Презентация по осетинскому языку Фадатон дзырдт?. Афоны фадат. Бынаты фадат.
Фадатон дзырдтæ. Афоны фадат. Бынаты фадат.Чиныг-зонындзинæдты къæбиц. Фæнды дæ, - арв йе зæххСæ æцæгтæ зæгъой,Уæд чиныгмæ æздæх,Кæн ахуыр, кæн фæллой.Хъайтмазты А.
1.Цы хонæм фадатон дзырдтæ ?2.Сæ нысаниуæгмæ гæсгæ цал сты?3. Цавæр фæрстытæн дæттынц дзуапп?4. Цавæр ныхасы хæйттæ вæййынц фадатон дзырдтæ?5.Цы ‘вдисы афоны фадат?6.Цавæр фæрстытæн дæтты дзуапп?7.Цы вдисы бынаты фадат?8.Цавæр фæрстытæн дæтты дзуапп?9.Цæуыл нæ ахуыр кæны ацы æмдзæвгæ?10.Цæмæ нæм сиды автор?11.Цы нын фæдзæхсы?
Хæс:1-аг къорд:2-аг къорд:1.Цы хонæм фадатон дзырдтæ?2. Сæ нысаниуæгмæ гæсгæ цал сты фадатон дзырдтæ?3.Цавæр хъуыдыйады уæнг æмбарын кæнынц фадатон дзырдтæ?4. Цы ’вдисы афоны фадат? Цавæр фæрстытæн дзуапп дæтты?5. Цавæр ныхасы хæйттæй загъд æрцæуынц?6.Цы ’вдисы бынаты фадат?7. Цавæр фæрстытæн дзуапп дæтты?8.Цавæр ныхасы хæйттæй загъд æрцæуынц?1. … ᴁрфæны фæд диссаджы рæсугъд уыд.2. … уæйыгмæ лæскъдзæрæн иу мæгуыр лæг цард.3. Хæргæйæ … ныхас кæнын аив нæу.4. Рухс цæуы … ,- бадынц ма кæмдæр.5 . … æнæзивæг цомут æнгомæй.6. Махæндæр … сцæттæ кæн бынат.ᴁнцойгæнæн дзырдтæ: рухсмæ, цуры, раджы, дысон, бирæ кæронæй.
ᴁмбисæндтæ:1. Сызгъæрин зæххæй цæуы, зонд та -чиныгæй.2. Искæй зондæй цæрæн нæй.3. Хорз чиныг стъалыйæ ирддæр кæны цард.4. Зонд дунейы дарæг хæзна у.5. Чиныджы ’взагæй чи зоны, уымæ хæстæгдæр у!6. Зонд мæсыг у, хъару - гæнах.7.Чиныгимæ дзурын зонын хъæуы.8. Лæг балхæндзынæ, фæлæ зондæн балхæнæн нæй. 9. Куырм адæймаджы чиныг цæстæй ракæсын кæны.10. Лæгдыхæй ницы бакæндзынæ, фæлæ зондæй сархай.
Чиныг - зонды суадон. Чиныг -зонындзинæдты къæбиц.
Чиныг. Уый дунейы диссæгтæн сæ тæккæ диссагдæр у. Фыдæлтæй фæстæмæ адæмы зонды цыдæриддæр хорзæй ис, уыдон иууылдæр чингуыты фыст сты. Æмæ сæ хæрз æрыгонæй куы нæ райдайай кæсын, уæд байрæджы кæндзынæ.Плиты Грис
Умейте читать с интересом и не торопясь. Постарайтесь выбрать книгу по своему вкусу.Отвлекитесь на время от всего на свете, сядьте с книгой поудобнее и вы поймете, что есть много книг, без которых нельзя жить. …Читайте же больше и читайте с величайшим выбором. Определите сами свой выбор, сообразуясь с тем, какую роль приобрела выбранная вами книга в истории человеческой культуры, чтобы стать классической. Дмитрий Лихачев
Баххæст кæнут:1. Фадатон дзырд у…2. Дзуапп дæтты фæрстытæн…3. Афоны фадат æвдисы архайдæн…4. Дзуапп дæтты фæрстытæн…5. Бынаты фадат æвдисы архайдæн…6. Дзуапп дæтты фæрстытæн…7. Афоны фадат загъд вæййы…8. Бынаты фадат загъд вæййы…
1. Абоны урочы æз базыдтон…2. Мæ зæрдæмæ фæцыдысты ахæм куысты хуызтæ…3. Цымыдисаг мæм фæкаст…4. Мæхицæн зондæн раиртæстон…
В книгах заключено особое очарование; книги вызывают в нас наслаждение: они разговаривают с нами, дают нам добрый совет, они становятся живыми друзьями для нас. Франческо Петрарка