Конспект на тему: Номдар

Темж «Номдар»
(рацыд жрмжг фжлхат кжныны урок)

Урочы нысан: номдаржй рацыд жрмжг бафидар кжнын.
Ныхасы ржзтыл бакусын.
Маджлон жвзагмж уарзондзинад гуырын кжнын.

воспитывать у учащихся любовь и интерес к русскому языку.

Урочы цыд:

I. Бацжттжгжнжн ржстжг.
Сывжллжтж, уж бон хорз. Нж урочы кжрон кжрждзимж бахуджм, жмж афтжмжй зжрджрухсжй нж куыст кжнжм. 1-аг слайд.

II. Урочы темжйыл куыст.
1). Дзырдуатон куыст

Ахуыргжнжг: Нж урок райдайжм дзырдуатон куыстжй. Фжлж уый размж баххжст кжнжм дзырдбыд. Дзырдбыд та цы у?

2-аг слайд.
Дзырдбыды дзырдтж куы базонат, ужд-иу дзырджн йж орфограммж джр бацамонут. Орфограммж та цы у?

Райдайжм:
1. Аджймаг куы райгуыры, ужд ын жнжмжнг раттынц цавжрджр (НОМ).
2. Иржтты райгуыржн бжстж куыд хуыйны? (ИРЫСТОН)
3. Хъобаны чи цард, ахжм аджмон хъайтары ном (ЧЕРМЕН)
4. Аджймаг кжм райгуыры, уыцы зжхх куыд фжхоны? (ФЫДЫБЖСТЖ)
5. Аджймаджы цжржн бынат. (ХЖДЗАР)
6. Нарты гуыппырсартжй жппжты тыхджынджры ном. (БАТРАЗ)

Ахуыргжнжг: Нж дзырдбыдыл кусгжйж сбжржг кодтам нж урочы темж джр (НОМДАР). 3-аг слайд.

III. Урочы темжйыл куыст.

1. Нж урочы хъуамж жрдзуржм, номдаржй цы базыдтам, ууыл.
Номдары тыххжй мах хъжуы зонын:

4-жм слайд
Зонын:
- цы у номдар
- номдары грамматикон категоритж
- номдары синтаксисон функцитж
- номдарты нысаниужг нж ныхасы
- номдары морфологион жвзжрст

Аржхсын
- тексты номдартж ссарын
- номдары грамматикон категори базонын
- номдары морфологион жвзжрст
- номдартж раст фыссын, ныхасы сж раст пайда кжнын
Аржхсын

2. Бесждж.
- Цы у номдар? Цы нысан кжны?
- Разджхжм нж дзырдбыды дзырдтжм. Цавжр къордтыл сж адихгжнжн ис?
(Сжрмагонд жмж иумжйаг, удджын жмж жнжуд)

3. Къордты куыст.
- Дардджр кусжм къордгай. Алы ржнхъ джр у хицжн къорд (жртж къорды)
Алы ржнхъжн джр – хицжн хжс. (Хжслжвжрдтж райуарын)

1-аг ржнхъы хжс: аргъауы текстыл бакусын (6-жм слайд)

Аргъау.
Нжма райгуырд, афтжмжй хъуыды кодтой, цы йыл сжвжрой. Куы райгурд, ужд жй схуыдтой . Райгуырди жмж ссис . Тынг хжларзжрдж уыд, йж фыццаг дзырд джр уыд «А», жмж йж схуыдтой
Тынг хорз иртжста хорз жмж жвзжр, жмж йж схуыдтой Къухжй тынг джсны кжй уыд, уымж гжсгж йж райдыдтой хонын
Хждзары жппынджр нж бадти. Уарзта бжстжтыл зилын, фжндыд жй дуне фенын. Жмж йж уый тыххжй схуыдтой
Жмгарджын кжй уыд, уый тыххжй йж хуыдтой
Йж ныййарджыты халдих кжй рауад, уый тыххжй та йж рахуыдтой

2-аг ржнхъы хжс: хаужнты фжрстытж раст рафыссын (7-жм слайд)

Номон Кжйау? Цжйау? Куыд?
Гуырынон Кжмжн? Цжмжн?
Джттынон Чи? Цы?
Иртжстон Кжй? Цжй? Кжм? Цжм?
Аржзтон Кжмж? Цжмж? Кжджм?
Жддагбынатон Кжимж? Цжимж?
Цждисон Кжуыл? Цжуыл?
Хуызжнон Кжмжй? Цжмжй? Кжцжй?

3-аг ржнхъы хжс: ужлдай ржнхъ ссарын (9-жм слайд)

Фарн Жхсар Радзырд
Фжсивжд Зжнжг Жфсымжр
Уарзт Дзерассж Хъжу
Арв Цард Цжугждон


Ахуыргжнжг: Сбжржг кжнжм уж дзужппытж.
(къордты дзужппытжм байхъусын)

4. 8-жм слайды хжслжвжрд иууылджр иумж жххжст кжнынц.

Хжс: цавжр хаужнты жвжрд ис тексты дзырд «мжсыг»? Хаужнтжй кжцы ферох кодтам?

Нж фыджлты царды мжсыгжн уыд стыр ахадындзинад.
Мжсыг амадтой бжрзонд бынаты, цжмжй иу мжсыгжй иннж мжсыг зындаид.
Знаг-иу куы ’рбацжйцыд, ужд-иу мжсыгмж схызтысты жмж-иу йж сжрыл арт скодтой. Кжд-иу искжйы мжсыгыл арт фжзынд, ужд-иу базыдтой – тыхгжнжг жрбацжуы. Жмж-иу ужд уыцы мжсыгау иннж мжсгуыты сжр джр жртытж скодтой.
Афтж, мжсыджы фжрцы кжрждзийжн хабар хъусын кодтой.


5. 10-жм слайды хжс баххжст кжнын.
Ахуыргжнжг: Дзырдтж фжпырх сты баххжст-ма кжнжм хжслжвжрд.
Хжс. Дзырдтж дыууж цжджындзыл адих кжнут. Фыццаг цжджындз – жнжуд предметты нжмттж, дыккаг – удджын предметты нжмттж.

Нана Горжт
Ахуыргжнжг Алтъами
Постхжссжг Скъола
Жфсымжр Кжрт
Франк Бжрз


6. 11-жм слайды хжс.
Ахуыргжнжг: Номдар канд дзырды ном зжгъынжн нж хъжуы, фжлж ма жххжст кжны жнджр хжстж джр. Цавжр у фж хжс тексты миджг, уый базондзыстжм, текст бакжсгжйж.

Хжс: Текст бакжсут. Цавжр у бжржггонд номдарты нысаниужг?

Хъжды аржх фжхъуысы хъждхойы къупп-къупп. Цъиу хуымжтжджы нж фжхойы бжласы зжнг. Хъжды тохтыр фжуидзы бжласы зулчъытж.

- Дзырд «хъждхой» жнджр дзырдтжй ивд цжмжн жрцыд?

(Номдар у тексты хъуыдыйждтж кжрждзиуыл бжттжг фжржз)

IV. Хждзармж куыст.

Номдары тыххжй жрхъуыды кжнын чысыл грамматикон аргъау (сочинени-жрфыст)
















2.

13PAGE 15


13PAGE 14415




15