Презентация на тему: Мамсыраты Дабе Цыт 7 къл


МАМСЫРАТЫ ДÆБЕ«ЦЫТ» Дæбе райгуырд Быдыры Дæргъæвсы Дæбейы сабидуг, ахуыры азтæ, куыст. Мамсыраты Хазбийы фырт Дæбе райгуырд рæстæмбис цæрæг зæхкусæджы хæдзары.Уыди дзы бирæ сывæллæттæ. Гуырд нæма уыдис, уæд амард йæ фыд.Дæбе æххæстæй бавзæрста мæгуыр æмæ сидзæры хъысмæт. 1919 азы йæ радтой Æрыдоны семинары пансионатмæ, фæлæ 2 азы фæстæ пансионат æхгæд æрцыд. 1924 – 1926 азты ахуыр кодта сæ хъæуы скъолайы, 1926 – 1930 азты та Дзæуджыхъæуы педтехникумы. Ам Дæбе фæцалх фыссыныл. 1930 азы Дæбейы арвыстой Заманхъулмæ скъолайы сæргълæууæгæй. Уыцы – иу рæстæг фæсаууонмæ ахуыр кодта Ростовы пединституты литературон факультеты.Цыди коллективизаци. Дæбе уыдта, хъæу хицæн къордтыл куыд ныддихтæ æмæ карз хæсты куыд бацыдысты, уый. Йæ тæлмæнæй фæстæдæр равзæрд роман «Уæззау операци». 1933 азы Дæбе бацыд Ленинграды истори, философи æмæ литературæйы институтмæ. Æртыккаг курсмæ куы бацыд, уæд фæрынчын æмæ йæ ахуыр ныууагъта. Куыста «Рæстдзинад»-ы литературæ æмæ аивады хайады сæргълæууæгæй,журнал «Пионер» æмæ газет «Æрыгон большевик»-ы редактортæй. 1939 азы Дæбе бацыд Коммунистон партийы рæнхъытæм. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг уыд базарады министры хæдивæг. Уый фæстæ фæкуыста Аивады хъуыддæгты управленийы сæргълæууæгæй æмæ Цæгат Ирыстоны АССР –йы Фысджыты цæдисы сæрдарæй. Йæ литературон æмæ æхсæнадон куысты тыххæй йын лæвæрд æрцыд Ленины Фæллойады Сырх Тырысайы ордентæ, майдантæ æмæ грамотæтæ. Дæбе амард 1966 азы 21 августы. Дæбе ирон фысджыты къордимæ Дæбейы сфæлдыстадон бынтæ Бирæкъабазджын у Дæбейы сфæлдыстад. Дæбейы уацмыстæ бæрæг бынат ахсынц ирон литературæйы хæзнадоны. Йæ фыццаг æмдзæвгæты æмбырдгонд – «Фыццаг къахдзæфтæ» мыхуыры рацыд 1931 азы, дыккаг – «Царды къæпхæнтыл» – 1937 азы. Уый фæстæ иу иннæйы фæдыл цæуын райдыдтой йæ чингуытæ, романтæ «Уæззау операци» æмæ «Æхсарбег», радзырдтæ сывæллæттæн «Джанаспи», пьесæ «Хъæбатыр лæппу», æмдзæвгæтæ, поэмæтæ. Дæбейы сфæлдыстады сæйраг бынат ахсы роман «Хъæбатырты кадæг» Æвдыст дзы цæуы Октябры уæлахиздзауты, адæмон иузæрдион хъæбулты фæлгонцтæ, æргом кæны историон цауты мидис, нывæфтыд сурæтты фæлынды рæстæджы фæзилæнтæ. Рæсугъд æмæ хъæздыг сты йе ’нкъарæнтæ, рæстдзæвин у йæ ныхас, аивады фæрæзтæй пайда кæны фæлтæрдджын къухтæй. Дæбейы номыл библиотекæ Дзæуджыхъæуы. Дæбе «ХÆРЗГÆНÆГ ХОРЗ АРЫ, ФЫДГÆНÆГ – ÆФХÆРД ÆЙЙАФЫ» Æмбисонд ЦЫТ – честь, почёт, уважение; слава; стыр цыт высокая честь; цыт кæнын оказывать честь; уважать; хистæртæн цыт кæнын уважать, почитать старших. Цытджын пользующийся уважением, почётом; знаменитый; славный; великий. Цытуарзаг честолюбивый. Радзырд «ЦЫТ» Дзынга – тугцъир сасчы хуыз