Презентация к уроку по осетинской литературе ?мбалты Цоцко Плиев


Æмбалты Цоцко(1871 – 1937)«Иттæг зынаргъ хъуамæ уой нæ цæсты уыцы ахуыргонд адæм, рæстæй чи фæкуыста нæ мæгуыр талынг адæмы астæу... Ирон æгъдау, ирон фæтк, ирон зарæг ма фесæфой, ууыл чи архайдта! Нæ кæстæр хорз кæстæр куыд уа, нæ хистæр та — хорз хистæр, уымæ чи бæллыд! Алы сау куыст дзыллæйы хъуыддаджы йæ сæрмæ чи хаста, уый æнæзивæгæй чи кодта, цæттæ фæдисон чи уыди, дунетыл йæхицæн нард цард ссарыныл чи нæ зылд, фæлæ æмбисондау — дон фæцæуы, дур йæ бынаты баззайы — чи ныццæнд йæ мæгуыр Ирыстоныл»Æмбалты Цоцко. Уацмыстæ. — Дзæуыджыхъæу: Ир, 1991. Æмбалты Бицойы фырт Цоцко (аргъуыды ном — Увар) (1871–1937) педагог, рухстауæг, этнограф, адæмон сфæлдыстад æмбырдгæнæг, æвзагиртасæг æмæ тæлмацгæнæг. Ирон национ культурæ æмæ литературæйы авдæны уæлхъус чи лæууыд, къахыл сæ уæндон цæуын чи ахуыр кодта, уыдонæй иу уыд Æмбалты Цоцко. Зæрдиаг фæллой фæкодта йæ цæргæ-цæрæнбонты ирон адæмон сфæлдыстады хæзнатæ — Нарты кадджытæ, фыдæлтыккон аргъæуттæ, таурæгътæ, æмбисæндтæ æмæ зарджытæ æрæмбырд æмæ бабæстон кæныныл.Йе ’мгæрттæ, йе ’мдугонтæ Цоцкойы æмдзыхæй хуыдтой «комы лæг, дзыллæйы лæг». Цы мидис, цы хъуыды ис уыцы дзырдты, уый Цоцкойæн йæхицæй хуыздæр ничи райхæлдта. «Лæппу æмæ чызг куыд бафидыдтой», зæгъгæ, аргъауы уый фыста: «... Хæрзтæ дæр æмхуызон хæрзтæ нæ вæййынц: ис ахæмтæ, æмæ йæ хæдзар цудын ницæмæй уадзы, мыды къусчы хуызæн æй дары, архайы йæ тыхмæ, йæ фадатмæ гæсгæ, йæхи хæдзарæн, йæ бинонтæн. Æндæр дзы дарддæр ницы æфсæрм ис... Уый у хæдзары лæг, хæдзары хорз лæг, хæдзардарæг. Ис æндæр хорз лæг дæр: рох дзы нæу йæ хæдзар уымæй дæр, фæлæ ма уый хæдзарæй дарддæр стыр пайда у æгас хъæуæн дæр, йæ зонд, йе ’фсарм æмæ йе ’хсарæй.Уый у хъæуы лæг, хъæуы хорз лæг... Æгас комы дзыллæмæ йæ зонд, йæ фæнд кæмæн æххæссы, æгас комы рæсугъд фæндагыл чи арæзта, фыдбылызæй сæ чи хъахъхъæдта, уый у комы лæг, уый у стыр лæг йæ дзыллæйæн.» Стыр лæг уыдис йæ адæмæн, Ирыстонæн Æмбалты Бицойы фырт Цоцко (Увар). Уый райгуырд 17 октябры 1870 азы Æрыдоны. Йæ фыд уыд хæххон милицæйы прапорщик. Цоцкойыл цыдис авд азы, афтæ Бицо амард. Цыппар сывæллонимæ баззад сидзæргæсæй йæ бинойнаг Долæтхъæз. Йæ хистæр фырт Аппейыл цыдис фынддæс азы, фæлæ цæстæй нæ уыдта. Бæллиццаг нæ уыдысты Цоцкойы сабийы бонтæ: бирæ змæлд уыд мæгуыр хæдзары, бирæ тыхст æмæ мæт æрæнцад йæ гыццыл уæхсчытыл. Ахуырæй хæдзары куысты æхсæн йæхи дыууæрдæм ратонбатонгæнгæйæ, Цоцко каст фæци дины скъола æмæ бацыд Æрыдоны семинармæ. Тынг æнувыд уыд лæппу ахуырыл, зæрдæргъæвд — чингуытæм. Зæронд славянаг æвзагæй фæстæмæ иууыл предметтæй дæр æвдыста «тынг хорз» зонындзинæдтæ, фæлæ йын хæдзары, бинонты зын царды уавæртæй фадат нæ фæци семинары кæронмæ сахуыр кæнынæн. 1891 азы, дыккаг курс фæуæвгæйæ, ныууагъта йæ ахуыр æмæ кусын райдыдта.Бирæ азты дæргъы куыста Ирыстоны хъæуты райдиан скъолаты ирон æвзаджы ахуыргæнæгæй. Ивгъуыд æнусы 90-æм азты базонгæ ирон литературæйы бындурæвæрæг номдзыд Къостаимæ æмæ хæларæй фæцардысты поэты амæлæты бонмæ. Æмбалты Цоцко (рахизырдыгæй) æмæ йæ ахуыргæнæг Саламты Никъала (галиуырдыгæй)Цоцкойы зæрдæмæ тынг цыдысты фыссæг Андерсены аргъæуттæ. Уыдонæй дæр цалдæр ратæлмац кодта ирон æвзагмæ («Фыдуынд бабызы цъиу» «Булæмæргъ»).Цоцко стыр аргъ кодта Къостайæн. Йæ амæлæтæй йæхи бабыны онг фæдардта сау Хетæджы-фырты зианы фæдыл, нал адаста йæхи.2007-æм азы Цæгат Ирыстоны Республикæйы Æмбалты Цоцкойы номыл сарæзтæуыд журналистикæйы къабазы кусджытæн сæрмагонд преми. Æмбалты Цоцко иттæг хорз зоны æндæр æвзæгты литературон хæзнатæ; зоны куыд хъæуы æвзарын хорз чиныг æвзæрæй; æмбары рæсугъд чиныджы ад. Уый æндæр æвзæгтæй ахæм чингуытæ ивы, нæ ирон адæм бæрзонд æмæ рæсугъд хъуыдытæ кæцæй райсой. Уый æрмæст ахæм чингуытæ ивы ирон æвзагмæ, сæрибар æмæ тохы тыххæй чи дзуры, æфхæрд адæймаджы сæрыл чи хæцы. Иунæг ахæм рæнхъ нæ раивта Æмбалты Цоцко, йæ хъуыды арф æмæ бæрзонд кæмæн нæу, пайда ирон адæмæн чи нæ æрхæсдзæнис.Æмбалты Цоцко раивта иронау гермайнаг стыр фыссæг Шиллеры чиныг «Вильгельм Телль». Уыцы чиныджы Шиллер бæрзонд систа рагон швейцариаг адæмы ном Швейцары хæххон чысыл адæм сæрибары тыххæй сæ сæр мæлæтмæ радтой æмæ сæ бæстæй фæтардтой æцæгæлон æлдæртты.Сæдæ азы дæргъы Шиллеры чиныг сæрибары фæндагыл аразы Германы фæсивæды. Галиуырдыгæй рахизырдæм: Коцойты Арсен, Зæнджиаты Бæбу, Æмбалты Цоцко Ахуыргæнæгæй кусгæйæ, Цоцко йе ’ргом аздæхта ирон адæмон сфæлдыстадмæ, ирон дзырды равзæрæнтæ æмæ аив фæзилæнтæм. Уыйадыл фыссын райдыдта бирæфенаг æмæ дзырдарæхст хистæртæй фехъусгæ æмбисæндтæ, аргъæуттæ, таурæгътæ, кадджытæ, зарджытæ, цыргъзонд ныхæстæ.1905–1907 азты революцийы размæ абалц кодта Парижмæ æмæ цалдæр къуырийы хъуыста лекцитæм М. Ковалевскийы æхсæнадон наукæты уырыссаг уæлдæр скъолайы. Уыцы рæстæг скъолайы лекцитæ каст В.И. Ленин дæр.Активонæй архайдта Цоцко 1905–1907 азты, революцийы змæлды. Æрыдоны семинары ахуыргæнинæгты сусæг æмбырдты йæ цалдæр хатты бафиппайдтой дзырдхæсджытæ, æмæ уый фæстæ пъæлицæ цалдæр азы сусæгæй сæ цæст дардтой Цоцкойы алы къахдзæфмæ дæр. Ивгъуыд æнусы 90-æм азты ирон интеллигенцийы раззагдæртæ сарæзтой чиныгуадзæн æхсæнад. Уыдон хъæппæрисæй рацыдысты мыхуыры Къубалты Алыксандры «Æфхæрдты Хæсанæ» (1897), Къостайы «Ирон фæндыр» (1899), æмдзæвгæты, аргъæутты æмæ æмбисæндты æмбырдгæндтæ. Ирон чиныг адæммæ фæхæццæ кæныныл зæрдиагдæрæй чи архайдта, уыдонæй иу уыд Цоцко.Æфхæрдты Хæсанæ Иу мæй йеддæмæ нæ ацард фыццаг «Ирон газет». Фарæстæм номыр куы рацыд, уæд æй хицауад сæхгæдта: адæмы, дам, змæнты, паддзахы ныхмæ дзурын æгæр уæнды. Æмæ уый æцæгдæр афтæ уыд. «Адæмæн сæ зонд сырæзыди, — фыста газет, — æмæ сæхæдæг, æнæ хицæуттæ, сæ цард аразын байдыдтой. Уый хорз нысан у амонды фæндаг ссарынæн... Æгъгъæд у æнхъæлмæ кæсынæн! Кæрон ис сайынæн дæр, кæрон ис æмгъуыдтæн дæр».Революцион тохы амонды фæндаг ссарынмæ сидтысты адæммæ 1906 азы Æмбалты Цоцко æмæ йе ’мбæлттæ — «Ирон газеты» редакцийы уæнгтæ. 1907 азы г. Тифлисы ахуыргонд ирæтты къорд уадзын райдыдта газет «Ног цард». Цæмæй дыккаг ирон газет йæ къæхтыл слæууыдаид, уый тыххæй йæм фæкæсын хъуыд æрмæгæй, æхцайæ. Редакци æххуысмæ кæмæ æнхъæлмæ каст, йæ ныфс кæуыл дардта, уыдонæй чидæртæ былысчъилтæ кодтой газетыл. Се ’гуыдзæгдзинадæн æфсон æрымысыдысты: Цоцко, дам, цы рæсугъд æвзагыл дзуры æмæ фыссы, уый, дам, «Ног Цард» халы æмæ йæ уый тыххæй нæ кæсæм, нæ фыссæм. 1911 азы г. Петербурджы, студент уæвгæйæ, Брытъиаты Елбыздыхъо сфæнд кодта ирон æвзагыл журнал уадзын. Æмæ фыццаг æххуысмæ кæмæ фæсидт, уый уыд Æмбалты Цоцко:«Я, как древний римлянин, буду кричатъ, что Карфаген нашего нееежества, темноты и бесправия должен бытъ разрушен!.. Для воздействия на душу — нужна литература, и вот наш журнал будет посредником между литераторами и народом».Кæй зæгъын æй хъæуы, Цоцко йæ зæрдæмæ айста Елбыздыхъойы мæт, ныфсытæ йын бавæрдта, сразæнгард æй кодта, ирон адæмы сыгъдæг уддзæфау цы журнал хъуыд, уый уадзынмæ. 20-æм азты Æмбалы-фырт æрзылд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны хъæутыл, ахæццæ Лабæмæ дæр æмæ фæфыста нæ фыдæлты таурæгътæ, кадджытæ, аргъæуттæ æмæ æмбисæндтæ. Уæдæй нырмæ йæ фæллæйттæ стыр ахъаз фесты ахуыргæндтæн, ахуыргæнджытæн, ирон адæмон сфæлдыстады уацмыстæй чингуытæ аразджытæн.Кæй зæгъын æй хъæуы, Цоцко аргъæуттæ йæхæдæг нæ мысыд, адæмæй сæ хъуыста. Фæлæ уæддæр фидарæй зæгъæн ис: Цоцкойы фыст уацмыстæ сты, уымæн æмæ сæ алы рæнхъы дæр зыны сæ фæфыссæджы æрмдзæф, йæ литературон курдиат. Цоцкойы тæлмацгонд уацмыстæ кæсгæйæ, æнæмæнг бафиппайæн ис йæ куысты ахсджиагдæр æууæлтæ. Цæмæй тæлмац формалон домæнтæм гæсгæ раст, аивадон æгъдауæй та тыхарæзт ма зына, уый тыххæй Цоцко уæндонæй агайдта оригиналы аивадон стилы иуæй-иу компоненттæм: 1) ирон æвзаджы æгъдæуттæ-иу куы домдтой, уæд авторы стыр æмæ даргъ периодтæ тæлмац кодта цалдæргай хъуыдыйæдтæй; 2) дзагармæй тыдта тæлмацы фæрстыл ирон аив дзырды хæзнатæ: æмбисæндтæ æмæ дзырдбæстытæ.Г.-Х. Андерсены «Булæмæргъ» Цоцко раивта уырыссаг æвзагæй, фæлæ уæддæр аргъауы ирон тексты бæлвырд бæрæг зынынц Цоцкойы литературон курдиат, йæ ирон æвзаджы бæрзонд культурæ, йæ домæнтæ æмæ йæ принциптæ, куыд тæлмацгæнæг, афтæ.Стыр Октябры революцийы дæс азы бæрæгбонмæ ССР Цæдисы наукæты Академи сфæнд кодта В. Миллеры арæзт «Ирон-уырыссаг-немыцаг дзырдуат» рауадзын æртæ чиныгæй. Æмæ Цоцкомæ фæсидтысты Ленинградмæ æххуысмæ, куыд ирон аив дзырды дæснымæ. Авд азы дæргъы, 1925 азæй 1932 азмæ, фæфæллой кодта Цоцко, цæмæй уыцы ахсджиаг наукон куыст фена рухс. 1928 азы Ирыстоны. фæскомцæдисонты газеты кусджытæм уый фыста:«Арфæ кæнын „Æвзонг тых“ аразджытæн сæ бæрæгбоны тыххæй. Аргъæутты кæнынц „арвы айдæн“, „æрчъиаджы султъы“ æмæ „мардæгасгæнæн хосы“ кой.Мæн фæнды, цæмæй дзыллæты бæрны чи бацыд, уыцы сахъ кусджытæм разына уый бæрц зонд æмæ ныфс, уый бæрц арæхст æмæ — „арвы айдæны чи касти“, уыйау æцæгæй куыд уыной хæстæгмæ дæр æмæ дардмæ дæр;сæ фæндтæ „æрчъиаджы султъы куыд тагъд-тагъд уади“, афтæ тагъд куыд æмбæлой, кæдæм сæ аразынц, уыдоныл, нысангонд кæмæн вæййынц, уыдоныл;сæ „хостæ“ дзыллæйы низтæн, æхсæны низтæн „æвдадзы хос“, „мардæгасгæнæг хосты“ æххуыс куыд кæной». Иу адæймаджы культы заман Æмбалты Цоцкойы цард аскъуыд, фæлæ йæ ном баззад кадджынæй ирон адæмы историйы, йæ фæллæйттæ æрттивынц æмæ æрттивдзысты нæ национ культурæйы хæзнадоны. БУЗНЫГ!