ОБОБЩЕНИЕ ПЕДАГОГИЧЕСКОГО ОПЫТА . Миногон. 6 кълас 
Урочы темӕ : Миногон.
Урочы нысан: 1. Сывӕллӕттӕн бамбарын кӕнын миногон куыд ныхасы хай.
2. Ныхасы рӕзтыл бакусын нывтӕм гӕсгӕ.
3. Ӕрдзмӕ уарзондзинад гуырын кӕнын. Куыстмӕ, фӕллоймӕ разӕнгард кӕнын.
Урочы ӕрмӕг: интерактивон фӕйнӕг, ӕмбисӕндтӕ, алыхуызон хъӕзтытӕ.
                                       Урочы цыд.
Ахуыргӕнӕг:  Цавӕр къордтыл дих кӕнынц ныхасы хӕйттӕ?
Ахуырдзау:  Ныхасы хӕйттӕ дих кӕнынц сӕрмагонд ӕмӕ ӕххуысгӕнӕг  хӕйттыл.
Ахуыргӕнӕг: Цал сӕрмагонд  ныхасы хайы ис ирон ӕвзаджы?
Ахуырдзау: Ирон ӕвзаджы ис ӕхсӕз сӕрмагонд  ныхасы хайы.
Ахуыргӕнӕг:  Ӕххуысгӕнӕг хӕйттӕ та цал сты?
Ахуырдзау:  Ӕххуысгӕнӕг  хӕйттӕ  та сты фондз.
Ахуыргӕнӕг: Цы хонӕм номдар?
Ахуырдзау: Номдар хуыйны ахӕм ныхасы хай кӕцы нысан кӕны предмет.
Ахуыргӕнӕг: Цавӕр фӕрстытӕн дзуапп дӕтты номдар?
Ахуырдзау: Номдар дзуапп дӕтты фӕрстытӕн Чи? Цы?.Ахуыргӕнӕг: Номдар цавӕр къордтыл  дих кӕны?
Ахуырдзау: Номдар дих кӕны сӕрмагонд ӕмӕ иумӕйаг номдартыл.
(Скъоладзаутӕ хӕссынц  дӕнцӕгтӕ.)
Сӕмагонд номдартӕ: мыггӕгтӕ, нӕмттӕ, фӕсномыгтӕ, бӕстӕтӕ, горӕттӕ…
Иумӕйаг номдартӕ: цӕрӕгойтӕ, мигӕнӕнтӕ, зайӕгойтӕ…
Ахуыргӕнӕг: Цал нымӕцы ис  номдарӕн?
Ахуырдзау: Номдарӕн ис дыууӕ нымӕцы – иууон ӕмӕ бирӕон нымӕцтӕ.
Ахуыргӕнӕг: Куыд тасындзӕг кӕнынц номдартӕ?
Ахуырдзау: Номдартӕ тасындзӕг кӕнынц хауӕнтӕм гӕсгӕ.
Ахуыргӕнӕг: Ахуырдзауӕн хибарӕй куыст раттын.
Ахуырдзау: Хӕс: Сбӕрӕг кӕнын номдартӕ ӕмӕ фӕбӕрӕг кӕнын хауӕнтӕ.
  Иу хохаг хъæуы цардис лæппу, йæ ном – Хъазбег. Алы райсом дæр-иу бацин кодта хуры рухсыл, цъиуты цъыбар-цъыбурыл.  Дымгæйы фæлмæн уддзæф ын-иу алæгъз кодта йæ сæрыхъуынтæ. Фæлæ иу хатт фæкомкоммæ дымгæйы митæм, йæ цæст сыл ахаста, æмæ бамбæрста,  дымгæ  удæгас адæймаджы хуызæн кæй у…
2. Ахуыргӕнӕг: Бакӕсут цыбыр сценкӕмӕ.
Ахуырдзаутӕ:( сценкӕ)
Кӕрӕдзийы скъуырдтой чызг ӕмӕ лӕппу.
-Уый ды  куы дӕ, Алан!
-Ӕгас цу, Дзерассӕ!
-Кӕдӕм тагъд кӕныс? Мӕн дӕр ма куы скъуырдтай!
- Бахатыр кӕн.
- Цӕй ӕнкъард дӕ? Цы дыл ӕрцыдис?
- Куыннӕ уон ӕнкъард, райсом дыууӕ куы райсон ирон ӕвзагӕй.
- Цӕмӕн…  нӕ ныффыстай сочинени « Ӕрцыд , ныллӕууыд уалдзӕг» - зӕгъгӕ.
- Бӕргӕ ныффыстон.
- Уӕдӕ цы кӕныс?
- Нӕ зонын… «Уалдзӕг» нӕ, фӕлӕ мын дзы цы рауад , уый не ᾿мбарын.
- Бакӕс-ма йӕ, дӕ хорзӕхӕй.
( Ӕмбарын кӕны йӕ сочинени, Алан).
       Ралӕууыд уалдзӕг. Райхъал ӕрдз. Цъиутӕ ᾿ртахтысты ӕмӕ зарынц. Адӕм хуым кӕнын райдыдтой… ( фӕуагъта йӕ кӕсын.)
- Дзерассӕ худы.
- Алан, ды, ӕвӕццӕгӕн нӕ зоныс , кӕй ис ахӕм дзырдтӕ ӕмӕ нӕ ныхас, не ᾿ взаг  аив, рӕсугъддӕр кӕмӕй кӕны. Фысгӕ ма кӕн уӕдӕ!      Ӕрцыд та нӕм фарны уалдзӕг.
Райхъал ӕнӕуд ӕрдз. Скодта йӕ цъӕх-цъӕхид  дарӕс.
Алыхуызон мӕргътӕ ᾿ртахтысты ӕмӕ алыхуызон  хъӕлӕстӕй зарынц.
Адӕм фӕлмӕн зӕхх хуым кӕнын райдыдтой.
- Ӕгъгъӕд! Бамбӕрстон дӕ!
Бузныг , Дзерассӕ. Куыд хӕларзӕрдӕ дӕ. Цӕй, ӕз азгъорон ӕмӕ йӕ ныффыссон.
Ахуыргӕнӕг:  Федтат, сабитӕ, куыд аивта йӕ хуыз сочинении! Кӕцы сочинени фӕцыди уӕ зӕрдӕмӕ фылдӕр.
Ахуырдзаутӕ: Дыккаг сочинени фӕцыди тынгдӕр нӕ зӕрдӕмӕ.
Ахуыргӕнӕг: Цы бацамыдта Дзерассӕ Аланӕн?
Ахуырдзаутӕ: Кӕй  ᾿рцыд фарны уалдзӕг.
Ахуыргӕнӕг:  Уӕдӕ ууыл у абон нӕ ныхас.
- Афыссут  уӕ тетрӕдты , уалдзӕг цавӕр вӕййы.
Ахуырдзаутӕ: ( фыссынц сӕ хъуыдытӕ).
3. Ахуыргӕнӕг: Нӕ алфамбылай  цы предметтӕ ис  уыдонӕн ис: ас, хуыз, уӕз, хъӕд, ад, формӕ. Ис сын басгарӕн  уырзӕй ӕмӕ уӕд базондзыстӕм хъӕбӕр у ӕви фӕлмӕн ( тӕф, ад).
Ирон ӕвзаджы ис  ацы ᾿ууӕлтӕ ᾿вдисӕг дзырдтӕ хуыйнынц миногонтӕ.
Миногон у ахӕм ныхасы хай, кӕцы нысан кӕны  предметы ᾿ууӕлтӕ (ас, хуыз, уӕз, хъӕд, ад, формӕ).
-Сывӕллӕттӕ , радыгай исынц  предметтӕ ӕмӕ сын бӕрӕг кӕнынц се ᾿ууӕлтӕ.
Ахуырдзаутӕ: 
Фӕткъуы – тымбыл, адджын, сырх.
Кӕрдо – донджын, бур, сӕрдыгон.
Джитъри – даргъӕццон, цъӕх, хӕрзад.
(Ӕмӕ афтӕ дарддӕр.)
4. Ахуыргӕнӕг: (Нывмӕ гӕсгӕ куыст)
Ацӕмӕз кафы. - Цы ми кӕны Ацӕмӕз? 
Ахуырдзау: Ацӕмӕз кафы.
Ахуыргӕнӕг: Уӕдӕ цавӕр лӕппу у Ацӕмӕз?
Ахуырдзау: Ацӕмӕз у кафаг лӕппу.
(Ӕмӕ афтӕ дарддӕр.)
5.Ахуыргӕнӕг:  Хъазт « Цымыдисаг чыргъӕд».
 Сывӕллӕттӕ чыргъӕдӕй исынц нывтӕ радгай ӕмӕ сын дзурынц сӕ миниуджытӕ: зымӕг, уалдзӕг, сӕрд, фӕззӕг.
6. Ахуыргӕнӕг: Куыд ӕмбарут ацы ᾿мбисӕндтӕ . Ныффыссын сӕ тетрӕдты.
« Цы байтауай , уый ӕркӕрддзынӕ»
« Уалдзӕг – рӕсугъд, фӕззӕг – хъӕздыг»
Ахуырдзаутӕ: ( Дзурынц  сӕ хъуыдытӕ).
7.Ахуыргӕнӕг:  Хатдзӕг скӕнын. 
Ӕрдз цӕмӕй рӕсугъд уа, уый тыххӕй йыл хъӕуы узӕлын, ома хъахъхъӕнын. Уалдзӕджы адӕймаг куы нӕ бакуса, уӕд фӕззӕджы ницы ᾿ркӕрдзӕни. Нӕ уыдзӕн хӕдзары бӕркад ӕмӕ зымӕг хойраг нӕ уыдзӕн.
8. Ахуырдзаутӕ: Скъоладзаутӕ кӕрӕдзийы куыстӕн аргъ кӕнынц. 
9. Хӕдзармӕ куыст.
- Афӕдзы афонтӕ – дзырдтимӕ хъуыдыйӕдтӕ ӕрхъуыды кӕнын.
- Ныффыссын фӕйнӕ дӕс дзырды – миногонтӕ.  
 - Сахуыр кӕнын ӕмбисӕндтӕ зӕрдывӕрдӕй.