Презентация по осетинской литературе


Хетæгкаты Къостайы хъуыдытæ рæстдзинады, хæлардзинады æмæ уарзондзинады тыххæйРабота ученика 10 клМОУ СОШ №46Гутиева АланаУчитель: Короева Б.Г.(1859 -1906)


Цæгат Ирыстоны, Дзæуджыхъæуы, иумæйаг хæхты фоныл лæууы ирон хохаг лæппу, националон дзаумæтты, йæ къухы гæххæтты тыхтон æмæ фæлгæсы дардмæ. Ацы цыртдзæвæн æвæрд æрцыд Ирыстоны хицауады номæй ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайæн.Къостайы ном зынаргъ у алы иронæн дæр. Йæ ном æдзух зæрдыл дарынц хистæртæ, кæстæр фæлтæрæн та у фæзминаг.М. Горький фыста: «Хетæгкаты Къоста у диссаджы поэт. Йæ куыстытæ арф æмбæлынц адæймагыл».


Хетæгкаты Къоста æрмæстдæр ирон литературæйы нæ, фæлæ ма ирон философийы хъуыдыты бындурæвæрæг у. Поэт уыди тынг зæрдæргъæвд. Хæст уыди алыхуызон зонадон дæсныдзинæдтыл: поэт, нывгæнæг, драматург, прозаик, литературон æмæ театралон критик, тæлмацгæнæг, режиссёр, артист æмæ публицист. Ацы дæсныдзинæдтæ райгуырдысты йæ æнæкæрон уарзондзинадæй йæ адæммæ æмæ йæ Фыдыбæстæмæ.

Йæ куысты сæйраг сюжеттæ ист сты хохаг адæмы цард уагæй æмæ ирон адæмон эпосæй. Къостайы куыстытæм æркæсгæйæ ис зæгъæн, кæй у стыр философ æмæ зындгонд хъуыдыгæнæг, кæцыйæн йæ уарзон адæмы цард уыди фыццаг бынаты. Поэт йæ сфæлдыстады æвдыста сагъæс сомбоныл. Архайдта йæ адæмы дзæбæх цардыл, æппæт дунейы хорздзинадыл, кад кæнын, æмбарады, адæм уарзоны æмæ сæрибары идеятыл.

Къоста цин кодта сæрибар наукон хъуыдыты рæзтыл, йæ удхæссæг уыдысты паддзахадон режим, кæцы æгъатырæй сæрибар хъуыдытæ уæлæмæ скæсын нæ уагъта.Къоста историмæ бацыди куыд мæгуыр адæмы сæрылхæцæгæй, æцæгдзинад уарзæгæй, хæлардзинадыл тохгæнæгæй.


Йæ фыццаг литературон раныхæсты бæрæг уыд Къостайы ахаст йæ мæгуыр адæммæ, йæ поэмæты хуыцæутты ныхмæ тох кодта.Разагъды ныхæстæ хъуысынц Ирыстоны сывæллæттæм зарæгæй:«Рæстдзинад уарзынæйСкæнæм нæ фæндаг…Гъе-мардзæ, магуса!Фесæф нæуæндаг!»



Поэт сидти йæ мæгуыр, æфхæрд адæммæ, цæмæй хæстæг лæууой иннæ адæмтæм, хæларæй цæрой Уæрæсеимæ, цæмæй тох кæной сæрибарыл, цыдаиккой хъæбатырты фæндæгтыл æмæ цæмæй сыстой сæ бартыл.«Дурамайджытæ»
style.rotation

Къоста рæзыд æнæ мадæй, æнæ рæвдыдæй. Тæхуды кодта йе’ мгæрттæм æмæ йæхи хæстæг дардта сæ бинонтæм. Тынг æнкъардæй дзырдта йæ царды тыххæй, кæй йын нæй бинонтæ, цот. Йæхицæн цы нæ бантысти, уыцы бæллицтæ лæвæрдта йæ зонгæты, хæстæджыты сывæллæттæн. Сывæллæттæ дæр æй тынг уарзтой.Губаты Мария


Бирæ хæттыты йæ фæндыд йæ цард саразын, фæлæ нæ рæстмæ кодта хъуыддаг.Материалон æгъдауæй рæвдз кæй нæ уыд, уый тыххæй йæ бæллицтæй ницы сæххæст. Бирæ æрмæг фыст ис сылгоймæгты тыххæй, кæцытæ цыдысты йæ зæрдæмæ æмæ ныууагътой арф фæд йæ царды.Къоста Цæлыккаты бинонты’хсæн

1892 азы поэтæн амард йæ фыд.Уыцы цау дæр нæ фæкъæдз кодта поэты. Цыди ахæсттæтæм, къазарматæм, мæгуыр хæдзæрттæм æмæ сын хаста ныфсы тых, уарзондзинад.

Хетæгкаты Къоста у ирон адæмы историйы æнæхъæн эпохæ. Поэты зонадон архайд ныууагъта арф фæд ирон адæмы зæрдæты, йæ царды тыххæй ирон адæм фыссынц легендæтæ, зарынц зарджытæ.Къостайы ном хæссынц скъолатæ, университет, къолхозтæ, районтæ æмæ æндæртæ.Йæ Юбилейтæ цæуынц куыд паддзахадон бæрæгбонтæ, афтæ.


Къоста архайдта , цæмæй нæ фыдæлтæй цы хорзæгъдæуттæ æмæ хъуыддæгтæ баззадысты, уыдонæй нæ сæр бæрзонд хæссæм…
style.rotation
style.rotation
style.rotation Дæ æфхæрд Ирыстон,дæ хъæбатыр адæмДæу хуыдтой сæ уарзон хъæбул Дæ уарзон Кавказæн хъизæмары цардæйЙæ зæрдæ йæ риуы ныддур.Ныр абон дæ зарæг куы айзæлд уæндонæйНæ уарзон Цæдисы хъæрæй.Кæдмæ цæрой дзыллæ, гъе уæдмæ дæ номæнДæ зарæгæн амæлæн нæй.
style.rotation
style.rotation
Хетæджы фырт,о Къоста, тæхудыКуы уаис ма нæ дзыллæйæн æгас!Де стыр цыт æндон хохау нæ цуды,Рухс хурау-дæ цæстыты æнгас…
style.rotation