Урок осетинской литературы Гучмазов Алёш Белые сны
10-ӕм кълас(Ирон къорд).
«Иронау цӕрын у зӕххыл нӕ хӕс.»
Урочы темӕ:Гуыцмӕзты Алешы радзырд»Урс фынтӕ»-мӕ гӕсгӕ.
Беслæны 7-аем скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг
Касаты Иринæ
Урочы темае:Гуыцмаезты Алешы радзырд «Урс фынтае-мае» гаесгае.
Урочы нысан:1.Гуыцмаезты А. цард аемае сфаелдыстадыл афаелгаесын.
2.Анализ скаенын радзырд «Урс фынтае»-йаен.
3.Хъаеууон царды хаерзваетк аемае аегъдаеутты равдыст сбаераег каенын радзырды.
4.Сываеллаеттаем гуырын каенын стыр уарзондзинад фыдаелты уаезаегмае,Райгуыраен баестаемае.
Урочы фаелгонц:фыссаеджы портрет,къулы газет,сюжетон нывтае,презентации.
Эпиграф:»Пока на земле есть всё ещё насильственная смерть,первыми должны умирать поэты.П.Элюар.
«Мае риуы баерц уаеддаер бахъахъхъаендзынаен Ирыстонаей». Алеш.
Урочы цыд.
1.Организацион хай.
2.Сценкае «Фыццаг Уастырджи.»
3.Уаедае абон нае урочы темае Гуыцмаезты Алеш аемае йае радзырд «Урс фынтае «-йыл аердзурын каей у,уый ,аеваеццаегаен ,не ҆҆҆ппает даер бамбаерстам.(Урочы нысаенттае ранымайын.) Бакаесын урочы эпиграф.
-Сымахмае гаесгае, цаемаен райстам нае урокаен эпиграфаен ацы ныхаестае?
Ахуыргаенинаг каесы :Вот уже не первый год горит под нашими ногами земля и не высыхают кровавые слёзы на наших глазах.Истерзанная Мать-Осетия потеряла счёт своим ранам.Кажется было уже всё:гибель новорожденных младенцев в промёрзлом роддоме сжатого в кольце блокады непокорного города,убийства беззащитных стариков и женщин,глумление над национальными святынями и человеческим достоинством,ритуальные убийства сравнимые лишь со средневековьем,но у селения Кехви наши вчерашние братья превзошли самих себя.Странно ,что сердце выдерживает ещё такую боль,потому что никакими слезами не выплакать её!
Небеса содрогаются от стонов наших матерей и сестёр. И вот снова тяжёлая невосполнимая утрата:в ночь на 25 мая 1992 года погиб один из защитников мужественного Цхинвала,выдающийся осетинский прозаик Алёш Гучмазов.
Ахуыргаенаеджы раныхас.23 азы размае знаджы наемыгаей фаемард Гуыцмаезты Алеш.Ирон литератураейаен бирае хаерзтае чи ракодта аемае ма ноджы фылдаер,стырдаер хаерзтае чи ракодтаид…Ирыстон аемае ирон адаемы сур,къаебаелдзыг ныхаестаей чи нае уарзта,фаелае сын сае тыхсты сахат хаестон чи сси,аед хотых чи хъахъхъаедта аемае сын сае цаераенбонты саерваелтау йае цард чи радта.Мах дзы саерыстыр стаем.
«Гуыцмаезты Алешаен»
Поэт йае дзыллаейы цаерайаенФаецыд наемыгдзаефтаей маердтаем,
Ир,де знаг йе҆҆ нгуылдзтыл нымайаедДаеуау йае хаестифтонг фыртты!
Ос-Баегъатыр фыртты сахъдаер,
Бустае,уайдзаефтае нае зыдтай,
»Мемае цомут» даер нае загътай,
Афтаемаей хаестмае фаецыдтае.
Заердае судзгае маст аеууилы,
Мах даеуау нае зыдтам уарзын,
Ды цы ныфс хастай дае риуы,
Уый нае цауд удты нае разынд… Хостыхъоты З.
Ахуыргӕнӕджы ныхас:»Чи дӕ диссаг уый нӕу,адӕмӕн цы фӕдӕ ,уый у диссаг.»
Адӕймаджы цард барын хъӕуы йӕ хорз хъуыддӕгтӕй,йӕ кадӕй,йӕ номӕй.
«Нӕ нӕ хъӕуы ӕнусон цард,ратт нын ӕнусон кад…»-куырдтой Нарт Хуыцауӕй.»Ӕнусон кады аккаг сси Ирыстоны ахсджиагдӕр хъӕбултӕй иу-курдиатджынфыссӕг Гуыцмӕзты Алеш дӕр,кӕцы цыппораздзыдӕй йӕ сӕр нывондӕн ӕрхаста йӕ гыццыл Райгуырӕн Ирыстоны сӕрвӕлтау…
Алешы мысгӕйӕ.
Гуырдзы-сау хилӕг,ысхъуызы,
Марг ӕвзӕгты ратардта.
Уый ,гормон,Алеш,дӕ хуызыАвдсион саг рамардта.
Цард, ивылд донау ,фӕхӕццӕ,-
Удхортӕ сӕ бон калынц,-
Де´нӕсаразгӕ фӕлгӕнцтӕ
Ногӕй нӕ артыл дон кӕнынц.
Арвӕй зды къӕвда ыскъӕрынц
Саубарц мигътӕ уа дардыл,-
Уый дӕ цъӕх чызджытӕ скӕуынц
Се стыр фыды стыр мардыл.
Уд дзыназы сонт рӕмыгъдӕй,
Ракетӕты уасынмӕ.
Де´фсымӕртӕ топпифтыгъдӕй
Рӕвдз –дӕ сау туг райсын.
Скъоладзауты раныхас :1.Зынгӕ,курдиатджын фыссӕг ӕмӕ ӕхсӕнадон кусӕг Гуыцмӕзты Алыксийы фырт Алеш райгуырд 1951 азы Цхинвалы районы рӕсугъддӕр хъӕутӕй иуы-Ортъеуы хъӕуы.Суанг гыццыл сабийӕ фӕстӕмӕ йӕ диссаджы дзырдарӕхст,фӕлмӕнзӕрдӕ зӕронд мады таурӕгътӕ ӕмӕ ӕмбисӕндтӕм хъусгӕйӕ,Алешы зӕрдӕйы,йӕ туджы ахъардта ирон дзырды стыр тых ӕмӕ дзы ивылд донау абухгӕйӕ фӕйлауӕнтӕ кодта суанг йӕ царды фӕстаг боны онг.Астӕуккаг скъолайы ма куы ахуыр кодта,уӕд райдыдта иронау ӕмдзӕвгӕтӕ фыссын,фӕлӕ йе сфӕлдыстадон хъару прозӕйырдӕм тынгдӕр тасыд,ӕмӕ йӕ курдиаты тых уыцырдӕм сарӕзта,фӕлӕ ӕмдзӕвгӕтӕ фыссын дӕр нӕ ныууагъта…
2-аг скъоладзау.1971 азы журнал»Фидиуӕджы» куы фӕзындысты Алешы прозаикон уацмыстӕ,уӕд журналкӕсджытӕ дӕр ӕмӕ литературӕйы куырыхон архайджытӕ дӕр федтой,нӕ литературӕмӕ кӕй ӕрбацыд,нырмӕ цух цӕмӕй уыди,ахӕм курдиат.Алешӕн йӕ зӕрдӕ ӕхсайдта ахуырмӕ ӕмӕ бацыд Мӕскуыйы Горькийы номыл литературон институтмӕ.Ӕнӕкъуылымпыйӕ фӕлварӕнтӕ радта,фӕлӕ йӕм уыцы ахуыр фаг мидисджын ӕмӕ цымыдисаг нӕ фӕкаст,йӕ рӕстӕг цыма дзӕгъӕлы сафы,афтӕ йӕм фӕкаст:ныууагъта йӕ ахуыр ӕмӕ иузӕрдионӕй ӕрӕвнӕлдта литературон куыстмӕ,аивадон уацмыстӕ фыссынмӕ…
3-аг скъоладзау.Бирӕ саразын бантыст Алешӕн йӕ цыбыр царды.Йӕ удӕгасӕй йын бантыст цалдӕр чиныджы мыхуыры рауадзын.Уыдон сты радзырдтӕ ӕмӕ уацауты ӕмбырдгонд»Урс фынтӕ»,роман «Дӕ уды фарн»,сывӕллӕттӕн фыст уацмыстӕ…1993 азы мыхуыры рацыд Алешы уацмысты ӕмбырдгонд»Азарут иронау,лӕппутӕ…»
4-ӕм скъоладзау. Цыбыр уыд йӕ цардвӕндаг Алешӕн,хӕрз цыбыр,ӕрмӕстдӕр цыппор азы.Йӕ райгуырӕн зӕххӕн йӕхи ӕрхаста нывондӕн,адӕм ӕй бауарзтой тынг бирӕ,куыд фыссӕг.Йӕ уацмыстӕ йын тынг бауарзта чиныгкӕсӕг.Йӕхи та йын Хуыцау бирӕ бауарзта ӕмӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ раджы дӕр йӕхирдыгӕй уымӕн фӕкодта.Алешы сфӕлдыстад ӕнусмӕ баззайдзӕн ирон адӕмы зӕрдӕты.
5-ӕм скъоладзау.Алешӕн йе стырдӕр бӕллиц уыдис ,искуы ма удӕнцой куы банкъарид,искуы ма ӕнӕ зӕрдӕхсайгӕйӕ йӕ фыссӕн машинкӕйы раз куы ´рбадид ӕмӕ йӕ парахат,куырыхон зондӕй цӕуӕг хъуыдытӕн гӕххӕтмӕ цӕуыны фадат куы фӕуаид.
Ӕй,Дунескӕнӕг!Цӕй уӕззау хабар ӕрцыд дӕ цӕстыты раз ӕмӕ дӕ бон куыд нӕ бацис Ирыстон ӕмӕ рыстзӕрдӕ ирон адӕмы уыцы уӕззау хабарӕй бахизын!Ныр цас зӕрдӕмӕхъарӕг зӕгъинӕгтӕ ахаста Алеш йемӕ,уыдонӕй ирон адӕм ӕнӕхай кӕй уыдзысты,уыдон ирон чиныгкӕсӕг кӕй никуы бакӕсдзӕн ,уый куыд нӕ у уӕззау хабар.Мах,ирон адӕмы,нӕ уырны дӕ худгӕ цӕсгом дын никуыуал фендзыстӕм ӕмӕ нӕ никуы бауырндзӕн,Алеш,цалынмӕ нӕ удтӕ тӕлфой,нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ хъуыды кӕнынхъом уой,уӕдмӕ.
1-аг ахуырдзау.«Лӕг райгуыры лӕгау цӕрынӕн».
Лӕг райгуыры лӕгау цӕрынӕн,
Лӕг райгуыры лӕгау мӕлынӕн.
Ӕмӕ нӕ бакуымдтай ӕмбӕхсын.
Ныккалд дӕ туг-ирон мӕсыг ныхасӕн.
Ӕвӕццӕгӕн дӕ бафӕндыд
Ӕндадзӕн фестын…
Ирон мӕсыджы мургай хаугӕ дуртӕн…
Ӕвӕццӕгӕн, дӕ бафӕндыд нывондӕн
Дӕ цардхъуаг уд ӕрхӕссын
Ӕмӕ йӕ бавӕрын бындурӕн,
Ирон уӕзӕгыл
Фидар мӕсыг фестын… Касаты Б.
2-аг ахуырдзау.Нӕ разынд тых,
Дӕ хивӕнд ми –уӕлахиз…
Цы ма вӕййы егъаудӕр нывонд уымӕй,
Цӕмӕй кӕрӕдзи мауал хӕрой адӕм,
Цӕмӕй сӕ мӕсыг дурӕнгом ныззилой,
Цӕмӕй сӕ цинтӕ арвгӕрӕтты зилой.
Ӕмӕ кӕрӕдзи хӕрынӕй
Бӕрзонд уарзтмӕ схизой!
Цы ма вӕййы?!
Ӕви ӕгӕр сты йӕ домӕнтӕ Хуыцауӕн
Ӕмӕ дӕ хуызӕтты нымайы
Зӕххон цардӕн ӕвгъауӕн?!
Релаксаци
Ахуыргӕнӕг:Уӕдӕ Алеш рухсаг уӕд ,фӕлӕ йӕ уацмыстӕ ӕнусмӕ уыдзысты нӕ зӕрдӕты.Абон дзы мах равзардзыстӕм йӕ диссаджы уацмыстӕй иу-радзырд «Урс фынтӕ».
Радзурдзысты сюжет цыбыртӕй скъоладзаутӕ сюжетон нывтӕм гӕсгӕ.
Ахуыргӕнӕг:Абон нӕ урочы спайда кӕндзыстӕм коллективон куысты формӕйӕ.Адих каенын аертае къордыл кълас,раттын сын карточкӕтӕ.Алы къордӕн дӕр раттон нӕмттӕ:
1-аг къорд.Алӕгатӕ.Ӕвзарынц Местъайы фӕлгонц:
1.Местъайы ӕдде бакаст,йе´взаг,йӕ ныхас.(радзырдӕй дӕнцӕгтӕ)
2.Цавӕр миниуджытӕй хайджын у Местъа?(дӕнцӕгтӕ ӕрхӕссын).
3.Куыд цардис Местъа йе´мкъаимӕ,цавӕр ахастытӕ сын уыдис?
4.Местъайы ныхас Уаскъаимӕ.Цы базыдтатзӕронд лӕджы царды хабӕрттӕй,йӕ зӕрдӕйы рыстытӕ,йӕ хъуыдытӕ царды тыххӕй(уацмысӕй дӕнцӕгтӕ ӕрхӕссын.
2-аг къорд.Борӕтӕ.Матейы фӕлгонц.
Матейы ӕддаг бакаст,йе´взаг,йӕ ныхас.(радзырдӕй дӕнцӕгтӕ).
Мате ӕмӕ Местъайы ахастытӕ(дӕнцӕгтӕ).
Матейы цӕстӕнгас,йе´рвадӕлтӕй зымӕджы йӕ хӕдзар дзӕгъӕл чи ныууадзы,уыдонмӕ(скъуыддзаг бакӕсын).
Бакӕсут радзырдӕй скъуыддзаг ӕмӕ зӕгъут,цавӕр хъуыды дзы ис зӕххы тыххӕй?Уӕхӕдӕг та куыд хъуыды кӕнут?
3-аг къорд.Ӕхсӕртӕгкатӕ.Хъӕууон цард ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ.
1.Цы базыдтат хъӕуы царды тыххӕй?Цавӕр афӕдзы афон ӕвдыст цӕуы радзырды?Бӕрӕгбӕттӕ,ӕгъдӕуттӕ.
2.Чи тынгдӕр фӕцыдис радзырды уӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ цӕмӕн?
3.Радзурут Абейы службӕйы тыххӕй.Абоны службӕ та цы уавӕры ис?
4.Цӕмӕн хуыйны радзырд «Урс фынтӕ.»Цы нысан кӕны ,дӕумӕ гӕсгӕ.(Цитатӕ).
(Чи уыдысты Алӕгатӕ,Борӕтӕ,Ӕхсӕртӕгкатӕ?)
Иумӕйаг фӕрстытӕ.
1.Уацмысы темӕ,идейӕ.
2.Цавӕр литературон уацмыс абарӕн ис ацы радзырдимӕ?
3.Цавӕр аивадон мадзӕлттимӕ сӕмбӕлдыстут радзырды?
4.Хъӕууон цард ӕмӕ горӕты цард абарын.
Фӕйнӕгыл ӕмбисӕндтӕ:
-Йӕхиуыл бындз абадын нӕ уадзы.
-Дӕу хуызӕн чи нӕ хъуыды кӕны,уымӕй знаг ма кӕн.
-Ӕфсымӕртӕ кӕрӕдзийы хӕдзӕрттӕм куы нал фӕцӕуынц,уӕд уыдон дӕр ӕцӕгӕлон кӕнынц.
Райхалын ӕмбисӕндты мидис.Ӕрхӕссын уӕхи ӕмбисӕндтӕ.
Кӕронбӕттӕн.(Комментаритӕ,бӕрӕггӕнӕнтӕ).
-Уӕдӕ абонӕй фӕстӕмӕ уӕ фыдӕлты кад ӕмӕ ӕгъдау бӕрзонддӕр цы кӕнат,ӕцӕг иронау куыд цӕрат а зӕххыл,ахӕм амонд уӕ уӕд!
Уӕ сӕрмӕ худинаг куыд никуы ӕрхӕссат,хъуамӕ архайат,ирон лӕджы хуыздӕр миниуджытӕй хайджын цӕмӕй уат,уӕ Райгуырӕн Ирыстон ӕнӕкӕрон уарзтӕй цӕмӕй уарзат.
Хӕдзармӕ куыст.
Ныффыссын нывӕцӕн,равзарын иу темӕ.
1.Мӕ райгуырӕн уӕзӕджы хъӕлӕс.
2.Мӕ райгуырӕн хъӕуы цард ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ.
3.Райгуырӕн къонайы фарн.