Презентация осетинская литература Дзесты Куыдз?г
Дзесты Куыдзæг1905-1981
Уацау «Фæндагсар Уастырджи»
Дзесты КуыдзæгДзесты Габрелы фырт Куыдзæг райгуырдис 1905-æм азы 12 декабры Хуссар Ирыстоны хъæу Едысы мæгуыр хохаджы бинонты ’хсæн. Фондзаздзыдæй баззадис æнæ фыдæй[1], хъомыл æй кодта йæ мад Джыккиан Даро. Едысы каст фæцис æртæкъласон скъола, райдиан скъола та — Дзауы. 1920-æм азы Куыдзæг, æндæр хуссайраг лигъдæттимæ, йæ бинонтимæ йæ цæрæн бынат раивта Цæгат Ирыстонмæ. Ам Дзесты бинонтæ æрцардысты Ногиры. Суинаг фыссæджы бахъуыдисбатрачы куыст кæнын Дзæуджыхъæуы агуыригæнæн заводы. 1923—1925-æм азты Куыдзæг ахуыр кодта облæсты фыццаг фæлтæрæн-æвдисинаг скъолайы.Дзесы-фырты сфæлдыстадон архайд райдыдта 1925-æм азы (Бекъойты Дзибкайы хъæппæрисæй цы журнал «Юная Осетия» цæуын райдыдта, уым), фæлæ профессионалон æмæ дæсны фыссæгыл æй нымайæн ис 1930-æм азты райдианæй, журнал «Фидиуæг»-ы йæ радзырдтæ «Хорхæссæг», «Уæхæнæзы радзырд», «Фæстаг аргъау» æмæ æндæртæ мыхуыры куы рацыдысты, уæдæй.Фыссæджы курдиаты æууæлтæ раиртæста Нигер (Дзанайы-фырт), уый фыста 1932-æм азы:Нæ фыссæгæн йе стырдæр миниуджытæ иу у уый, æмæ тынг хорз зоны ирон адæмы цард — Хуссарæй-Цæгатæй, ивгъуыд цард дæр æмæ ног цард дæр... Цæйдæриддæр тыххæй фыссы йæ радзырдты, уый зоны хорз, федта йæ, сахуыр æй кодта. Хъæздыг у йе ’взаг, бирæ хорз фадæттæ йын аразы йæ куысты.[2]Дзесты Куыдзæг фæзиан 1981 азы 24 августы.