Урок по осетинской литературе на тему Плиты Грис


Плиты Грис 1913-2013Зӕххыл рӕсугъд цӕрынӕн фидар Дыууӕ стыр ныфсы ис лӕгӕн: Фыдыбӕстӕ ӕмӕ сӕрибар, - Циу цард ӕнӕ сымах? - Ингӕн.  «Уӕлахизы кадæг». Плиты Дзамболаты фырт Грис райгуырди кæфты мæйы 15 бон 1913 азы Хуссар Ирыстоны, Ручъы хъӕуы, зӕхкусӕджы хӕдзары. 1931 азы Грис ацыд Мæскуымæ, Цæгат Ирыстоны профессионалон театры фыццаг коллективимæ ахуыр кæнынмæ театры аивадыл. Цыппар азы фæстæ уыцы коллектив æрыздæхт Мæскуыйæ æмæ райдыдта Ирон драмон театры истории ног къæпхæн. Грис уыди актёр æмæ репертуары хайады гæс. Фыццаг литературон къахдзæфтæ Грис æмæ Епхиты Тæтæри Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст куы райдыдта, уӕд Грис ацыди фронтмӕ, уыди бастдзинады инженер, бӕхджын ӕфсады эскадроны командиры хӕдивӕг, фистӕг ӕфсады ротӕйы командир, хӕстон газеты уацхӕссӕг. Фӕци цалдӕр цӕфы. Йе сгуыхтдзинæдты тыххӕй йын саккаг кодтой ӕртӕ ордены ӕмӕ бирӕ майдантӕ. Ӕфсадӕй сыздӕхти мин астсада цыппор ахсазам азы майоры цинимӕ. Салдаты монологРæхджы бырсæм. Бырсынц æнгомæйНæ хæстæвзæрд бæсты цæуæт, - Сæ фарсмæ слæудзынæн дæ номæй,Мæ Ир, æмæ дæ ма уæт мæт: Мæнæй нæ уыдзынæ къæмдзæстыг,Сыгъдæг у ме ‘фсæддон цæсгом,Æгад нæ фæкæндзынæн хæстыРæсугъд ирон дзыллæйы ном!

Будто сразу присмирел Причитаний хор,Будто с неба поглядел Нежный лунный взорИ осыпал все вокруг Серебром своим – И моя кручина вдругСкрылась перед ним.Друг мой, то не присмирелПричитаний хорИ на нас не погляделНежный лунный взор – Это смолк на краткий мигСмертоносный бой,И в глаза моих возникСветлый облик твой. Пер. Анны АхматовойЦыма фенцад æваст æнкъард хъарæг,Цыма арвæй æркаст цырагъдарæг, - Аив сæрды æппæт йæ хæрдгæйæ,Атад, алыгъди мæт мæ зæрдæйæ…Фæлæ н ‘аскъуыд æваст æнкъард хъарæгНæдæр арвæй æркаст цырагъдарæг:Уый рæстæгмæ фæхъус нæ хæст – тыфыл,Æмæ уайы дæ хуыз мæ цæстытыл. 1942 аз Грисы уацмыстæ уырыссаг æвзагыл Цард куы афæлива дæу,Ма кæс уæд тызмæг, æнкъардæй!Сагъæссаг бон фидар лæуу:У ныфсджын нæ сомы цардæй.Если жизнь тебя обманет, Не печалься, не сердись!В день уныния смирись:День веселья, верь, настанет. Грис – дæсны тæлмацгæнæгГрисы тæлмацæй ирон æвзагыл рацыдысты Шекспиры дыууæ томы. Дунейы стырдæр поэт сдзырдта не ‘взагыл, æнæмæлæт генийы алæмæт сфæлдыстад бафтыд нæ культурæйыл. Уый у стыр хъуыддаг æмæ нæ литературæйы ахъаззаг æнтыст. 1995 азы Грисæн лæвæрд æрцыд Къостайы преми чиныг «Атакæйæн» Иу цæстфæныкъуылд ма баззад æрмæст, - Цардыл фæстаг фæлгæст акæ!...Райдыдта ниудты ниуд, лæгты дзынæзт,Хъарджыты хистæр – атакæ! Арф Куырттаты комы дуарыл Саргъӕй хъӕугӕрон ӕрхиз, — Къулыл иу ныллӕг хӕдзары Ауыгьд авд цухъайы ис, Ӕмӕ уыдон раз сӕркъулӕй Алӕуу иучысыл ӕнцад: Уым цӕринаг авд хъӕбулӕй Баззад афтидӕй сӕ мад... Хъӕуы уӕлмӕрдты дӕр авд и Ног конд ингӕнтӕ рæгъӕй,Фӕлӕ ингӕнтӕ дӕр афтид, Цухъаты дӕр удтӕ нӕй: Мад сӕ иуӕн дӕр йӕ фырттӕйНал ӕрлӕгъз кӕндзӕн йӕ сӕр, Фӕлӕ се сӕфтыл бӕлвырдӕй Зӕрдӕ не 'ууӕнды уӕддӕр…  Авд цухъайы Грисы тыхджын ӕмӕ фидыцджын курдиат йӕ кары куы бацыд, уӕдӕй абонмæ уый, ӕцӕгдӕр, куывта ӕрмӕст иунӕг хуыцау – Рӕстдзинадӕн... Иӕ уацмыстӕн ӕвидигӕ цӕрӕнбон дӕр уыцы рӕстдзинад дӕтты. Нафи Дыууæ æмгары – дыууæ поэты. Грис æмæ Нафи Рай мын, Ир, ды йе скаст дæ поэтæн!Бантысæнт дæ рухс фæндтæ фæрнæй!Кæд дæу тыххæй бирæ зынты федтон,Æз уæддæр сæрыстыр дæн дæуæй.  «Рай мын, Ир!» Лӕг уымӕй амондджындӕр нӕй, Кӕмӕн фӕвӕййынц фыст йӕ хӕстӕ, Ӕмӕ йӕ бӕллицтӕ фӕрнӕй Зӕххыл кӕмӕн цӕрынц йӕ фӕстӕ. Грис