Н? фыд?лты цард?й 7къл


Темœ: Нœ фыдœлты цардœй Нысан:1.Ахуырдзаутœн бамбарын кœнын, нœ фыдœлтœ нын цы диссœгтœ ныууагътой,уый2.Чи сты скифтœ œмœ сœрмœттœ?3. Бакусын ныхасы рœзтыл ll. Хœдзармœ куыст сбœрœг кœнын. Фæрстытæн дзуапп раттут. Спайда кæнут дзырдуатæй. Скифæгтæм кадджын цы уыдис? Цы баззадис уый тыххæй историйы? Чи æрбабырста иу заман скифæгтæм? Чи уыдис уацайрæгтимæ? Кæимæ скодта æрдхорд-æфсымæр Амизок? Цæмæн баленк кодта Дандамид знæгтæм? Знæгты фæтæг Дандамиды куыд бафарста? Цы дзуапп ын радта уый? Цы бамбæрстой знæгтæ? Дзырдуат:Суæгъд кæныны тыххæй – чтобы освободить уацары райстой – взяли в плен фæлварæгау – испытывая фæтæг – вождь фæцагътой – поубивали, истребили цæстытæ скъахтой – выкололи глаза 2. Хъуыдыйæдтæ баххæст кæнут. Пайда кæнут лæвæрд æрмæгæй.1) Скифæгтæм тынг кадджын уыдис … .2)Скифаг … Амизок … бахаудта знæгтæм. 3) Хæсты размæ Амизок … Дандамидимæ. 4) Дандамид … йе ’мбалæн. 5) Знæгтæ бамбæрстой, адæм кæрæдзиуыл тынг … кæй сты, уый. 3. Мивдисджытæн се здæхæнтæ сбæрæг кæнут æмæ сæ хуызæгмæ гæсгæ хицæн къордтæй рафыссут.Æрттив, сыгъзæрин хур, цъæх арвæй, Нæ бæстыл царды цинад тау. (Кочысаты М.) Кæмæй цы риссы, уый кой кæны. (Æмб.)  Чи нæ кусы, уый нæ хæры. (Æмб.) О мæ бæстæ, мæ уарзон Ирыстон, Хорз мын байрай, дзæбæхæй мын цæр! Æз дæ улæфт, дæ сидтмæ кæм хъуыстон, Уым ыссардтон мæ зарæгæн сæр. (Мыртазты Б.) 5) Æз дын радзурдзынæн Ирыстоны историон цыртдзæвæнты тыххæй. 4. Бахъуыды кæнут! уацары æфсымæрдзинад хæстон баххуыс кодта иузæрдион æрдхорд-æфсымæр скодтаЖелательное наклонение (бæллиццаг здæхæн) глагола выражает: желание, стремление: Гъæй-джиди, – афтæ фæзæгъы йæхицæн, – искуы æз дæр Адæмы фарнæй куы скæнин мæхицæн кад æмæ сæр! Тарфдæр мæ зæрдæ йæхимæ куы хæссид искæй зынад, Дунейы хæрзтæй хуыздæр мæм куы кæсид уарзондзинад. (Къ.) 2) долженствование: Æз дæр хъуамæ бауадаин ме ’мбалмæ, фæлæ мын рæстæг нæ фæцис. 3) предположение, допущение: Мæныл цыдаид авд азы, ахуыр кæнын куы райдыдтон, уæд. Желательное наклонение имеет формы трех времен ЦæсгомНырыккон афонИвгъуыд афонСуинаг афонÆзкæсин я читал быкастаин я бы читал когда-ни- будьбакæсин я прочитал быдыкæсис ты читал быкастаис ты бы читал когда- нибудьбакæсис ты прочитал быуыйкæсид он читал быкастаид он бы читал когда-ни- будьбакæсид он прочитал бымахкæсиккам мы читали быкастаиккам мы бы читали когда- нибудьбакæсиккам мы прочитали бысымахкæсиккат вы читали быкастаиккат вы бы читали когда- нибудьбакæсиккат вы прочитали быуыдонкæсиккой они читали быкастаиккой они бы читали когда- нибудьбакæсиккой они прочита- ли бы 5. Бакæсут. Сбæрæг кæнут мивдисджыты цæсгом, афон, здæхæн. 1) Уæ мæ Ир, куыд адджын мын дæ, куыд! Ды мæнæн сыгъзæрин дæ, сыгъзæрин! Æз дæуæй куы нæ уаин рæвдыд, Цымæ уæд цы бакæнин, куыд цæрин? (Мыртазты Б.) 2) Скъоладзаутæ ма бирæ фæдзырдтаиккой Ирыстоны æрдзы рæсугъддзинадыл, фæлæ уæдмæ дзæнгæрæг ныццагъта. 3) Адæм фылдæр зониккой сæ фыдæлты цардæй, чингуытæ арæхдæр куы кæсиккой, уæд. 4-æм фæлтæрæнæй пайдагæнгæйæ, таблицæ баххæст кæнут. Зæгъут, куыд арæзт цæуы мивдисæджы бæллиццаг здæхæн.ЦæсгомНырыккон афонИвгъуыд афонСуинаг афонÆзфарстаиндыæрхæссисуыйæххуыс кæнидмахфарстаиккамсымахæрхæссиккатуыдонæххуыс кæниккой Байхъусут. Зæгъут, хъуыдыйæдтæй таурæгъон, фарстон æмæ разæнгард- гæнæн кæцы у, уый. 1.Хетæджы Уастырджийы бæрæгбон вæййы сæрды. 2. Кæддæр Уастырджи Хетæгæн цы æххуыс бакодта, сымахæн дæр уыцы æххуыс бакæнæд! 3. Хетæджы дзуары бынмæ сылгоймæгтæ дæр фæцæуынц? Придаточным предложением причины (æфсоны уæлæмхæст хъуыдыйад) называется подчиненное предложение, выражающее причину того, о чем говорится в главном предложении. Придаточное предложение причины бывает связано с главным при помощи союзов æмæ, уымæн æмæ, уый тыххæй æмæ.Придаточное предложение причины относится к сказуемому главного пред- ложения и отвечает на вопросы цæмæн? цæй тыххæй? цæмæ гæсгæ? Например: Дзерассæ Æхсары йæхи лæг фенхъæлдта, уымæн æмæ Æхсар æмæ Æхсæртæг æмхуызæттæ уыдысты асæй дæр æмæ уындæй дæр. (Нарты каддж.) Бакæсут. Сбæрæг кæнут сæйраг æмæ уæлæмхæст хъуыдыйæдтæ домгæвазыг- джын хъуыдыйады. Зæгъут, цавæр ахастдзинæдтæ ис хъуыдыйæдты хæйтты ’хсæн.1) Раджы заманы адæм хъахъхъæнæн амаддзæгтæ, мæсгуытæ, гæнæхтæ, фидæрттæ куы нæ арæзтаиккой, уæд сæ знæгтæ ныццагътаиккой. 2) Раджы заманы адæм арæзтой хъахъхъæнæн амаддзæгтæ, гæнæхтæ, фидæрттæ, уымæн æмæ тарстысты знаджы ныббырстытæй. 3) Знаджы ныббырсты тыххæй адæм куы зыдтаиккой, уæд сæхи бацæттæ кодтаиккой хæцынмæ. 4) Адæм сæхи бацæттæ кодтой хæцынмæ, уымæн æмæ зыдтой знаджы ныббырсты тыххæй. Ратæлмац кæнут бæрæггонд дзырдтæ уырыссаг æвзагмæ, æмбарынгæнæн æрмæгæй пайдагæнгæйæ.Аивылын – бирæйæ иумæ ацæуын; сæр бафснайын – бамбæхсын; тъæпæн – фæз, лæгъз ран; уаздæр – сыгъдæгдæр, бæрзонддæр, ахадгæдæр; хохы фахс – хохы къул; фæхæрам ис – зæрдæ фæхудтис. Бакæсут хъуыдыйæдтæ. Рафыссут æфсоны уæлæмхæст хъуыдыйæдтæ.1) Адæм иууылдæр аивылдысты хъæууон клубмæ, уымæн æмæ уым уыдис концерт. 2) Лæг йæ сæр бафснайдта, уымæн æмæ знæгтæй фæтарстис. 3) Æрдузы ис диссаджы сатæг суадон, уымæ гæсгæ йæм хъæддаг сырдтæ фæцæуынц дон нуазынмæ. 4) Хетæг йæ дин кæй нæ аивта, уымæ гæсгæ йæм фæхæрам сты йе ’фсымæртæ. 5) Адæм æрцардысты хохы тъæпæныл, уый тыххæй æмæ сын сæ зæххытæ байстой. Баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ бæттæгтæ уымæн æмæ кæнæ уый тыххæй æмæ -йæ.Адæм сæ сæр бафснайдтой, ... сæм знæгтæ æрбахæстæг сты. Аллæ йе ’мбалмæ фæхæрам ис, ... йын уый чиныг нæ радта. Ахуырдзаутæ аивылдысты скъолайы кæртмæ, ... сæ уроктæ фесты. Дзырдбæстытæ саразутТъæпæнАивылынХæхтыУаздæрфæхæрам уæвынсæр бафснайынÆмкъласонмæРанФæхстæзнагæйкувæндонуынгмæ Хœдзармœ куыст. Фœлтœрœн 4 ф.86