Интеллектуальная игра Брейн-ринг для 9-10 классов
Ирыстоны историИрон адæмæй бирæтæ сæ уидæгтæ бæттынц Ос-Бæгъатыримæ. Цавæр нæмттæ уыд Ос-Бæгъатыры фырттæн, ирон мыггæгтæ кæмæй равзæрдысты?
(Сидæмон: Лолатæ,Цхурбатæ, Лалитæ;
(Кусагон)Хъусæгон: Дзугатæ, Челæхсатæ, Тыджытæ;
Цæразон: Нартыхътæ, Дзасохтæ;
Æлгъуыз: Цъæхилтæ
Тидыла – номылусæй)
Бетъырбухы ирон-уырыссаг бадзырдтытæ кæнынмæ чи æрвыст æрцыд, уыцы ирон минæвæрттæ чи уыдысты?
(1Магкаты Зураб – æрвыст лæгты хистæр. Рацыд Зæрæмæгæй, зыдта уырыссаг, гуырдзиаг, кæсгон æвзæгтæ. Уыд политикон дипломат. 2Хъесаты Эба хъуыстгонд хæстон разамонæг, ахуыргонд. 3 Цопанты Батырмырзæ – Куырттаты комы дзырддзæугæдæр лæгтæй иу. 4 Тугъанты Созырыхъо æмæ Хъубадты Хъази Дыгургом æмæ Кæсæджы хъуыстгонд лæгтæ)
Ирыстон чырыстон динмæ кæд æмæ кæм аздæхтой?
(10-æм æнусы, бердзентæм)
«Хъобаны культурæ» - цы нысан кæны, кæцы æнусы уыдис?
(Æрмдæсныдзинады культурæ, рæзтис ІІ æмæ І мин азты мах дуджы агъоммæ)
Цæгат Кавказы Уæрæсейы паддзахиуæг куы æрфидар, уæд пысылмон адæмы иу хай, уыдонимæ ирон пысылмæттæ дæр, алыгъдысты сæ райгуырæн бæстæйæ. Кæд æмæ кæдæм? Чи уыд ирон пысылмæтты амидингæнæг?
( 1860 азы, Туркмæ. Куындыхаты Муссæ)
Кæд æмæ цæмæн систы ирон адæм хæххон цæрджытæ?
(1386 азы, стæй та 15 æнусы Тимур, Гуырдзыйы куы ныппырх кодта, уæд дыккаг хатт æрбабырста Алантæм, ныппырх кодта Аланыстон. Чи дзы аирвæзт, уыдон сæ сæртæ бафснайдтой хæхты.)
«Æрыгон нæу, нæма дæр у зæронд
Ирон инæлар йе стъолы цур бады…»
Плиты Грисы æмдзæвгæйы хъайтар чи у, æмæ йын цавæр уæлдæр хæстон хорзæхтæ лæвæрд æрцыд?
( Инæлар Плиты Иссæ, Советон Цæдисы Хъайтары ном ын лæвæрд æрцыд дыууæ хаты, у Монголийы Республикæйы Хъайтар)
Кæд æмæ цæмæ гæсгæ нысангонд æрцыд Ирон æвзаджы бæрæгбон?
(Ирон æвзаджы бон бæрæг кæнынц 15 майы, нысангонд æрцыд 2003 азы, баст у Къостайы «Ирон фæндыр»-ы рацыдимæ 1899 азы)
Цавæр цаутæ æрцыд ацы азты æмæ æнусты? Х æнус, 1798 аз, 1899 аз
(Х æнус – чырыстон дины райст, 1798 аз – фыццаг ирон чиныджы рацыд, 1899 аз - Къостайы «Ирон фæндыр»-ы рацыд)
Кæд æмæ кæм сæвæрдтой Къостайы фыццаг паддзахадон цыртдзæвæн?
(22 ноябры 1939 азы Къостайы номыл парчы Дзæуджыхъæуы, скульптор – Дзантиаты Алыксандр)
Ирыстоны географи.
Цы у æрвгæрон æмæ йын цавæр фæрстæ ис?
(Горизонт, цæгат, хуссар, скæсæн, ныгуылæн)
Ирыстоны гимны ис ахæм ныхæстæ: «Зæрин хур йæ тынтæ нывæнды фæлмæн
Нæ фыдæлты рагон уæзæгыл рæдауæй,
… … калы, фæрдыгау тæмæн
Ирыстон йæ адæмы фарнæй.» Баххæст кæнын цухгонд дзырдбаст. (Арвы бын)
Ацы ирон хъæутæй рагондæр кæцы у : Тæмискъ, Цыкола, Элхот? (Тæмискъ)
Цæгат Ирыстоны хъæутæй цалдæрæн ис зайæгойты нæмттæ?
(Хъæдгæрон, Хæрисджын, Хуымæллæг, Сындзыхъæу, Сындзысæр, Нæзыджын…)
Цæгат Иры фæзуат 8 мин км², цас у йæ дæргъ Цæгатæй Хуссармæ? (Цæгатæй хуссармæ – 144 км, скæсæнæй ныгуылæнмæ – 127 км)
Терчы дæргъ Иры зæххыл? (110 км)
Уырыссаг фыссæг ,1891 азы фистæгæй фæцыд Арвы комы фæндагыл, фыста: «Кавказы æрдз мæм афтæ диссаг фæкаст, афтæ тынг мын фæцагайдта мæ зæрдæ, æмæ мæ сразæнгард кодта уынгты лæппуйæ фыссæг суæвынм (из бродяги я превратился в писателя)…» - Чи уыд? (М.Горький)
Цавæр цæугæдæттæ кæлы Теркмæ? (Æрыдон, Джызæлдон, Урух, Фийагдон, Камбилеевка)
Цавæр æфцæгыл цавæр фæндаг арæзт æрцыд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонты æхсæн? (Ручъы æфцæгыл, Транскам)
Ирыстоны æппæтæй бæрзонддæр хохы ном æмæ йæ бæрзæнд? (Джимарайы хох, 4 780 м.)
Литературæ
Къостайы фæстаг ныхæстæ цы уыдысты, куы марди, уæд? («Æфсымæртæ! Кæрæдзи уарзгæ цæрут!»)
Куыд хуынд фыццаг ирон литературон уацмыс? (Нузалы аргъуаны къултыл фыстытæ «Мах уыдыстæм 9 æфсымæры»)
Кæд рацыд мыхуыры «Ирон фæндыр», йæ сæргонд æххæстæй? (1899 азы, «Зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ,кадджытæ æмæ æмбисæндтæ»)
Цавæртæ сты ацы уацмыстæ сæ жанртæм гæсгæ? Чи сты сæ автортæ?
«Авд цухъхъайы», «Уый», «Æнхъæл нæ уыдысты», «Ос-Бæгъатыр», «Саст рæхыс», «Мæсгуыты бæстæ»?
(«Авд цухъхъайы» - балладæ, Плиты Грис«Уый» - октавæ, Барахъты Гино«Æнхъæл нæ уыдысты» - радзырд, Коцойты Арсен«Ос-Бæгъатыр» - историон трагеди, Гæдиаты Цомахъ«Саст рæхыс» - роман, Боциты Барон
«Мæсгуыты бæстæ» - новеллæты цикл, Беджызаты Чермен)
Чи сты Ирыстоны фыццаг рухстауджытæ? (Колыты Аксо, Æгъуызаты Иуане)
Чи уыд Сайнæг- æлдар Нарты кадджыты? (Чингиз-хан)
Нарты кадджытæм гæсгæ Хуыцау Батрадзы зианыл æрæппæрста æртæ цæссыджы, æмæ сæ бынæтты равзæрд æртæ кувæндоны. Сæ нæмттæ? (Таранджелоз, Реком, Мыкалгабыртæ)
Дæ уарзон литературон хъайтары фæлгонц æрфыс, æнæ йæ ном зæгъгæйæ. Иннæ командæ та йæ хъуамæ базона.
Ранымайын ирон фольклоры хуызтæ, бацамонын сæ нысаниуæг. (Аргъæуттæ, кадджытæ, адæмон зарджытæ, æмбисæндтæ, уыци-уыцитæ, таурæгътæ)
10 «Ног фæлтæр цæмæй хорз хъомыл кæной, уымæн хъæуы ахуыр æмæ размæдзыд бинонтæ, æмæ ахæм бинонтæ саразынæн та хъæуы, фыццаджы-фыццаг, ахуыр æмæ размæдзыд сылгоймаг-мад» - кæй ныхæстæ сты æмæ цавæр мадзæлттæ сарæзта сæ сæххæст кæнынмæ?
(Колыты Аксойы, «лæвар» ирон адæмæн – скъола ирон чызджытæн, йæ хæдзары, йæхи хардзæй, 1862 азы)
Капитанты ерыс.
Чи ныффыста фыццаг ирон сонет? (Токаты Алихан)
Куыд хуынд фыццаг ирон историон зарæг? Кæд фæзынд? Цавæр историон цаутæ дзы æвдыст цæуы?( «Задалески Нана», Къуылых Тимуры æрбабырсты 1395 азы сидзæр сабиты бахъахъхъæдта, фæзынд 15 æнусы)
Кæд æмæ кæм фæзынд фыццаг ирон скъола? (1764 азы Мæздæджы)
Кæд æмæ кæм фæзынд фыццаг ирон чиныг?Куыд хуынд? (Мæскуыйы типографийы, 1798 азы, «Начальное учение человеком, хотящему учитися книг божественного писания»)
Чи уыд фыццаг ирон профессионалон поэт? Кæд цард? (Мамсыраты Темырболат, 19 æнусы цард)
Чи уыд фыццаг ирон профессор? (Æлборты Барысби)
Кæд æмæ кæм фæзынд фыццаг ирон чызджыты скъола? (Колыты Аксойы хæдзары, йæхи хардзæй, 1862 азы)
Чи у фыццаг ирон профессионалон нывгæнæг? Тугъанты Махарбег)
Чи уыд фыццаг ирон сылгоймаг-драматург? (Кочысаты Розæ)
10 Фыццаг ирон æвзагыл чи ныффыста октавæ? (Барахъты Гино, октавæ «Уый»)