Презентация на тему: Царукъаты Алыксандр «Цым? мын цы дзуры, цым? мын цы з?гъы?», «Цард?й м?л?ты ?хс?н».
ЦÆРУКЪАТЫАЛЫКСАНДР(1918 – 2000)«Цымæ мын цы дзуры, цымæ мын цы зæгъы?», «Цардæй мæлæты æхсæн».
Алыксандр райгуырд 1918 азы Хъарман – Сындзыхъæуы.
1940 - æм азы Алыксандр каст фæци ахуыргæнджыты институт.
50 -æм азты Алыксандр ахуыр кодта Мæскуыйы литературон институты.
Алыксандр йæ мад Агънианимæ.
Алыксандр йæ фырт Аланимæ.
Алыксандр йе ’фсымæры чызг Мæдинæимæ.
Алыксандры сфæлдыстадон бынтæ.
«Цымæ мын цы дзуры, цымæ мын цы зæгъы?». Ацы æмдзæвгæйы æвдыст æрцыд Ирыстоны истори. Поэт хъусы историйы хъæлæс: стыр хæстыты уынæр, скифты уæрдæтты къæс-къæс, сæ бæхты хуыррытт, сæ хотыхты зыланг. Нæ зæххыл тыхгæнæг стæры цыдысты Мачъидон Алыксан, гуннтæ сæ фæтæг Атиллæ,- уыдон бæстыл æфтыдтой «сæ арты зынг», Алыксан байста Ази, Атиллæ гæныстон фæкодта Европæйы бæстæтæ. Уыдонау хæстон балцы цыдысты аланты паддзæхтæ æмæ фæтæгтæ: Еухар, Алгъуыз, Ос-Бæгъатыр. Уыдон састой знæгты, бæрзонд истой Иры кад æмæ намыс, хъахъхъæдтой нæ зæхх æмæ нæ адæмы хæдбарад.
«Цардæй мæлæты æхсæн». Радзырд «Цардæй мæлæты æхсæн»- ы Алыксандр æвдисы æрыгон лæппу Горзы сгуыхт хъуыддаг, йæ лæгдзинад, йæ намыс.
Алыксандрæн лæвæрд æрцыд адæмон поэты ном. Цардæй ахицæн 2000 азы 12 декабры. Ныгæд æрцыд Дзæуджыхъæуы Кады Аллеяйы.