæййы.  Йæ  хабæрттæ  йын  уæды  Ирыстоны  зонгæ  дæр  ничи  кодта,  уымæн  æмæ  уыди  фырнымд   адæймаг,  йæхицæй  никуы  раппæлыд,  абон  куыд  æппæлынц,  афтæ.  Уымæй  худинагдæр  ницы  каст  Хадзы-Муратмæ.  Йæ  кауын  къæсы  цард  мæгуыр  æмæ  сабырæй,  иннæты  æмрæнхъ.  Никуы  никæд равдыста  йæхи  иннæтæй  уæлдæр. Афтæмæй  та  се хсæн  цард  легендарон  хъайтар.  Мард  æрцыд  хæсты  фæстæ  бандитты  къухæй.Гъе  ахæм  хуымæтæг  лæгæй  баззад  царды,  зилгæйаг  хъæбатыр  цæргæс-Дзæрæхохты Хадзы-Мурат. Йæ  цард  легендæ  кæмæн  сси,  уый - Дзæрæхохты Хадзы-Мурат  у адæмы  уарзондæр  хъæбатыртæй  иу,  цæры  æмæ  цæрдзæн  адæмы  зæрдæты.