Статья Къоста – этнограф.


Къоста – этнограф.
Ирон адӕмы царды ахӕм фарст нӕ уыди, Къоста йе сфӕлдыстады кӕй нӕ равдыста. Ӕгӕрон уыд ирон литературӕ ӕмӕ литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг Къостайы курдиат. Уый уыди поэт, прозаик, драматург, театралон архайӕг, хъӕбатыр ӕхсӕнадон кусӕг, публицист, диссаджы нывгӕнӕг ӕмӕ этнограф. Зынгӕ уырыссаг фыссӕг А.Фадеев мӕнгӕй не схуыдта Къостайы - ирон адӕмы Леонардо да Винчи.
Йӕ иннӕ сфӕлдыстадимӕ Къоста ныууагъта хъӕздыг бын ирон адӕмы этнографийӕ дӕр. Ирыстоны хӕхты хъӕбысы схъомыл уӕвгӕйӕ, Къоста йӕхӕдаг бавзӕрста, йӕхи цӕстӕй федта хӕххон фӕллойгӕнӕг лӕджы хъизӕмар цард. Къоста йӕ курдиатджын сфӕлдыстады иттӕг хорз равдыста ирон адӕмы цардыуаг ӕмӕ культурӕйы фӕрстытӕ, йӕ уацмыстӕ ӕгасӕй дӕр цӕрынц цы адӕмы цардӕй ист ӕрцыдысты, уыдоны цардӕй.
Иттӕг бирӕ этнографион ӕрмӕг ис Къостайы уацмысты: «Чи дӕ?», « Уӕлмӕрдты», «Сидзӕргӕс», «Ӕфсати», «Зонын», «Мӕгуыры зарӕг», афтӕ уырыссаг ӕвзагыл цы кадджытӕ ныффыста, уыдоны дӕр ӕмӕ йӕ публицистон уацмысты дӕр.
Стыр зонадон нысаниуӕг ис Къостайы ӕмбисонды этнографион очерк « Хӕххон ирон адӕмы цард», зӕгъгӕ. Кӕд очерк фыст у Нары комы адӕмы цардыл, уӕддӕр хӕххон ирон адӕм се`ппӕт дӕр тынг хорз уынынц ацы очеркы сӕ фыдӕлты цардыуаг.
Очеркы Къоста ӕвдисы Нары комы адӕмы цардӕй ахсджиагдӕр фӕрстытӕ: хӕдзарад, хӕлц, дарӕс,сословион ахастытӕ, дзыллӕйон цард ӕмӕ ӕндӕртӕ.
Къоста куыд фыссы уымӕ гӕсгӕ Нары комы ирон адӕм кодтой зӕххы ӕмӕ фосдарыны куыст. Автор фыссы, зӕгъгӕ, дих уыдысты хӕдзаргай, уыгӕрдӕнтӕ, сӕрвӕттӕ ӕмӕ хъӕд та уыд хицӕн мыггӕгты къухы.
Йӕ очеркы Къоста чиныгкӕсӕджы зонгӕ кӕны Нары комы цыппар сословийы кӕй уыди, уыимӕ:
1) стыр кӕнӕ тыхджын мыггаг 2)фӕрссаг
3)кӕвдӕсард 4) «ӕлхӕд», « саулӕг», « цагъайраг»
Ацы сословитӕ уыдысты Куырттаты комы – Тӕгиатӕм ӕмӕ Дыгуры.
Фыццаг сослови , - «тыхджын мыггагджы» къухы уыдысты зӕхх, хъӕд, уыгӕрдӕнтӕ ӕмӕ сӕрвӕтты хуыздӕртӕ.
Дыккаг сослови – Ирыстоны адӕмы фылдӕр хай, - фӕрссӕгтӕ - лӕууыдысты «тыхджын мыггагимӕ» абаргӕйӕ , ӕхсӕнадон асинтыл уӕлдӕр. Фӕлӕ уыдысты сӕрибар. Хъалон никӕмӕн фыстой, фылдӕр уыдысты тыхджын мыггагимӕ.
Ӕртыккаг сословимӕ хаудтой – кӕвдӕсардтӕ, уыдон уыдысты « тыхджын мыггаджы» лӕгтӕн номылустытӕй, цы сывӕллӕттӕ гуырди уыдон. Уыдон цардысты сӕ фыды хӕдзары хицӕнӕй, кодтой хъизӕмар цард, ӕмӕ хастой худинаджы ном.
Цыппӕрӕм сословимӕ хаудысты – ӕлхӕнгӕ кӕнӕ –иу стӕры рӕстӕджы уацайрӕгтӕй кӕй ракодтой, уыдон. Уыдон уыдысты ӕппӕты ӕнӕбардӕр, фӕлӕ бирӕ нӕ уыдысты.
Хӕхбӕсты цӕрӕнуӕттӕ фылдӕр арӕзтой дурӕй, уӕлхӕдзӕрттӕ уыдысты сыджытсӕр. Ирон адӕм сӕ хӕдзӕрттӕ амадтой къуылдымтыл, уымӕн ӕмӕ зӕхх нӕ фаг кодта, стӕй бӕрзонд бынӕтты сӕхи хуыздӕр хъахъхъӕдтой тыхгӕнӕг знӕгтӕй.
Къонамӕ гӕсгӕ хӕдзар дих кодта рахиз ӕмӕ галиу фӕрстыл. Къонайы скомкоммӕ ауыгъд ис ӕфсӕйнаг рӕхыс. Рӕхысыл ауыгъд уыд хӕринаг фыцӕн цуайнаг . Къона ӕмӕ рӕхыс сты ирон хӕдзары ӕппӕты кадджындӕр дзаумӕттӕ.
Цымӕ ма амӕй хуыздӕр гӕнӕн ис зӕронд ирон хадзар сныв кӕнынӕн? Уый уыди мӕгуыр бинонтӕн цӕрӕн дӕр, фосӕн дӕр, ӕмӕ уазӕгдон дӕр. Бонджынтӕн сӕ фосӕн уыд хицӕн агъуыст – скъӕт, ус чи ракуырдтаид, уымӕн хицӕн сыгъдӕг уат ӕмӕ уазӕгдон дӕр. Уыдонмӕ уыд зынаргъ хӕдзары дзаума.
Мӕгуыр адӕмӕн гӕвзыкдӕр уыд сӕ уӕлӕдарас ӕмӕ сӕ къахыдарӕс. Хаттӕй-хатт-иу ӕнӕхъӕн мыггагӕн уыди ӕрмӕст иунӕг хӕдон кӕнӕ хъуырдарӕн ӕмӕ–иу дзы пайда кодтой радгай.
Сылгоймаджы дарӕс уыд чысыл хуыздӕр. Очеркмӕ гӕсгӕ уыдон дардтой сӕрбӕттӕнтӕ, кӕлмӕрзӕнтӕ, хӕдӕттӕ, куырӕттӕ, роды цармӕй хуыд дзабыртӕ.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мӕгуыр лӕгӕн йӕ хӕринаг дӕр уыд маамӕлайы къӕбӕр. Сӕйраг хӕринаг уыд хъӕбӕр кӕрдзын.
Очеркы дзӕвгар ӕрмӕг ис сылгоймаджы уавӕры тыххӕй. Сылгоймагӕн стыр аргъ кодтой адӕм. Йӕ иунӕг фӕзынд-иу ныссабыр кодта хылгӕнджыты, баурӕдта –иу тугкалӕн. Уӕлдай тынгдӕр ӕфсӕрмы кодтой саударӕг сылгоймагӕй.
Сылгоймаг хӕсджын уыд, хӕдзары мидӕг цы куыстытӕ ис, уыдон рӕстӕгыл ӕххӕст кӕнын. Уӕлдай зын уавӕрты цардис ног чындз . Мӕнӕ цы фыссы уый тыххӕй Къоста: « Ничи йын хъусы йӕ дзыхы ныхас, ничи йӕ уыны бадгӕ. Райсомӕй сысты ӕппӕтӕй раздӕр, алы ран ныммӕрзы, бафснайы, алкӕмӕн лӕггад кӕны , ахӕры тагъд-тагъд ӕппӕтӕй фӕстӕдӕр, хуысгӕ дӕр скӕны ӕппӕты фӕстаг».
Бӕстон ӕвдисы Къоста чындзӕхсӕв ӕмӕ хисты ӕгъдӕуттӕ, уазӕграйсты хъуыддаг, туджджынты фидауыны ӕгъдау ӕмӕ ӕндӕртӕ.
Къоста куыд фыссы, афтӕмӕй –иу раджы заманы сиахс йӕ каистӕм баззад иу мӕйы онг. Уый хуынди « сгӕрст»: бӕлвырд ын кодтой йӕ уӕздандзинад, йӕ арӕхст, йӕ лӕгдзинад.
Кӕй загъын ӕй хъӕуы, ӕнӕ ирӕдӕй чызг никӕмӕн лӕвӕрдтой. Куыд хъӕздыгдӕр уыд чызджы хицау, афтӕ фылдӕр уыд йӕ ирӕд дӕр.
Бирӕ ӕрмӕг ма ис очеркы хисты тыххӕй дӕр. Хист баст у , адӕмы мӕрдты бӕсты цард кӕй уырныдта , ууыл. Раджы заманы –иу ирон лӕг ӕххормаг йӕхи ныууагъта, фӕлӕ уыцы талынг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ йӕ мӕрдты «ӕххормаг » , « бӕгънӕг » нӕ уагъта ӕмӕ раууатмӕ цыдысты.
Мард бавӕрыны ӕгъдау, бӕх фӕлдисын ӕмӕ зианимӕ баст ӕндӕр рагон ӕгъдӕуттӕ Къоста ирдӕй равдыста йӕ уацмыс « Уӕлмӕрдты». Уый ӕнӕхъӕнӕй фыст у этнографион ӕрмӕгмӕ гӕсгӕ.
Дарддӕр очеркы кӕсӕм тугисыны ӕгъдауы тыххӕй. Уый фӕстиуӕгӕн – иу бирӕ мыггӕгтӕ бынтондӕр скуынӕг сты. Къоста куыд фыссы афтӕмӕй –иу аххосджын мыггаг бахаудта ахӕсты хуызы. Боныфастагмӕ - иу дыууӕ мыггаджы бафидыдтой.
Бӕстон фыссы Къоста уазӕгуарзондзинадыл. « Уазӕг-хуыцауы уазӕг!» - ахӕм ныхӕстимӕ - иу сӕмбӕлд хӕдзары хицау уазӕгыл. Уазӕгуарзондзинад фехалыны фӕдыл-иу ӕхсӕнад карз ӕфхӕрдта аххосджыны.
Къоста хорз зыдта канд Ирыстоны этнографии нӕ, фӕлӕ ӕппӕт Кавказы хӕххон адӕмты цард дӕр. Карз тох кодта Къоста, хӕххон адӕмты цард зыгъуыммӕ чи ӕвдыста, уыдонимӕ.
Куыд уынӕм, афтӕмӕй Къостайы этнографион бын у хъӕздыг ӕмӕ бирӕвӕрсыг. Ӕвӕццӕгӕн, ирон адӕмы царды ахӕм фарст нӕ баззад, Къоста йӕ курдиатджын уацмысты ӕмӕ йӕ зынгӕ зонадон-этнографион очеркы сӕ кой кӕмӕн не скодта.