Урок конспект Вазыгд?ын дзырдт?
Темæ.Вазыгдæын дзырдтæ
Урочы нысантæ:дарздæр зонгæ кæнæм скъоладзауты вазыгдæын дзырдтимæ, амонын сын сæ растфыссынад;кусын сæ ныхасы рæзт фæхъæздыгдæр кæныныл.
Дзырдуат: фæдзæхст, æфстау, миддуне, хин, зыд, æгъдау.Урочы цыд 1. Хæдзармæ куыст сбæлвырд кæнын.2. Æмдзæвгæйыл бакусын (1-аг фæлтæрæнæй).Æрдзурын ирон æгъдæуттыл æмдзæвгæйыл æнцойгæнгæйæ. Дзуапп раттын фæрстытæн.Бакусын æмбисонды мидисыл.Бæрæггонд дзырдтæн ссар антонимтæ (лексикон куыст бакæнын).Дарддæр цæуы вазыгдæындæр дзырдтыл куыст (2-аг фæлтæрæн). Равзарын, куыд арæзт сты. Фонетикон æвзæрст сæ ракæнын.
3. Сæххæст кæнын 3-аг фæлтæрæн. Хъуыдыйæдтæ рафыссын сæ тетрæдтæм, ссарын дзы вазыгдæын дзырдтæ, бахахх сæ кæнын. Дзуапп ратт фæлтæрæнмæ фæрстытæн. Зæгъ, иу хъуыдыйады вазыгдæындæр дзырды хæйттæ иумæ фыст цæмæн сты, иннæйы та - хицæнæй.Скæнын хатдзæгтæ. Бакæсын чиныдæы раиртæст, бахъуыды йæ кæнын.
4. Сфæлдыстадон куыст (4-æм фæлтæрæн).Æркæсын нывмæ. Зæгъ предметты нæмттæ цавæр дзырдтæ сты? Семæ æрхъуыды кæнын хъуыдыйæдтæ.5. 5-æм фæлтæрæны дзырдтæ равзарын дзырды хæйттæм гæсгæ. Зæгъ, цавæр дзырдтæ сты. Кæцы рæнхъы дзырдтæ не сты вазыгдæын?
6. Хæдзармæ куыст.6-æм фæлтæрæн. Дыууæ цæдæдæындзы дзырдтæй саразын вазыгдæын дзырдтæ. Кæцы дзырды дзы æрцыдис фонетикон ивддзинад? Семæ æрхъуыды кæнын хъуыдыйæдтæ.