Презентация на тему: Илас Арнигон 6 кълас
ИЛАСÆРНИГОН
Илас Æрнигон (Тогызты Газакк) райгуырд Æрыдоны 1888 азы цыппурсы мæйы 10-æм бон мæгуыр зæхкусæджы хæдзары. 1909 азы каст фæци Æрыдоны семинар.
Æрыдоны семинар каст куы фæци 1909 азы, уæд дыууæ азы бакуыста Куырттаты комы Хидыхъусы райдайæн скъолайы ахуыргæнæгæй.
Уыцы куыст дарддæр ахæццæ кодта, 1911 азы Маньчжуримæ куы ацыд, уæд.
1918 азы Илас Æрнигон каст фæци Владивосточы Хурыскæсæны бæстæты институт. 10 азы бæрц куыста скъолаты инспекторæй Харбины рухсады департаменты.
Иласы уацмысты æмбырдгонд «Æрымыс – иу мæн».
ЛИРИКÆ.
Радзырд «Челе». Йæ прозаикон уацмысты хуыздæр. Ирон радзырдты тæккæ аивдæр æмæ тыхджындæртæй иу.
ИЛАСЫ ФЫСТÆДЖЫТÆ
Æрнигон ма уыдис курдиатджын ахуыргæнæг дæр. Уæды рæстæджы ныффыста ирон æвзаджы грамматикæ. Йæ интермеди «Фæзмын хорз нæу» хорз æххуыс у сывæллæтты хъомыладæн. Зианхæссæг зæронд æгъдæутты ныхмæ та ныффыста пьесæ «Уайсадæг чындз».