Конспект по осетинской литературе Свирель Ацамаза
-680085-348615ПъланНыхасы темæ: Ацæмæзы уадындз (кадæг «Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд»)
Грамматикон æрмæг: Дзырдты тематикон къордтæ.
Урочы нысантæ: 1.Скъоладзауты базонгæ кæнын тексты мидисимæ, дзырдты тематикон къордты æрмæг равзарын;
2. Ахуыр кæнын хи хатдзæгтæ кæнын, хи хъуыдытæ дзурын; ныхасы рæзтыл куыст. 3. Адæмон сфæлдыстадмæ цымыдисдзинад æмæ уарзондзинад гуырын кæнын, скъоладзауты эстетикон дуне фæхъæздыгдæр кæнын, музыкалон инструменты рæсугъд зæлтæ сывæллæттæн уарзын кæнын. «Ацæмæз у ирон Орфей. Кæд Сырдон фыдохы бон йæ хъыгæй дыууадæстæнон фæндыр сфæлдыста кадджытæ æмæ таурæгътæ кæнынæн, уæд Ацæмæзы уадындзы зæлтæ та сты кæлæнгæнæг зарæджы хуызæн, адæймаджы нæ, фæлæ æппæт цæрæгойты дæр, хæхты, дæтты,зайæгойты йæхимæ арф чи ныхъхъусынсын кæны, музыкæйы, аивады, рæсугъддзинады тых тынгдæр кæм зыны,
ахæм».
Цгъойты ХазбиУрочы цыд:
I. Цæттæгæнæн хай.Салам раттын.
Абон нæ урокмæ æрбацыдысты уазджытæ. Алыбон æгас нæм цæут. Уазæг – Хуыцауы уазæг.
II. Х/куыст сбæрæг кæнын.
1. Хи ныхæстæй текст дзурынц 2-3 скъоладзауы.
2. Фарстатæн раттын дзуæппытæ.
1) Цавæр рагон музыкалон инструменттæ зонут?
(Рагон музыкалон инструменттæ сты: хъисын фæндыр, дыууадæстæнон фæндыр, уадындз…)
2) Хъисын фæндыр афтæ цæмæн хуыйны?
(Хъисын фæндыр афтæ хуыйны, уымæн æмæ йæ тæнтæ конд уыдысты хъисæй, бæхы хъуынæй)
3) Нæ фыдæлты цы уырныдта хъисын фæндыры тыххæй; куыд
æнхъæлдтой, йæ бон кæимæ уыд дзурын?
(Уырныдта сæ уæларвон тых æм кæй уыд, уымæн æмæ йæ бон уыд бардуæгтимæ дзурын)
4) Ранымайут-ма бардуæгты нæмттæ.
(Уастырджи, Уацилла, Фæлвæра, Æфсати …)
5) Зæгъут-ма, куыд фæзынд дыууадæстæнон фæндыр?
III. Ног æрмæг.
Ахуыргæнæг:
Мах рæстæгмæ стæм ацы дунейы, фæлæ аивад та у æнусон. Нæ абоны урочы дæр нæ ныхас уыдзæн аивады тыххæй. Равзардзыстæм темæ «Ацæмæзы уадындз», грамматикон темæ та – «Дзырдты тематикон къордтæ».
1. Бакæсын эпиграф.
1) Цымæ цавæр Ацæмæзы кой кæны Цгъойты Хазби?
(Эпиграфы ныхас цæуы нæртон хъайтары тыххæй)
2) Кæимæ бары Цгъойты Хазби Ацæмæзы?
3) Чи у Орфей? (слайд)
(Орфей— персонаж древнегреческой мифологии. Он славился как певец и музыкант, наделённый магической силой искусства, которой покорялись не только люди, но и боги, и даже природа.) Бæстондæр Орфейы тыххæй радзурдзæн ахуырдзау.
.
Орфей – величайший из когда-либо живших поэтов и музыкантов. Юноша не мог похвастаться знатностью своего рода. Отцом Орфея был затерявшийся во фракийских дебрях горный поток, (бог Эагр), а матерью – муза Калиоппа (Прекрасноголосая). Мать одарила Орфея даром песнопения и поэзии. Апполон подарил Орфею лиру, а музы научили его играть на ней, да так, что под звуки его лиры двигались даже деревья и скалы.
Он пел для птиц и зверей. Песни его наполняла такая сила, что даже деревья и камни снимались с места, чтобы быть ближе к певцу.
1. Кто еще, подобно Ацамазу, играет на свирели в русском устном
народном творчестве?(Пастушок Лель – покровитель певчих певчих птиц).
Юный пастух Лель ходил по лесам и лугам с певучей дудочкой-свирелью. Садился Лель на пригорке под березкой и начинал играть на свирели. Собиралось вокруг Леля стадо, слетелись птицы, выходили из лесов дикие звери - все слушали волшебную дудочку.
Матерью Леля была Весна-Лада. Она наградила своего сына даром музыкальным. Слушала Лада, как Лель играл на свирели, собирала на лугах цветы и плела для сына венок. Одевала она венок Лелю на голову, и шел он по весенней земле, поигрывая на своей свирели. Где проходил Лель - между людьми наступали мир, добро и дружеское согласие.
Ахуыргæнæнг:
Бакæсæм уæдæ кадæг «Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд»-æй скъуыддзаг. Тексты ис зынæмбарæн дзырдтæ æмæ сыл бакусæм, дзырдбæстытæ семæ саразæм. Тетрæдты сæ ныффыссæм.
2. Зынæмбарæн дзырдтæ:
Уадындз- свирель
Æнусон- æнæмæлгæ, вечный
сæрджын саг- лось
хæлхæлгæнгæ - журча
Симд самадтой- симын райдыдтой,начали тацевать симд Расирынц - ракафынц Хъырнын райдыдтой - зарын райдыдтой, начали подпевать
Гæмæх - лопъо, лысый, голый
сычъи - серна
лæбырын байдыдтой- начали оседать
(Дзырдбæстытæ: сыгъзæрин уадындз, æнусон цъититæ, рæсугъд сæрджын саг, хæлхæлгæнгæ уайы, нæртон симд самадтой, дæсны расирынц рæсугъд, гæмæх хæхтæ, гыццыл сычъи, сабыргай лæбырын байдыдтой) – 2-3 хъуыдыйады æрхъуыды кæнын семæ.
3. Текст бакæсын, абзацгай йæ ратæлмац кæнын, фарстатæн
дзуæппытæ раттын.
Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз рахаста йæ фыды хæзна, æнусон сыгъзæрин уадындз. Схызти Сау хохмæ. Бæрзонддæр къæдзæхыл æрбадти æмæ зарынтæ байдыдта уадындзæй.
Ацæмæзы зардмæ сæрджын сагтæ уæд уасын байдайынц, сæ сыкъатæ бæрзонд сисынц æмæ лыстæг расирынц. Сау хъæды сычъитæ дæр кафын райдыдтой.
Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз та ноджы зæрдиагдæрæй куы ныззары; райхъал сты уæд хуссары æрсытæ, сæ хъарм хуыссæнтæ ныууагътой æмæ симд самадтой Сау хъæды астæу.
Гæмæх быдырты уæд алыхуызон рæсугъд дидинджытæ куы ракалынц. Сæ алыварс гæлæбутæ æмæ мыдыбындзытæ ратæх-батæх куы байдайынц. Сау хъæды мæргътæ Нæртон Ацæмæзæн сæ алыхуызон хъæлæстæй хъырнын куы байдайынц.
Ацæмæз дæр та ноджы рæсугъддæр йæ уадындзæй куы базары.
Ацæмæзы уадындзы зардмæ хæхтæ хъырнын райдыдтой, уыйфæстæ та, дын, куы скафиккой Сау хох æмæ Урс хох, æмæ Сау хох лæбырдтæ фæци, Урс хох змис фестади.
Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз ноджы рæсугъддæр базары, æмæ æнæхъæн дунетæ æрыхъал вæййынц: æнусон цъититæ тайын куы байдайынц; уынгæг кæмтты хæххон уайаг дæттæ хæлхæлгæнгæ уæрæх быдыртæм згъорын куы сисынц.
Ахуыргæнæг.
Чи радзурдзæн уырыссаг æвзагыл тексты мидис, кæй кой дзы цæуы?
1) Цавæр музыкалон инструментæй цагъта Ацæмæз?
2) Ацæмæзы зардмæ сырдтæ сæхи куыд дарынц?
(текстæй бакæсын)
3) Æрсытæ цы ми кæнынц?
4) Куыд аивтой сæ хуыз гæмæх быдыртæ? (тексты ссарын)
5) Хæхтæ куыд аивтой йæ зардмæ? (тексты ссарын)
6) Ацæмæзы уадындзы зæлты цавæр тых ис?
Ахуыргæнæг:
Кæсут-ма, æцæгæйдæр, аивадæн цавæр тых ис! Ацæмæзы цагъд сызмæлын кодта æнæхъæн æрдз, йæ цагъд ахæццæ хæхты цъуппытæм, быдыртæм, кæмттæм, æхсæрдзæнтæм.
7) Нарты кадджыты хъайтартæй ма кæй зонут?
8) Нарты кадджыты хъайтартæй ма кæцы у баст аивадимæ?
Уæ дзуаппæн уын феххуыс кæндзæн ацы ныв. Куыд хуыйны
æмæ йæ чи сныв кодта?
(Ацы ныв скодта Тугъанты Махарбег, хуыйны «Нарты куывд» («Пир нартов»). Нывы кæхцы (Уацамонгæйы) былтыл кафы
Нарт Сослан).Ахуыргæнæг:
Æрмæст Сослан нæ уыдис дæсны кафæг. Эпосæй бæрæг у, нарт кафын бирæ кæй уарзтой. Сæ кафтмæ-иу уæларвæй дисгæнгæйæ кастысты хуыцæуттæ, сæ уæнгты змæлдæй-иу сæнкъуыстысты хæхтæ æмæ къæдзæхтæ, сызмæлдис зæхх.
Адæймагæн йæ ныхас аивдæр, рæсугъддæр, зæрдæмæхъаргæдæр цæмæй уа, уый тыххæй фæпайда кæны алыхуызон аивгæнæн мадзæлттæй: эпитеттæй, олицетворенитæй, хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæй, дзырдты тематикон къордтæй æмæ афтæ дарддæр. Райсæм-ма дзырдты тематикон къордтæ.
4. Равзарын грам.темæ «Дзырдты тематикон къордтæ». (слайд)
Ж.Дюмезиль, Абайты Васо, В.Миллер – æвзагиртасджытæ; мад, фыд, чызг, лæппу – бинонтæ, Нарты кадджытæ, аргъæуттæ, æмбисæндтæ – адæмон сфæлдыстад.
1. Чи сты ацы зындгонд адæм? (Ахуыргæндтæ)
Цавæр фарстатыл куыстой? (ирон æвзаг,Нарты эпос иртасыныл)
Уæдæ ма сæ куыд схонæн ис? (иртасджытæ)
2. Цы иу кæны ацы дзырдтæ та, иу дзырдæй сæ куыд зæгъæн ис?
(Бинонтæ)
3. Ацы дзырдтæ та цы иу кæны, иу дзырдæй сæ куыд зæгъæн ис?
Дзырдтæ хæстæг куы вæййынц сæ нысаниуæгмæ гæсгæ, уæд аразынц тематикон къордтæ. Тематикон къордты цы дзырдтæ вæййы, уыдон зæгъæн вæййы иу дзырдæй – иугæнæг дзырдæй (обобщающее слово).
.
а) Ацы дзырдтæн зæгъын сæ иумæйаг нæмттæ æмæ сæ ныффыссын. (слайд)
Сослан, Ацæмæз, Сырдон- муз.инструменттæ
Уастырджи, Уацилла, Æфсати - æрдз
хъисын фæндыр, уадындз, ирон фæндыр- бардуæгтæ
хох, быдыр, хъæд- нарты хъайтартæ
æ) Тексты ссарын дзырдты тематикон къордтæ æмæ сæ ныффыссын тетрæдты.
(сæрджын саг, сычъитæ, æрсытæ – сырдтæ)
(урс, сау – хуызæвдисæг дзырдтæ)
(мыдыбындзытæ, гæлæбутæ – сасчытæ)
б) Бакæсын æмбисонд æмæ йын йæ мидис бамбарын кæнын.
Ацæмæз – Нарты Бонвæрнон, Нарты рухс хур.
Скъоладзауты дзуапп.
Ахуыргæнæг.
Ацæмæз йæ уадындзы цагъдæй хаста зæрдæйы хъæлдзæгдзинад, зæрдæйы рухс. Æнæ уыдонæй та цард æнкъард у. Ацæмæзы фæлгонцæй æвдыст æрцыд таурæгъты нарты адæмы курдиат зарынмæ, кафынмæ æмæ цæгъдынмæ.
III. Хатдзæгтæ.
Ныр та нæ урокæн хатдзæгтæ скæнæм.
Æвæдза, куыд куырыхон уыдысты нæ фыдæлтæ, куыд диссаджы стыр аргъ кодтой аивадæн: Сырдоны фæндырæн, Ацæмæзы уадындзæн, Сосланы кафтæн.
Музыкæйы ахадындзинад стыр кæй уыд, ууыл дзурæг сты ацы æмбисæндтæ дæр.
Сырдоны фæндыр æнусмæ цæгъды.
Ацæмæз æмæ Сырдоны кадджытæ цæрынц.
Скъоладзауы дзуапп.
Зæгъут-ма уæ хъуыдытæ, музыкæ адæймаджы царды цы бынат ахсы, уый тыххæй. Цы дæтты дæуæн музыкæ?
Кæсут-ма, нæ эпиграфы хъуыдымæ та куыд æрцыдыстæм.
Ахуыргæнæг
Кæд æмæ кæд сфæлдыстой нæ фыдæлтæ нарты кадджытæ, фæлæ ныр дæр ма цæрынц Ацæмæзы уадындз æмæ Сырдоны фæндыр. Цæрынц нæ хистæрты, нæ фæсивæды, нæ сывæллæтты сфæлдыстады (нæ кафджыты, нæ фæндырдзæгъдджыты къордты).
Байхъусæм фæндыры цагъдмæ.
Фæндыр! Нæ быдырты, нæ хæхтыЦы райдзаст цины хос дæ ды!
Дæ хъæлæс мин мыртæй куы цæгъды,
Уæд удæн цас хъару дæтты! (Плиты Грис)
Ахуыргæнæг.
Абон нæ урокмæ æрбахуыдтам курдиатджын музыкант Æлборты Ланæйы йæ хъомылгæнинæгтимæ. Ныхасы бар сын раттæм.
4644390bottomIV. Х/куыст. Хи ныхæстæй дзурын текст.
Ныффыссын уæ хъуыдытæ аивады тыххæй.