Положение к Брейн-рингу для 9-10 классов
Интеллектуалон хъазт брейн-ринг «Ирон дæснытæ»
Уагæвæрд.
1. Хъазты нысан:
- скъоладзаутæм æвзæрын кæнын цымыдисдзинад Райгуырæн бæстæйы истори, географи æмæ литературæмæ;
- Ирыстоны культурæ, аивад æмæ историмæ бæрзонд æнкъарæнтæ гуырын кæнын.
2. Хъазты архайджытæ:
- брейн – рингы архайынц 9-10 кълæсты ахуырдзаутæ;
- командæ арæзт цæуы 5 скъоладзауæй;
- командæйæн хъуамæ уа ном, эмблемæ, девиз;
3. Хъазты уаг:
- хъазты уыцы иу рæстæг архайынц 4 командæйы;
- фарст лæвæрд цæуы иумæйаг, дзуапп радтыны бар хауы, фыццаг цæттæ чи уа, уыцы командæйæн;
- ахъуыды кæнынæн лæвæрд цæуы минут;
- раст дзуаппæн командæ бакусдзæн 1 балл, искæй дзуапп баххæст кæнынæн – 0,5;
- алы туры дæр лæвæрд цæуы 6 фарсты (+ 1 уæлæмхасæн фарст)
4. Хъазт арæзт цæуы:
1тур – Ирыстоны истори.
- фæрстытæ баст сты ирон адæмы царды зынгæдæр цаутимæ Х æнусæй ХVІІІ æнусмæ (ирæтты дин, тæтæр-монголты ныббырст, Ирыстон æмæ Уæрæсейы баиудзинад, Туркмæ алыгъд, Хъобаны культурæ, Ос-Бæгъатыр æмæ Къостайы нæмттимæ баст цаутæ…)
2тур - Ирыстоны географи3тур - Литературæ (9-10 кълæсты æрмæг, Нарты кадджытæ)
- ам алы командæ дæр цæттæ кæны фарст – Иу литературон хъайтарæн саразын дзургæ æрфыст, æнæ йæ ном зæгъгæйæ( иннæ командæ хъуамæ базона ном, уацмысы сæргонд, авторы)
4тур - Капитанты ерыс- ерыс арæзт цæуы дзырд «фыццаг»-ы хронологон бындурыл (зæгъæм, кæд æмæ кæм рацыд мыхуыры ФЫЦЦАГ ирон чиныг)
5. Хъазт ацæудзæн майы, скъолайы, сахатыл.
6. Хъазты 1-аг, 2-аг, 3-аг бынæттæ бацахсæг командæтæн лæвæрд æрцæудзæн районы Кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.