Открытый урок по осетинскому языку на тему «Уалдзыгон этюд»


Миногон фæлхат кæнын.
Сочинени – миниатюрæ.
«Уалдзыгон этюд»
Урочы нысантæ.
1.Сбæрæг кæнын, куыд зонынц скъоладзаутæ пайда кæнын миногонтæй фысгæ куысты.
2.Ахуырдзаутæн бацамонын æнкъарын æмæ фиппайын æрдзы уалдзыгон ахорæнтæ æмæ фæзындтæ, рæзын сæм кæнын уарзондзинад æрдзмæ.
3. Ныхасы рæзтыл куыст.Ахуыр кæнын дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæй баст текст аразын бæлвырд пъланмæ гæсгæ.
Хъомыладон хæстæ.
1. Цæмæй сабитæ ма рæзой фыдзæрдæйæ, уый тыххæй сæм уарзæгой цæстæнгас æвзæрын кæнын нæ базырджын хæлæрттæм.
2.Хъомыл кæнын цымыдисдзинад сфæлдыстадон куыстмæ, музыкæмæ, нывкæнынадмæ.
Сфæлдыстадон хæс.
1.Ахуыр кæнын лæмбынæг кусын дзырды лексикон нысаниуæгыл æмæ пайда кæнын зонын фысгæ куысты.
Цæстуынгæ æрмæг.
1). Компьютæрæй æвдыст æрдзы, мæргъты нывтæ, сæ хъæлæстæ. И. И. Левитаны ныв «Март».
2). Зынгонд италиаг композитор Антонио Вивальдийы музыкæ «Времена года»-йæ, «Весна –Уалдзæг».
3). Чингуыты выставкæ Хетæгкаты Къостыйы, Гæдиаты Секъайы. 3 къласы кæсыны чиныг, радзырдтæ æмæ æмдзæвгæтæ, æмбисæндтæ æмæ уыци-уыцитæ уалдзæджы тыххæй.
4). Стъолыл малусæджы букет.

Урочы цыд.
Организацион хай. (Салам дæттын ахуырдзаутæн æмæ уазджытæн.)
Нывтæ равзарын уалдзыгон темæйыл æмæ уæд хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
(Хæдзармæ куыст лæвæрд уыд фæлтæрæн 228 -дзырдбæстытæ æрхъуыды кæнын уалдзыгон темæйыл.)
Фæлхатын миногон.
Фарст. Цы хонæм миногон?
Дзуапп. Предметы миниуджытæ цы дзырдтæ æвдисынц, уыдон хуийнынц миногонтæ.
Дзуæппытæ дæттынц фæрстытæн:
цавæр? - тыхджын адæймаг
цыхуызæн? - цъæх
кæцы? - фæндзæм бынат.
Миногонтæй иутæ февдисынц хуыз, иннæтæ - ас, æртыккæгтæ - формæ, цыппæрæм-ад, -хъæд, -бынат.
/Скъоладзаутæ дзурынц дæнцæгтæ/
Ахуыргæнæджы разныхас.
Хорз сæххæст кодтат уæ хæдзармæ куыст, уæ зæрдыл дæр хорз бахъуыды кодтат миногон.
Ныр та ма байхъусут мæнæ ацы мыртæм –з ындгонд италиаг композитор Антонио Вивальдийы музыкæ «Времена года»-йæ, «Весна –Уалдзæгмæ»…

фæлæ ма нæ зонындзинæдтæ цæмæй фæарфдæр кæнæм, уый тыххæй нæ урочы абон фысдзыстæм уыци-уыцитæ:
Ахуыргæнæг. Хуымæтæджы нæ ныффыстам ацы афæдзы афоныл уыци-уыцитæ. Уе ппæт дæр æй бамбæрстат, уæдæ, кæй дзурдзыстæм ныртæккæ нын цы афæдзы афон у, ууыл, ома уалдзæгыл. Æмæ ныффысдзыстæм нæ урочы сочинени –миниатюрæ «Уалдзыгон этюд».
Фыццаг уал зæгъын хъæуы: куыд æмбарут дзырд миниатюрæ?
Миниатюрæ - къаннæг нывæфтыд уацмыс.
Цы хонæм этюд та?
Этюд - æрдзон фæзындыл дзурæг чысыл уацмыс.
Иухатт ма æркæсæм нæ сочиненийы темæмæ.
Уалдзыгон этюд - равзарæм ма ацы дзырдбаст, цавæр ныхасы хæйттæй арæзт у, уый (миногон-цавæр, этюд (цы?) - номдар).
Цавæр афæдзы афонтæ ма зонут?
Фарст. Чи уæ кæцы афон уарзы? Цæмæн?
Æппæтæй æхсызгондæр та уын кæцы афон вæййы? Цæмæн?
Дзуапп. Уымæн æмæ адæм бафæллайынц даргъ, уазал зымæгæй.
Фарст. Цавæр бæрæгбæттæ нæм фæзыны уалдзæджы арбацыдимæ?
Дзуапп. Хур дзагцæстæй ракæсы. Бонтæ фæдаргъдæр вæййынц. Адæм дзагриуæй сулæфынц уалдзыгон уæлдæф. Цъиутæ дæр сæ хъæлдзæг хъæлæстæй ныззарынц.
Фарст. Дзырд дзагцæстæй куыд æмбарут? Цавæр дзырд у?
Дзуапп. Вазыгджын. Уымæн æмæ арæст у дыууæ уидагæй. Йæ нысаниуæг-ома цингæнгæйæ, райдзастæй.
Фарст. Дзырдбæстытæ ма йемæ æрхъуыды кæнут.
Дзуапп. Дзагцæстæй кæсын, дзагцæстæй уынын.
Хъуыдыйад. Хохæй быдырмæ дзагцæстæй ракаст сыгъзæрин хур.
Уæдæ ма мæнæ ракæсут фæйнæгмæ.
Нæ урочы эпиграфæн райстон Хъамбердиаты Мысосты ныхæстæ:
Уалдзæг æрцыди,æрбакаст Дзагцæстæй рудзгуытæм хур. Зымæг фæлидзæг …Фæндараст. Рухс уалдзæг тынгдæр æй сур.
III. РаныхасУалдзæг... Ацы темæ ахсджиаг у æппæт дунейы адæмтæн, аивады алы хуызты дæр. Нывгæнджытæ алыхуызон ахорæнты руаджы сныв кæнынц йæ рæсугъддзинад, композитортæ - сæ хъæлдзæг музыкæйы руаджы, поэттæ та равдисынц уалдзыгон ахорæнтæ сæ поэтикон уацмысты аив дзырдты фæрцы. Æппæт ацы аивады хуызты руаджы адæймаджы зæрдæйы сæвæрынц алыхуызон æнкъарæнтæ.
Фарст. Бакæсут-ма мæнæ ацы нывтæм - компьютерæй ист нывæфтыдтæ æрдзы, мæргъты хъæлæстимæ. И. И. Левитаны ныв «Март».
Цы æвдисæг сты адон?
Дзуапп. Уалдзæг. Мæргътæ. Хур тынгдæр тавы. Бæлæстыл къуыбар фæзынд.
Фарст. Сымах дæр æнæмæнг зондзыстут уалдзæджы тыххæй æмдзæвгæтæ, уыци-уыцитæ, æмбисæндтæ.
Æмбисæндтæ
1.Уалдзæгджы минæвар – дзывылдар (синица)
2.Уалдзæг – магусаты удхæссæг.
3.Рæсугъд уалдзæг - хъæздыг фæззæг.
Уыци-уыцитæ
Ног та сулæфыди зæхх, Быдыр ранæй - ран фæцъæх. Бæлас акалдта сыфтæр. Хъуысы тракторты къæр-къæр.
Дзывылдар дæр нæм æртахт. Тынг ыл бацин кодтам мах. У нæм булæмаргъ дæр уазæг, Уый та нæм æрлæууыд…(уалдзæг)
Фыдæлтæй у хивæнд: Бон ыскæны минвæнд. Тæргæйтæ мæ бустæй Йедзаг у йæ хъустæм. (мартъи)
Уазалимæ скæны тох,
Хъызты нæ нæ уадзы рох.
Рог кæны кæддæрид къух,
Хъармæй нæ нæ уадзы цух. (хур)
Уазал ницæмæ нæ дары:
Салд зæххæй йæ сæр ысдары,
Уалдзæгæн йæ фидиуæг,
Æппæты фыццаг дидинæг. (малусæг)
Æмдзавгæтæ сыфтыл фыст .Сбæрæг дзы кæнын миногонтæ.
1.Гæдиаты Секъа «Уалдзæг» 2рæнхъ 1 куплет.
2.Плиты Харитон «Рагуалдзæг» 3 рæнхъ 2 куплет.
3.Хетæгкаты къоста « Чи дæ?» - йæ скъуыддзаг.
Ахуыргæнæджы разныхасСывæллæттæ, сымах байхъуыстат музыкæмæ, радзырдтат æмдзæвгæтæ, уыци–уыцитæ, æмбисæндтæ, равзæрстам нывтæ.
Æвзаргæ диктант.
Ныртæккæ та уын æз бакæсдзынæн Гæдиаты Секъайы прозæйæ фыст æмдзæвгæ «Уалдзæг Ирыстоны». Сымах уæ тетрæдты фæнысан кæнут миногонтæ.
(Сывæллæттæ кæрæдзийæн бæрæг кæнынц сæ куыстытæ).
Нæ ныхасы рæсугъддзинадыл, хæрзхъæддзинадыл нæ хъуыды кæнын хъæуы æдзух. Уымæн нын феххуыс уыдзæн ахæм хæслæвæрд. Дыууæ вариантæй синонимтæ æмæ антонимтæ ныффыссын (карточкæтæ)

1 вариант 2 вариант
Ссарын антонимтæ: Ссарын синонимтæ:
уазал - тæвд хъарм - тæвд
тар - райдзастрайдзаст - рухсзмæст - сыгъдæг рæсугъд - аивæнкъард - хъæлдзæг сыгъдæг - æфснайд
Сабитæ, уæ цæстытæ ма сæхгæнут. Ахъуыды кæнут æмæ зæгъут, цавæр уалдзыгон ахорæнтæ ауади уæ цæстытыл, цавæр дзырдтæ æрбалæууыд уæ зæрдыл уалдзæджы кой кæнгæйæ.Сымах сæ дзурдзыстут, æмæ афтæмæй сараздзыстæм пълан. Скъоладзаутæ дзурынц. Ахуыргæнæг нысан кæны фæйнæгыл цæстуынгæ æрмæджы хуызы: Фыццаг дидæнæг, цъæхснаг цъыбар-цъыбур, æнæкæрон циндзинад, хъарм бон, хъæлдзæг зæлланг, сыгъдæг арв, рог уæлдæф, цъæх кæрдæг, уалдзæг.
хъарм бон



æнæкæрон циндзинадхъæлдзæг зæлланг

Уалдзæг


фыццаг дидинæг

сыгъдæг арв
цъæх кæрдæг

рог уæлдæф

Фæрстытæ:
Уазал зымæджы фæстæ адæймаг æппæтæй тынгдæр цы фæмысы?
(Хур, хъарм бон.)
Тæдзынджытæ тайынц хуры хъарммæ. Адæймаджы хъустыл ауайы сæ зæлланг. Цавæр вæййы?
(Хъæлдзæг зæлланг.)
3.Арвмæ куы скæсæм, уæд цыхуызæн вæййы?
(Цъæх арв.)
4.Уæлдæф та цавæр у?
(Сыгъдæг ,рог уæлдæф.)
5. Зæхх йæ урс гауыз ныр та цæмæй раивта?
(Фæлмæн кæрдæгæй.)
6.Ранæй рæтты тад миты бынæй цы сдардта йæ сæр?
(Фыццаг дидинæг-малусæг.)
7.Хъуысы цъиуты рæсугъд зард. Цавæр цъиутæ нæм æртæхы?
(Æхсызгон цъыбар-цъыбур.)
8.Æрдзы рæсугъддзинадмæ,цъиуты зардмæ адæймаджы зæрдæ цавæр æнкъарæнтæй дзаг кæны?
(Æнæкæрон циндзинад.)
Сылгоймæгты бæрæгбон. Хоры бæрæгбон. Цины бонтæ.
Ахуыргæнæг.
Уæ разы цы æмдзæвгæтæ ис, уыдонæй уæ кæд искæйы фæнды, уæд равзарæд эпиграфæн. Цæттæ стæм фыссынмæ? Уæ разы сыфтыл пълан, спайда дзы кæнут.
Пълан:
1. Рагуалдзæг.
2. Æрдз райхъал.
3.Уалдзæджы ахорæнтæ.
4.Адæймаджы зæрдæйы æнкъарæнтæ.
Гъе-ныр цæттæ стæм. Фыссын райдыдтам къордгæйттæй. Алчи дæр уæ фыссы йæ хъуыдытæ. Стæй,кæрæдзимæ дæтгæйæ, бæрæг кæнут хуыздæр сочинени уæ къорды. Иузæрдионæй æвзæрст сочинени бакæсдзыстут.
Кæнæм хатдзæгтæ.
Фарст: Цавæр ныхасы хай нын баххуыс кодта æрдзы рæсугъддзинæдтæ равдисынæн?
Дзуапп: МиногонФарст: Цавæр миногонтæ нæм æмбæлдис арæхдæр?
Дзуапп: Хуызæвдисæг, æнкъарæнтæ æвдисæг.
Чидæр дуар æрбахоста (мæнгæй)
-Акæсут-ма чи у цымæ?
- «Фыстæг уæм».
-Кæмæй у?
-Цъиутæй.
Фыссынц нæм, цæмæй æрдз хъахъхъæнæм, ма йæ чъизи кæнæм, æххуыс сын кæнæм. (Ахуыргæнæг кæсы цъиуты фыстæг)
Фыстæг. Адæм!
Бахъахъхъæнут! Бахъахъхъæнут!
Курæм уæ, ма чъизи кæнут æрдз! Хъахъхъæнут ын йæ рæсугъддзинад, цæмæй цард уа мидисджиндæр æмæ цымыдиссагдæр.
Цъиутæ.

Фарст. Хъахъхъæндзыстæм æрдз? Мæргътæн дæр æххуыс кæндзыстæм?
Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.
Сывæллæттæ дзурынц сæ хъуыдытæ урочы тыххæй.
Ууыл нæ урок фæцис. Хæрзбон.