Конспект открытого урока по осетинской литературе во 2 классе К.Ушинский Дыууа гутоны


Тема: К. Д. Ушинский «Дыууӕ гутоны».
1. Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.
-Уӕ бон хорз, сывӕллӕттӕ.
-Сывӕллӕттӕ, нӕ уӕ фӕндид хӕзнатӕ ссарын.
-Ӕмӕ цы у хӕзна? (хъӕздыгдзинад, ӕхца,сыгъзӕрин)
-Раст у. Фӕлӕ зӕххыл ис ӕндӕр хӕзна дӕр. Уый ӕхцайӕ ӕмӕ сыгъзӕринӕй зынаргъдӕр у. Уыцы хӕзнайӕн бахарц кӕнӕн нӕй. Уыдон азӕй – азмӕ фылдӕрӕй фылдӕр кӕнынц. Уыдон сты зонындзинӕдтӕ, ӕмӕ та мах абон араст уыдзыстӕм уыцы зонындзинӕдтӕ агурӕг.
2.Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.
-Цы уын лӕвӕрд уыд хӕдзармӕ?
Чиныджы цы ног хай байдыдтам ахуыр кӕнын уымӕн йӕ сӕргонд у афтӕ «Ӕнӕзивӕг куы уай – хуыздӕр бынат дӕ бар».
-Куыд ӕмбарут дзырд «ӕнӕзивӕг»?
-Цавӕр дзырдӕй йӕ ис баивӕн?
-Айсӕм ма фыццаг артӕ дамгъӕйы. Цавӕр дзырд нын дзы рауайдзӕн? (зивӕг)
-Ӕмӕ цы у зивӕг?
-Цавӕр дзырдӕй йӕ баивӕм?
3. Къордты куыст.
-Ныртӕккӕ уын мах равдисдзыстӕм нӕ зивӕг. 1 къорды кусынц гӕххӕтт ӕмӕ кърандӕстӕй. 2 къорд-хуызджын гӕххӕтт ӕмӕ хӕсгӕрдтӕй. 3 къорд – пластелинӕй.
-Исты сарӕзтат? Ницы. Уымӕн ӕмӕ зивӕгӕй ницы ис саразӕн. Уӕдӕ ӕрӕмбырд кӕнӕм нӕ зивӕг ӕмӕ йӕ аппарӕм бырондонмӕ. Ныр зивӕг ам нал и ӕмӕ райдайӕм кусын.
4. Ног ӕрмӕг
Бацӕуӕн ныхас.
-Ӕрхъуыды- ма кӕнӕм, куыд хуыйны нӕ Райгуырӕн бӕстӕ? (Цӕгат Ирыстон)
Раст. Нӕ Ирыстон хъӕздыг у бӕрзонд хӕхтӕй, тагъд цӕугӕдӕттӕй, тыгъд быдыртӕй. Фӕлӕ не стырдӕр хӕзна сты нӕ адӕм, не мзӕххонтӕ, кӕцытӕ уыцы быдырты ӕрзайын кӕнынц хор, дыргъдӕтты – алыхуызон дыргътӕ. Уыдон сӕ фӕллойы руаджы ноджы рӕсугъдӕр кӕнынц нӕ райгуырӕн зӕхх. Ӕххуыс та сын кӕны техникӕ. Базонут – ма уыци-уыци. Цавӕр зондджын машинӕйы кой дзы цӕуы?
Уыци – уыциИу бӕх быдыры ӕз зонын,
Ифтыгъд никуы уыд уӕрдоны.
Хос нӕкуры, стӕй нӕ уасы,
Иумӕ авд гутоны ласы.
Цӕй – мА, чи зӕгъдзӕни тагъддӕрр,
Уый та цавӕр бӕх у? - …_(трактор) Слайд1
-Раст. Гутон та цы у? (зӕхх хуымгӕнӕн дзаума).
-Раджы та, бирӕ ӕзты размӕ трактортӕ куы нӕма уыд, уӕд адӕм зӕхх хуым кодтой бӕхтӕй, хъӕдын гутонӕй. Слайд25. Ног темӕ.
-Абон мах базонгӕ уыдзыстӕм К. Д. Ушинскийы аргъау «Дыууӕ гутоны»-имӕ. Фӕлӕ уал нӕ фӕллад суадзӕм.
6. Физминуткӕ.
7. К. Ушинскийы тыххӕй радзурын. Слайд3
-Байгом – ма кӕнут чингуыты 81 фарс. Ӕркӕсут – ма нывмӕ. Цы у бон зӕгъын ацы гутонтӕм кӕсгӕйӕ?
-Цымӕ куыд загътат, уый ӕцӕгӕй дӕр афтӕу, уый базондзыстӕм, аргъаумӕ куы байхъусӕм, уӕд.
8. Дзырдуатон куыст.
Аргъауы фембӕлдзыстут зынкӕсӕн дзырдтимӕ. Бакӕсӕм ма сӕ уӕнггай. Слайд 4.
Ӕф –сӕй – на – джыЛыг- га – гӕй
Куыр – да – дзыЗӕх – ку – сӕ – джыМӕнг – а – гъуыс – ты
Ӕрт – тывд – ты – тӕ
Куы байхъусат, уӕд мын зӕгъдзыстут, цӕмӕн у аргъау?
9. Ахуыргӕнӕджы каст
10. Текстимӕ куыст-Кӕд лӕмбынӕг хъуыстат, уӕд ма мын ахӕм фӕрстытӕн дзуапп радтут:
-Кӕм скодтой гутонтӕ?
-Цӕмӕй конд уыдысты?
-Кӕмӕ бахауд фыццаг гутон ӕмӕ цы ми кодта?
-Дыккаг гутонӕн та йӕ хъысмӕт куыд рауад?
11. Ӕвзаргӕ каст.
Ссарут ӕмӕ бакӕсут:
-Куы фембӕлдысты, уӕд фыццаг гутонӕн йӕ хуыз цыхуызӕн уыд?
-Дыккаг гутонӕн та?
-Куыд уӕм кӕсы, цы ис ацы дыууӕ гутонмӕ иухуызонӕй, иумӕйагӕй, ӕмӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц. Цӕмӕн систы гутонтӕ алыхуызӕттӕ?
12. Рольтӕм гӕсгӕ каст
-Зӕгъут ма, цал архайӕджы ис ацы аргъауы?
-Куыд бакӕсын хъӕуы фыццаг гутоны ныхӕстӕ? (Хъӕлдзӕг. Бӕрӕг у , йӕ куыст ын ӕхсызгондзинад кӕй хӕссы. Йӕ зӕрдӕ дзы райы)-Куыд бакӕсын хъӕуы дыккаг гутоны ныхӕстӕ?
-Кӕцы гутон уӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр фӕцыд?
13. Интерактивон фӕйнӕгыл куыст.
14. Ӕмбисӕндтыл куыст.
-Ацы аргъау нӕ цӕуылдӕр ахуыр кӕны, и сын арф хъуыды. Ӕмӕ йӕ зӕгъдзыстӕм ӕмбисондӕй. Фӕлӕ ӕмбисонды дзырдтӕ ныппырх сты ӕмӕ сӕ раст сӕмбырд кӕнын хъӕуы. Иумӕ мА йӕ бакӕсӕм.
-Куысты тыххӕй тынг бирӕ ӕмбисӕндтӕ. Ӕмӕ мА дзы мах ныртӕккӕ цалдӕр ӕрхъуыды кӕндзыстӕм. Уый та уыдзӕн къӕйттӕй хъазт. Ӕмбисонды райдиан иу къаймӕ, иннӕ кӕрон –иннӕ къаймӕ.
14. Къӕйттӕй куыст.
15.Рефлекси.
-Мӕнмӕ гӕсгӕ мах дӕр абон хорз бакуыстам, ӕмӕ нӕ куыстӕн аргъ скӕнӕм. Фӕйнӕгыл уынут дыууӕ гутоны. Кӕд уӕ куыст уӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, уӕд хъӕлдзӕг гутоныл баныхасут ӕрттиваг гӕххӕтт. Кӕд нӕ , уӕд та сау гӕххӕтт – ӕнкъард гутоныл.
Муниципальное казенное общеобразовательное учреждение
Средняя общеобразовательная школа с. Црау«Дыууӕ гутоны»
К. Д. Ушинский
гом урочы пълан – конспект
Бацӕттӕ йӕ кодта 2 къласы ахуыргӕнӕг
Гӕззаты Ф. С.
Урочы темӕ: «Дыууӕ гутоны» К. Д. Ушинский.
Урочы нысантӕ: 1.Скъоладзауты базонгӕ кӕнын К. Д. Ушинскийы аргъау «Дыууӕ гутоны» - имӕ
2.Сывӕллӕтты ахуыр кӕнын раст, ӕмбаргӕ, аив,тагъд кастыл. Дзургӕ ныхасы рӕзтыл кусын.
3. Скъоладзауты ахуыр кӕнын адӕймаджы хорз миниуджытӕн аргъ кӕнын. Уарзын сын кӕнын фӕллой кӕнын.
Урочы фӕлгонц: презентаци аргъаумӕ, аргъаумӕ нывтӕ, интерактивон фӕйнӕг.