Открытый урок по осетинскому языку на тему Фонетика


Гом урочы пълан ирон ӕвзагӕй
Урочы темӕ: Иумыйаг зонындзинӕдтӕ мадӕлон ӕвзаджы тыххӕй. Фонетикӕ. Фонетикӕйы ӕмбарынад. Дзырдарӕзт. Морфемӕтӕ.
Урочы нысан - ахуырдзаутæн æвзаджы тыххæй иумæйаг зонындзинæдтæ раттын; бацамонын, алы адæмæн дæр йе ʹвзаг йæ национ хæзна кæй у, хъахъхъæнын æй кæй хъæуы;
- цæмæй де ‘взаг зонай хорз, уый тыххæй та зонын хъæуы æвзаджы æмæ дзырдты авналæнтæ, сæ сусæгдзинæдтæ, кæрæдзиуыл куыд баст сты уыцы грамматикон æгъдæуттæ.
- ахуырдзаутӕн бамбарын кӕнын дӕнцӕгты руаджы «Мадӕлон ӕвзаджы таваг», ӕнӕ ӕвзаг, ӕнӕ ном адӕймагӕн кӕй нӕй уӕвӕн, цӕмӕй уа ӕгъдауджын ӕмӕ зондджын.
Хъомыладон куыст: (фӕйнӕгыл фыст): «Хӕфсӕн йӕ лӕппын - хуры тын». Ацы ӕмбисондмӕ гӕсгӕ алчидӕр ӕрхӕссӕд ӕмбисонд, йӕ райгуырӕн бӕстӕйыл, кӕнӕ мадӕлон ӕвзагыл абаргӕйӕ.
Эпиграф: «Цы къалиуыл бадыс, уый хъахъхъӕн сӕттынӕй.
Цы обауыл лӕууыс, бӕрзонддӕр уый .
Цы фӕндаг равзӕрстай, уым ма тӕрс кӕлынӕй
Хуыздӕрты ӕвзарын, ӕмгӕртты хсӕн зон!»
Урочы ӕрмӕг: Бӕстӕзонӕн ӕрмӕгӕй хӕслӕвӕрдтӕ, райуаргӕ ӕрмӕг, дзырдбыд, плакат, презентаци компьютерыл.
Урочы цыд:
Организацион хай:
Ахуырдзау: Мах стӕм 25 къорд. Хыгъдмӕ гӕсгӕ стӕм 27. Дыууӕ дзы нӕй абон. Бибылты Мария у рынчын. Хӕбӕлаты Оксанӕ та хӕдзары уавӕрмӕ гӕсгӕ не ᾽рцыд абон.
Боныгъӕд:
Боныгъӕд абон уыдзӕн асӕст. Ранӕй рӕтты уардзӕн. Уӕлдӕфы ӕлхъывдад уыдзӕн 15 - 16 градусы
Абон урочыты фӕстӕ кабинет ӕфснайынц радгӕстӕ: Теместы Светӕ ӕмӕ Цӕболты Аллӕ.
Мотиваци:
Ахуыргӕнӕг: Абон нӕ урок райдайӕм ахӕм ӕмбисондӕй:
1 – слайд «Хӕфсӕн йӕ лӕппын - хуры тын».
Ахуыргӕнӕг: Кӕсӕм ӕмбисонд ӕмӕ алчидӕр ацы ӕмбисонды бындурыл ӕрхӕссӕд ӕмбисӕндтӕ, райгуырӕн зӕхх ӕмӕ ӕвзагыл абаргӕйӕ, кӕмӕн цал у йӕ бон уал.
Ахуырдзау: (кӕсы) «Хӕфсӕн йӕ лӕппын - хуры тын».
Алы адӕм хатт дӕр уарзынц сӕхи.
Дӕхи куыннӕ уарзай, уӕд дӕу та чи бауарздзӕн.
Фыццаг дӕхи уарз, стӕй та искӕй.
Фыццаг де ᾽взаг зон, стӕй та искӕй ӕвзаг.
Хи ӕвзагӕй адджындӕр нӕй.
Райгуырӕн бӕстӕ адджын у.
Ахуыргӕнӕг: Тынг хорз. Уӕдӕ ма дыккаг слайд дӕр бакӕсӕм:
2– слайд (кӕсы ахуырдзау) «Цы къалиуыл бадыс, уый хъахъхъӕн сӕттынӕй.
Цы обауыл лӕууыс, бӕрзонддӕр уый хон.
Цы фӕндаг равзӕрстай, уым ма тӕрс кӕлынӕй
Хуыздӕрты ӕвзарын, ӕмгӕртты хсӕн зон!»
Ахуыргӕнӕг: Цымӕ йын не ᾽мбисӕндтимӕ исты бастдзинад ис, ацы эпиграфӕн?
Ахуырдзау: Ис. Ам дӕр дзырд мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ райгуырӕн бӕстыл цӕуы, цӕмӕй царды раст фӕндаг ӕвзарӕм. Ма сбӕттӕм нӕхи ӕвзӕртимӕ, ма нӕ рӕдыйын кӕной.
Ахуыргӕнӕг: Ныр та байхъусӕм диссаджы таурӕгъмӕ ахӕм сӕргондимӕ:
3 – слайд: «Хуыцау ӕвзӕгтӕ куыд уӕрста».
Бацӕттӕ йӕ кодта нӕ къорды ахуырдзаутӕй иу.
Ахуырдзау: Хуыцау куы федта адæм зæххыл тынг сбирæ сты, уæд сфæнд кодта адæмы къордтыл ныддих кæнын. Алкæмæн дæр раттдзæн адæмы хатты ном, æмæ кæрæдзийы хуыздæр æмбардзысты, цæрдзысты хъæрмуд æмæ хæларæй. Сарæзта адæмæн номхыгъд æмæ уымæ гæсгæ алкæмæндæр радта ном, ома наци: уырыссæгтæ, немыцæгтæ, французæгтæ, гуырдзиæгтæ, грекъæгтæ, армайнӕгтӕ, тӕтӕйрӕгтӕ æмæ афтæ дарддæр. Адæмы цинæн кæрон нал уыд.
Фæстагмæ Хуыцауы раз балæууыдысты иу гыццыл адæмы къорд.
- Хуыцау! Махӕн дӕр ратт ном, мах дӕр ма фӕхъыг кӕн, ӕрмӕст ма дын мах баззадыстӕм ӕнӕ номӕй.
- Смах цыдӕр талынг адӕм стут, кӕм уыдыстут нырмӕ? Фӕрсы сӕ Хуыцау. Мӕ номхыгъды ном нал баззад, ацӕут ӕмӕ уӕ кӕд искӕцы наци йӕхимӕ бауадзид. Адӕмы къорд ӕнӕхъӕн афӕдз сӕргуыбырӕй фӕцыдысты, ничи сӕ бауагъта йемӕ.

4 - слайд

Афӕдзы фӕстӕ, ӕнӕном адӕм фӕстӕмӕ Хуыцаумӕ бацыдысты. Тынг ын ныллӕгъстӕ кодтой .- Ӕнӕ номӕй цӕрын тынг зын у, ӕмӕ нын ном ратт махӕн дӕр.
Ӕмӕ уӕд Хуыцау уыцы адӕмы къорды рахуыдта - «ИРӔТТӔ». Адӕмы цинӕн кӕрон нал уыд. Ӕмӕ загътой: «Алы адӕм дӕр дзурынц сӕ мадӕлон ӕвзагыл, ӕмӕ де ᾽взаг куыннӕ зонай, уӕд дӕм цы номӕй дзурдзысты».
5- слайд

6 - слайд

3. Актуализаци: (урок райдыдтам ног æрмæгæй)
Ахуыргæнæг: Ирон æвзаг у нæ республикæйы паддзахадон æвзæгтæй иу, ирон адæмы мадæлон æвзаг. Куыд уырыссаг, афтæ ирон æвзаг дæр у филологон циклы иу хай æмæ рæзын кæны скъоладзауы коммуникативон культурæ, æххуыс ын кæны йæ ныхасы рæзтæн, уæрæх ын кæны йæ дунембарынад, хъомыл æй кæны нæ адæмы хуыздæр традицитæ æмæ æгъдæуттыл.Ирон адæмæн фыццаг алфавит скодта зынгæ уырыссаг ахуыргонд Всеволод Миллер.
Райуаргæ æрмæджы руаджы Миллеры цардимӕ хуыздӕр базонгæ уæм.
(уарын сын раздæр æрцæттæгонд æрмæг)
Ахуырдзау: Зынгæ уырыссаг ахуыргонд, археолог, фольклорист, æвзаг æмæ этнографион кусæг Всеволод Миллер райгуырд 1848 азы, йæ мæлæты аз та 1913 азы. Уый райгуырд Мæскуыйы, зынгæ поэт- тæлмацгæнæджы бинонты ‘хсæн. Миллер 1870 азты каст фæцис Мæскуыйы университет æмæ ссис профессор. 1911 азы та акдемик, Петербухы наукæты академийы. Индоирайнаг æвзагыл ахуыркæнгæйæ йæ сæры бацыд ирон адæмы культурæйыл бакусын дæр, кæцыты нымадта комкоммæ скифтæ æмæ сæрмæтты къалиуæй рацæугæ адæмыл, ома уыцы адæмы мыггагæй. Ирыстонмæ æрцыд фондз хатты 1879,1880, 1881, 1883 æмæ 1886 азты. Уыцы фондз азы мидæг тынг хорз сахуыр коджта ирон æвзаг, базыдта сын се ‘гъдæуттæ æмæ сæ фольклор. Тынг цымыдис кодта ирон адæм хæхбæсты , хъæдты, уынгæг рæтты кæй царджысты, ууыл. Фæлæ фæстæдæр бамбæрста сæ уæззау цард æмæ хъæздыг адæмæй кæй фæлыгъдысты æвадат рæттæм, æрмæст цæмæй ой сæрибар, мауал хæссой знаджы уæззау æфсондз. 1881 азы мыхуыры уадзы «Ирон этюдтæ», кæцы ирон адæмы тыххæй æрцахста стыр бынат. Уый фæстæ рацыдысты мыхуыры ноджыдæр йæ иннæ дыууæ хайы. Тынг батыхст ирон адæмæн цæмæй уа фыссынад æмæ сын скодта уырыссаг графикæйыл алфавит, Хуссар ирæттæн та гуырдзиаг графикæйыл. Абоны бон ирон адæм Миллеры ном рох нæ уадзынц, фыссынц æмæ йæ нымайынц фыццаг ирон алфавиты бындурæвæрæгыл, аргъ ын кæнынц, æвæрынц ын зынгæ рæтты цыртдзæвæнтæ, цæмæй нæ кæстæр фæлтæрæй дæр рох макуы уа йæ ном. Йæ чингуытæй нæ цух кæнынц ахуырады институты библиотекæтæ æмæ равдыстытæ.
Иннӕ уырыссаг ахуыргонд Андрей Шегрен дӕр уыд йе ᾽мдзугӕнӕг.
7 – слайд

Ахуыргæнæг:
Фыццаг ирон чиныг, кæд æмæ кæм æрцыд мыхуыры? Чи уыдысты йæ автортæ, уый алы ирон лæг дæр хъуамæ зона. 1798 азы Мæскуыйы синодалон типографийы мыхуыры рацыд фыццаг ирон катехизикон чиныг: «Начальное учение человеком, хотящим учиться книг божественного писания». Чиныджы автортæ уыдысты Такъæты Гайй æмæ Хъесаты Павел. Гайй æмæ Хесаты фырты тыххæй мæнæ ацы райуаргæ æрмæджы уæхæдæг акæсут хъæрæй, æмæ семæ хуыздæр базонгæ уыдзыстæм.
Кæсы ахуырдзау:
Такъæты Гайй райгуырди 1750 азы, Магъаройы хъæуы. Астраханы областы архивы, 1948 азы, Ирыстоны историйы æрмæг агургæйæ, нæ къухты бафтыд, нырыонг зындгонд чи нæ уыд, ахæм æрмæг, уымæй рабæрæг Гаййы æцæг мыггаг æмæ биографии. Гаййы мыггаг уыд æцæгæйдæр Такъæтæй Хъуды комæй , хъудаг, Гуырдзыстонæй, æмæ уымæ гæсгæ хаста гуырдзиаг мыггаг Бараташвили. Йæ сабийы бонтæ арвыста, Калачы. 1770 азы Калачы, сионы аргъуаны паддзах Иракли уым куыд уыд, афтæмæй йæ гуырдзиаг котоликос Антоний райста молодзантæм. Гайй 1771 азы уыцы католикос Антонимæ ацыд Бетъырбухмæ баныхас кæнынмæ Уæрæсеимæ Гуырдзыйы баиу кæныны тыххæй. Уым баззад Гайй Алыксандр Невскийы лавры ахуыр кæнынмæ. Уым тынг хорз базыдта уырыссаг æвзаг. Уый фæстæ бацыд Мæскуыйы Академимæ æмæ сахуыр кодта латинаг æмæ грекъаг æвзагтæ. Бирæ бæрнон бынæтты фæкуыста Гайй. Мæздæджы 1764 азы гом æрцыд диныл ахуыры ирон скъола, æмæ уым ахуыр кодта ирон сывæллæтты уырыссагау. Тынг тыхст нæ ирон сывæллæттыл сæ мадæлон æвзагыл сын ахуыры фадат кæй нæ уыд, ууыл. Æмæ уæд æрывнæлдта ирон адæмæн алфавит саразынмæ, цæмæй ирæттæ ахуыр кæной сæхи мадæлон æвзагыл.
Гайй амарди 21 февралы 1821 азы 72 – аздзыдæй.
Кæсы ахуырдзау:
Ирон алфавит æмæ катехизис тæлмац кæнынæн, Гаййæн баххуыс кодта: Генцауров - арæнхъахъхъæнæн тæрхондоны раздæры секретарь, Хъесаты Пауле. Дзырд «катехизис», нысан кӕны религии, дин, ома диныл фыст чиныг. Паулæ куыста Мæздæджы ирон дины скъолайы сауджынæй. Паулейæн йе ‘цæг ном æмæ мыггаг ничи зоны, æрмæст зонæм, уый æмæ уыд ирон. Сауджынтæ сыл иу куы аргъуыдтой , уæд сын ивтой сæхи мыггæгтæ æмæ нæмттæ, лæвæрдой сын аргъуаны æрымысæггаг мыггæгтæ æмæ нæмттæ. Афтæ ивд æрцыд Паулейæн дæр йæ ном æмæ йæ мыггаг.
8 – слайд


4. Ног ӕрмӕг:
Къордтӕй хъазт: (Цалхдур). Фӕдих уӕм дыууӕ къордыл, алы къорд дӕр райуаргӕ ӕрмӕджы цы дзырдтӕ ис фыст, уыдонӕй скӕнӕд фӕйнӕ дыууӕ ног дзырды 1 - минутмӕ. Дзырдтӕм ис разӕй кӕнӕ фӕстийӕ ӕфтауӕн. Чи раздӕр , уый уӕлахиз.
1-аг къорд: хуыз, бӕх, дон, уӕз, кад.
2- аг къорд: гъдау, бал, цӕст, дис, нозт.
Ахуыргӕнӕг: Уӕдӕ смахӕн ӕвӕццӕгӕн ӕмбӕрстгонд у, абон нӕ ног темӕ, цӕуыл дзурдзыстӕм?
Дзуапп: Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы: «Фонетикӕ» ӕмӕ «Дзырдарӕзт»ыл.
Ахуыргӕнӕг: Ӕмӕ ма ноджыдӕр цы у морфемӕ? Дзырд куыд дих кӕны морфемӕтыл, ууыл дзурдзыстӕм абон нӕ урочы.
Ахуыргӕнӕг: Уӕдӕ нӕ абоны урочы хӕс ӕмӕ нысан цы у, уый кӕд мыййаг исчи зӕгъид?
Дзуапп: Дзурдзыстӕм мадӕлон ӕвзаджы равзӕрдыл, алфавит ӕмӕ дзырдӕ кӕнӕ ныхасы рӕзтыл.
Ахуыргӕнӕг: Тынг раст. Цӕмӕй не ᾽взаг зонӕм, уый тыххӕй хъуамӕ фыццаг зонӕм, цы ахуыр кӕны фонетикӕ? Ӕрдзурдзыстӕм морфемӕтыл. Дзырдты арӕзт куы зонӕм, уӕд фысгӕ дӕр ӕмӕ дзургӕ дӕр кӕндзыстӕм раст..
Фӕлӕ хъуамӕ зонӕм, цы ахуыр кӕны фонетикӕ, уый?
9 – слайд
Цы ахуыр кӕны фонетикӕ?
-Фонетикӕ - ахуыр кӕны мыртӕ ӕмӕ дзырдты арӕзт.
10 слайд
Цы ахуыр кӕны морфемӕ?
Морфемӕ - у, исты нысаниуӕг, исты мидис кӕмӕн ис, дзырдты ахӕм ӕппӕты чысылдӕр хай.
Зӕгъӕм: Дзырд ХОХ- мӕ конд у дыууӕ морфемӕйӕ: « ХОХ»- у уидагон морфемӕ ӕмӕ нысан кӕны бӕрӕг предметы ӕмбарынад, «МӔ» – та у арӕзтон хауӕны кӕрон ӕмӕ нысан кӕны флексион морфемӕ.
Дзырд: фӕ-хау- дзӕн- ис конд у цыппар морфемӕйӕ. Дзырд фӕ- разӕфтуан, хау –уидаг, дзӕн-фӕсӕфтуан, кӕнӕ суффиксон морфемӕ, ис- кӕрон.
Ахуыргӕнӕг: Фӕйнӕгыл фыссы иу ахуырдзау цалдӕр дзырды, фӕдих сӕ кӕнӕм морфемӕтыл:
ФЫССӔМ: рацӕйласын, ӕмзӕххон, абадгӕ, ӕмзондӕй, колхозон.
(Ра-цӕй- лас-ын, ӕм-хуыз-он, а-бад-гӕ, ӕм-зонд-ӕй, кол-хоз-он.)
11 слайд
Цы у дзырдарӕзт?
Дзырдарӕзт -- йӕ ном йӕ уӕлӕ, ома разӕфтуан, фӕсӕфтуан, уидаг ӕмӕ кӕроны руаджы иу дзырдӕй мах райсӕм ӕндӕр дзырд.
Зӕгъӕм: «кад» - кадджын, зонд – ӕмзондӕй, ӕмӕ афтӕ дарддӕр.
12 слайд
Куыд ӕмбарӕм орфографии?
Орфографи - у, дзырдты растфыссынады системӕ сӕ рӕзт ӕндӕр хӕйттӕй. Ахуыр кӕны иу дзырдӕй цалдӕр хуызы дзырдтӕ кӕй ис скӕнӕн морфемӕты руаджы, уый.
Рефлексии:
Ныр та афыссӕм цыбыр диктант. (Фӕхицӕн кӕнут дзырдтӕ морфемӕтыл).
( Иу къорд раст кӕны иннӕ къорды диктанттӕ, аргъ кӕнӕм нӕ зонындзинӕдтӕн).
ЧелеМӕлыны къахыл ныллӕууыд Челе. Ӕрхуыссыд, ӕрфидар сынтӕгмӕ. Ныссабыр, йӕ улӕфт баурӕдта. Ӕрӕмбырд сты сау халӕттӕ алырдыгӕй. Бирӕ фӕцардтӕ, бирӕ фӕкуыстай, бирӕ бынтӕ фӕкодтай. Фӕлӕ абон мӕлын нӕ фӕразы. Йӕ зӕрдӕ ӕхсайы цӕмӕдӕр, цыдӕр хъавы дзурынмӕ, фӕлӕ йӕ бон нӕу.
Ахуыргӕнӕг: Ныр та слайдты руаджы акусӕм нӕ темӕйыл.
Бӕстон кӕсӕм фарстӕн цы дзуапп ис лӕвӕрд, уымӕ.
(дыууӕ ахуырдзауы рацыд сӕ иу презентацийы фарст кӕсы, иннӕ та дзуапп)
13– слайд
Цал дамгъӕйы ис ирон алфавиты?
- Ирон алфавиты ис 43 дамгъӕйы
14– слайд
Цахӕм мыртӕ зонӕм?
- Хъӕлӕсон ӕмӕ ӕмхъӕлӕсон мыртӕ.
- 11 дзы ис хъӕлӕсонтӕ
- 30 ӕмхъӕлӕсонтӕ
- ь , ъ не сты мыртӕ
15– слайд
Хъӕлӕсон ӕмӕ ӕмхъӕлӕсон мыртӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц?
- Хъӕлӕсонтӕ дзурӕм хъӕлӕсы уагӕй.
- Ӕмхъӕлӕсонты та дзурӕм былтӕ, ӕвзаг ӕмӕ дӕндӕгты руаджы.
16 – слайд
Ирон дзырдты мидӕг бирӕ хатт мыртӕ ӕмӕ дамгъӕтӕ нымӕцмӕ гӕсгӕ иухуызон нӕ вӕййынц.
- Хъуына (ис дзы 6 - дамгъӕйы ӕмӕ 5 - мыры)
- Уӕрыкк (ис дзы 6 - дамгъӕйы ӕмӕ 6 - мыры)
17 – слайд
Иу дзырдӕй сӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ ис саразӕн бирӕ дзырдтӕ:
- разӕфтуан
- фӕсӕфтуан
- кӕроны руаджы Ахуыргӕнӕг: Сбадут. Стыр бузныг.
Фӕдих стӕм дыууӕ къордыл. Райуаргӕ ӕрмӕджы руаджы йӕ хӕс чи раздӕр скӕна, уый фӕуӕлахиз.
18 - слайд
1 – къорды хӕс:
Раттгӕ дзырдтӕ рафыссут, разӕфтуанты руаджы сӕ саразут ног дзырдтӕ.
Тых, ӕхца, амонд, куыст, цӕрӕг, цӕдисон, хуыз, фыд, хӕрд, къай, сӕр, фӕд, фос, кӕвдӕс, бон.
19 – слайд
2 – къорды хӕс:
Раттгӕ дзырдтӕ рафыссут, фӕсӕфтуанты руаджы сӕ саразут ног дзырдтӕ.
Цӕхӕра, дон, къах, мит, фыд, ӕгъдау, базыр, рихи, картоф, хӕрд, нозт, фындз, был, зонд, хор.
20 слайд
5. ХЪАЗТ: (фыссӕм тетрӕдты).
Компьютерыл ис фыст алфавит. Алфавиты ис 43 дамгъӕйы.
25 дамгъӕимӕ (кӕцытӕ дӕ фӕнды уыдонимӕ), алчидӕр ӕрымысӕд фӕйнӕ иу дзырды. 1 минутмӕ сӕ чи ныффысса, уый фыццаг.
Хуызӕг: Арт, Ӕгънӕг…
Аа, Ӕӕ, Бб, Вв, Гг, Гъгъ, Дд, Дждж, Дздз, Ее, Ёё, Жж,Зз, Ии, Йй, Кк, Къкъ, Лл, Мм, Нн, Оо, Пп, Пъпъ, Рр, Сс, Тт, Тътъ, Уу, Фф, Хх, Хъхъ, Цц, Цъцъ, Чч, Чъчъ, Шш, Щщ, ъ, Ыы, ь, Ээ, Юю, Яя.
21 слайд
Проектон куыст: (2 - минуты дӕттын алкӕмӕн дӕр).
Ныффыссут уӕ хъуыды, цӕмӕй хицӕн кӕнынц мыр ӕмӕ дамгъӕ? Стӕй нӕ цӕмӕн хъӕуынц смахмӕ гӕсгӕ?
Ахуыргӕнӕг: Ноджыдӕр ма ис ахӕм мыртӕ кӕцытӕн дамгъӕтӕй нӕй фыссӕн. Чи ӕрхӕсдзӕн ахӕм дӕнцӕгтӕ?
Дзуапп: Телефоны дзӕнгӕрӕг, булӕмӕргъы зарын, арвы нӕрд, къӕвдайы уынӕр, дымгӕ.
Ахуыргӕнӕг: Раст зӕгъут, уыцы ӕрдзон мыртӕ хъусӕм, фӕлӕ сӕ фыссын нӕ бон нӕу.

Ныр та адарддӕр кӕнӕм нӕ хъазт, дзырдбыд «Уасинтӕ»- йы руаджы. Дӕттын уын
1 минут иу слайдӕн. Фыссӕм тетрӕдты.
Хъазт:
Райуаргӕ ӕрмӕг: 1 – къордӕн:
у у у у у (ус, урс, уӕрм, уызын, уӕрыкк
Райуаргӕ ӕрмӕг: 2 – къордӕн:
х х х х х (хо, хос, хырх, хъоды, хӕдзар)
Фӕйнӕгыл ныв кӕнын дзырдбыд «Морфемӕ», ахуырдзаутӕ та тетрӕдты.(кусӕм иууылдӕр иумӕ)
м а рг ъ1
2 м а нг о
ра г о н3
4 хӕ л а фе с т е р5
6 хӕ ра м
ӕ
рдын7
Карк. 2. Фӕсарӕйнаг дыргъ. 3. Зӕронд. 4. Лӕджы дзаума. 5.Сылгоймаджы ном. 6. Хъыггонд. 7. Фат ӕмӕ…
22 слайд
Блинц фарстытӕ: Хатдзӕгтӕ:
Нӕ ныхас цӕмӕй арӕзт у?
Ӕвзаджы ӕппӕт дзырдтӕ иумӕ хуындзысты?
Ирон алфавит аразӕг чи уыд?
Смахмӕ гӕсгӕ мадӕлон ӕвзаг цӕмӕн хонӕм нӕ ирон ӕвзаджы чингуыты?
Уарзут уе ᾽взаг?
Рефлекси: (æрмæг куыд бамбæрстой, уый сбæрæг кæнын, цы сæм цымыдис фæкаст, хуыздæр чи радзырдта, чи бацæттæ кодта, царды нӕ хъӕуы искуы не ᾽взаг зонын?)
Фарст: Уæдæ абон нæ урокыл ногæй исты базыдтат?
Дзуапп: Мах абон базыдтам фыццаг ирон чиныджы рацыд, цы у катехизис, чи нын скодта фыццаг алфавит, ирон æмæ уырыссаг графикæйыл. Базыдтам ма ноджыдæр Мæздæджы ирон дины скъола кæй, уыд.
23 слайд
Бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕвӕрын: Абон тынг хорз бакуыстам иууылдӕр, иу ахуырдзау дӕр ӕнӕ куыст нӕ уыд. Мӕ зӕрдӕ уӕ тынг барухс. Бузныг уын зӕгъын. Фӕлӕ нӕм мӕнӕ ис смайликтӕ бӕрӕггӕнӕнтимӕ мӕнӕ стъолыл ӕвӕрд, алчидӕр смайликты ӕххуысӕй йӕхицӕн ӕвзары бӕрӕггӕнӕн, йӕ зонындзинӕдтӕн аргъгӕнгӕйӕ.
(Иугай цӕуынц ахуыргӕнӕджы сидтмӕ гӕсгӕ.)

- Тынг хорз________________5
- Хорз ____________________4
- Лӕмӕгъ бакуыстон _______3
- Ӕвзӕр бакуыстон ________2
(ам сӕ ахуыр кӕнын раст аргъ кӕнын искӕмӕн ӕмӕ сӕхицӕн).
24 слайд
5. Хæдзармæ хæслæвæрд: Фæйнæгыл ис афтæ фыст: «Хӕфсӕн йӕ лӕппын - хуры
тын». Ацы æмбисонд мын абарут абоны урочы темæимæ æмæ алчидæр ныффыссæд хӕдзары сочинени ахæм темæйыл: «Мæ мадæлон æвзаг, кæм ис дæуæй рæсугъддæр». Равдисут дзы уӕ уарзондзинад уе ᾽взагмӕ. Спайда кӕнут мӕнӕ ацы диссаджы хабарӕй дӕр.
(кӕсы йӕ иу ахуырдзау, иннӕтӕ хъусынц)
«БЕРДТЫ СЕРГЕЙ»
Ацы хабар уыд Фыдыбæстæйы хæсты заманы. Ирон лæппу хæсты быдыры йæ райгуырæн зæхх хъахъхъæнгæйæ уæззау цæф фæцис. Снаряд ын йæ ссыр иннæрдæм атыдта , æмæ йе 'взаг рæбыныл атахт. Сергейæн дохтырты бон ницы уыд, баззад æнæ æвзагæй, фæлæ уалынмæ æрбаластой уырыссаг салдат, мæлæтдзаг цæфтæй. Салдат уайтагъддæр æрбамард. Дохтыртæ фæцæрдæг сты æмæ салдаты æвзаг фæлыг кодтой æмæ йæ Сергейæн бахуыдтой. Рацыд рæстæг, фæлæ Сергейы тасæн кæрон нæ уыд. Цы æвзагæй сдзурдзæн йæ ног æвзаг, ууыл тыхсгæйæ. Дзурыны бар ын куы радтой , уæд йæ фыццаг ныхас уыд «Гыцци». Сергей тынг ныццин кодта йæ ног æвзаг æм кæй бакоммæ каст æмæ иронау кæй сдзырда, ууыл.


Хæрзбон.