Урок по осетинскому языку на тему: аргъау Чи коем уыд соерды.


Урочы темӕ: аргъау«Чи кӕм уыдис сӕрды»

Ахуыргӕнӕг: ХъалабектыА.А.
Урочытемæ:
Аргъау «Чи кæм уыдис сæрды»
Урочы нысан:
1)Аргъауы мидис бæстон бамбарын кæнын сывæллæттæн.
2)Ног дзырдтæ бацамонын.
Урочы æрмæг:
Нывтæ,карточкатæ,кроссворд
Урочы цыд.
Организацион хай.
Рацаугæ æрмæг сфæлхат кæнын.
Аргъаумæ байхъусын(ногææрмæг).
Нывмæ гæсгæ куыст.
Кроссворд саразын.
Грамматикон хъазт.
Æмхæст дзырд.
Мыр ,дамгъæ.
Хæдзармæ куыст.
Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.
1.Организацион хай.
(Боныхъæдæй бафæрсын,къуырийы бон,нымæц…)
2.Рацӕугӕ ӕрмӕг фӕлхат кӕнын.
Бафӕрсын ахуырдзауты дзырдтӕ ӕмӕ дзырдбӕстытӕй тӕлмац кӕнынмӕ.
Дугъысыф-?хосгӕрдӕг-?Хӕлуарджыты тынтӕ-?
Пайдау-?Ӕнӕниздзинад-?боныхъӕд-?
Архъуыды канын хъуыдыйадта дзырдта «дугъысыф» ӕмӕ «ӕнӕниздзинад»-имӕ.
(Дугъысыф у хосгӕрдӕг.Дугъысыф зайы къахвӕндӕгтыл.
Дугъысыф пайда у адӕймаджы ӕнӕниздзинадӕн).
3.Байхъусын комп.аргъаумӕ «Чи кӕм уыдис сарды?» (2 хатты).
а)Бафӕрсын зонгӕ дзырдтӕй.
б) Ахуыргӕнӕг йӕхӕдӕг кӕсы аргъау в) Базонгӕ кӕнын ахуырдзауты ног дзырдтимӕ:
Ӕрсой, Бирӕгъыхъо, Рубагӕ, Хуыкком, Зулмӕ кӕсын, цуан кӕнын.
Фарстатӕсӕмраттынрадзырдӕй:
Цӕуыл ныхас кодтой сырдтӕ тулдз бӕласы бын?
Куыд цӕттӕ кодтой сырдтӕ сӕхи зымӕгмӕ?
Цы загъта тулдз бӕлас?
4.Нывмӕ гӕсгӕ куыст.
Кӕй уынут нывы?
Ӕрхъуыды кӕнут цалдӕргай миногонтӕ дзырдтӕм «арс», «бирӕгъ», «рувас»-мӕ.
(Тыхджын, зондджынарс, зыдбирӕгъ, хинӕйдзагрувас)
Кроссворд. Уӕдӕ мА ӕркӕсут ацы кроссворды, ӕмбӕхст сты нӕ аргъауы сӕйраг хъайтартӕ(геройтӕ)
з
с
а
в
у
б
и
рӕ
н
ы
з
у
г
ӕ
ргъы

с
ра

1. Бирӕгъ ӕрцахста кӕй?
2. Чи сцӕттӕ кодта зымӕгмӕ хъӕддаг дыргътӕ?
3. … у зыд, ӕнӕфсис.
4. … у хинӕйдзаг, сайӕгой.
5. … у тыхджынӕмӕзондджын.
6.Нӕ радзырды алкӕмӕй даргъдӕр дзырд у «кӕрдо бӕлас»
(Саразут ацы дзырдӕй алыхуызон дзырдтӕ: (кӕрдо, бӕлас, бас, кард, род, дар, сӕрд, бад,сӕкӕр)
7. Ӕмбӕхст дзырд (арс)
-Базонут-ма, цы дзырд ӕмбӕхстис мӕ къонверты?(Ахуырдзаутӕ дӕттынц алыхуызон фарстатӕ, цалынмӕ бахӕццӕ уой фарст.Уый хъӕддаг сырд у? уӕдмӕ.
Дзуапп: конверты ис ӕмбӕхст дзырд АРС(ныв)
Радзурын хъӕуы чысыл радзырд «арсы» тыххӕй.
Кӕм цӕры? -Арс цӕры хъӕды.
Цы уарзы? -Уый бирӕ уарзы мыд.
Цыхуызӕн у? -У тыхджын ӕмӕ фӕлмӕн зӕрдӕ.
8. Мырон–дамгъон ӕвзӕрст дзырдтӕ: хъӕддаг, хуыкком, гагадыргъ, тулдз.
9. Хӕдзармӕ куыст: аргъау «Чи кӕм уыдис сарды?» аив кӕсын, тӕлмац кӕнын зонын, ног дзырдтӕ сахуыр кӕнын.
10. Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.