Урок по осетинскому языку на тему  Даргъватин амхъаласонта ама амхъаласонты къордта. Са растфыссынад. 
Гом урочы                                                                                                 пълан – конспект
ирон  æвзагæй 5–æм  къласы.
Темæ:
«Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ æмæ
æмхъæлæсонты къордтæ. Сæ растфыссынад».
Беслæныхъæуы 2 – æм  астæуккаг                                                                  скъолайы  ирон æвзаг æмæ                                                                            литературæйы                                                                                                     ахуыргæнæг:  – Цхуырбаты Жаннæ -
-  Беслæныхъæу, 2013 аз –
Темæ:   «Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсонты                          къордтæ.   Сæ  растфыссынад»
Урочы нысан. 1 . Дамгъуат зæрдыл æрлæууын кæнын фарстатæм гæсгæ». 
           2.  Æрдзурын æмæ бамбарын кæнын сывæллæттæн дæргъвæтин 
                               æмхъъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсон къордты растфыссынады тыххæй. 
                             3. Дзырдуатон куыст. 
                             4. Ныффыссын дзырдуатон  диктант. 
                             5. Хæдзармæ куыст раттын. 
Цæстуынгæ æрмæг: а)  дамгъуат;
æ)  хъæлæсонты æмæ æмхъæлæсонты таблицæтæ;б)  зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонты таблицæтæ.
                                                      Урочы цыд.
- I -   1.. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын .
           а). Цавæр хъуыдыйад æмбæхст уыдис  нымæцты бын? (фæлт.)
                 Дзуапп: -Æвзаджы дæсны Абайты Васо у  паддзахадон æмæ Къостайы          
                                   премиты лауреат (зæгъын Абайты Васойы тыххæй).
          æ).  Фарстаты руаджы сбæрæг кæнын, сывæллæттæ раззаг урокыл цы 
                  базыдтой, уый: 
- Цы хонæм дамгъуат, цæмæн нæ хъъæуы?
-Радзурын дамгъуаты тыххæй цыдæриддæр  сахуыр кодтам, уыдон.
- Хатдзæгтæ скæнын æмæ ног æрмæгмæ рахизын.
-II-   Ног æрмæг.
1.  Баххæст кæнын хæслæвæрд.:
    - Лæвæрд дзырдты цухгонд бынæттæ баххæст кæнын хъæугæ 
      æмхъæлæсонтæй. Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæй бацамонын  зылангон  
     æмæ æзылангон. ( Фæ … æг,  къæ … æг,  ны … æг,  хо … аг,  уæры … ,  æ … æнк,
ны … арæг,  хъæ … он,  уæ … аг,  ды … æ,  æв … æс, цы … ор,
… æдз,  æр …ивын,  Хани … æ,  фы … аг,  хæ … он, лæ … у) 
(Раиртæст)  - Ирон æвзаг нæ быхсы дзырды райдианы  дæр, арæх  астæуы  дæр, 
дыууæ кæнæ фылдæр æмхъæлæсонты баиу, стæй  дæргъвæтин æмхъæлæсон 
мыртæ. Ахæм  æмхъæлæсон  мырты къордæн  сæ разæй кæнæ се  хсæн , 
дæргъвæтин æмхъæлæсонæн  та  æнцондæр, зæгъыны тыххæй,  æвæрд  æрцæуы  
хъæлæсон  мыр.  
     2.        (ы)  ссарын        (ы) ссудзын                (ы) сриуыгъын        (æ) змæнтын
                (ы) ссæуын                                   (æ)  знон                (ы) срæхойын          (æ) знаггад             (Раиртæст) – Дзырд æмхъæлæсонтæ – З-,  - С -,  - СС -  йæ  куы райдайы,  уæд  
            сæ  разæй фæхъуысы лæмæгъ  хъæлæсон  - Ы - ,  фæлæ  йæ  фыссын  нæ  хъæуы.
            Фиппаинаг: - хъæлæсон  -Ы -  фыст цæуы  æрмæстдæр  поэтикон  уацмысты  ритм 
             бахъахъхъæныны  тыххæй.
             Зæгъæм:   -  Цæстысыг æзгъæлы 
Агмæ  сусæгæй…         (Къ.)
                                 -   Йæ  зард  нæ уагътаФæндыр  ыскъахта.    (Къ.)
                                 -   Нæ  къуылдымтæ,  нæ фæзтæ
Ысфæлыстой  сæхи.    (Г.Ц.)
                                  -  Арв  сыл  ызгъалы йæ  судзгæ  цæхæртæ,
Пиллон  ыскалдтой,  æрдиагыл  сысты … (Нигер)
     3.    Æмгар,   æмвæнд,    æнгом
            (Раиртæст) – Дзырды райдианы  æмхъæлæсонты къорды фыццаг – З -  æмæ  -С -  
           нæ,  фæлæ  æндæр  æмхъæлæсон, кæнæ  дæргъвæтин  æмхъæлæсон куы вæййы, 
           уæд сæ разæй  фæхъуысы  – Æ –  æмæ фыст дæр цæуы. 
    4.    Зыгъар,  тырыса,  сынæр,   сымах,   зыгъарæг,  быру           (Раиртæст) – Æмхъæлæсонты къордæн дзырды райдайæны сæ разæй  æвæрæн
            куы нæ вæййы хъæлæсонæн, уæд æвæрд æрцæуы се  хсæн.
    
 5.     Фыст  (иууон нымæц) – фыстытæ (бирæон нымæц),  
           цалх  (иу. н.) – цæлхытæ (б. н.)
           цырыхъхъ (иу. н.) – цырыхъхъытæ (б.н)
           хахх (иу. н.) -  хæххытæ (б.н)
           (Раиртæст) -  Æмхъæлæсонты къордæй  кæнæ дæргъвæтин æмхъæлæсонтæй 
           цы  дзырдтæ  фæвæййынц,  уыдоны  бирæон нымæцы  æвæргæйæ фæсæфтуан   
           –Т- йы  разæй арæх æвæрд æрцæуы  хъæлæсон  -Ы-
- III -  Æрмæг ныффидар кæнын.
            1. Ныффыссын  дзырдуатон диктант.
           Ссæст, хыссæ, цырыхъхъытæ,  цæппузыр, дзыхъхъытæ, æхсæв, æндах, уасæг, 
           фыссæг, къæцæл, ссад, змис, стонг, стыр, змæлын, къæрццытæ, æддаг, агъоммæ,
           дыууадæс, ссæдз, дыууиссæдз, фæззыгон, мæллæг,  кæрчытæ, уæрыччытæ, устытæ.  
            2.  Сывæллæттæ  дыууæ къордыл адих сты:  ахуыргæнæджы æххуысæй 
             æвзырынц  диктанты дзырдты    растфыссынад… (чи фылдæр æмæ хуыздæр)
           3.   Ахуыргæнæджы фарстатæн дзуæппытæ  раттын. (кусынц дыуæ къорды)
- Цы хонæм дамгъуат?
- Цал сты хъæлæсон мыртæ æмæ æмхъæлæсон мыртæ(ранымайын сæ).
- Зылангон æмæ æзылангон мыртæ (ранымайын).
- Цавæр ххъæлæсон хъуысы дзырдты райдианы – З -, - С - , - СС  – йы фæстæ?
   Фыст та  куыд цæуынц? (Дæнцæгтæ)
  - Лæмæгъ хъæлæсонтæ – Ы -,  - Æ – йы  нысаниуæг æмхъæлæсонты къордты.
  - Фæсæфтуан  -Т-  йы разæй бирæон нымæц аразгæйæ,  хъæлæсон  - Ы -  йы 
    нысаниуæг. (Дæнцæгтæ).
  - IY-  Хæдзармæ куыст.
1. Баххæст  кæнын фæлтæрæн(?)
2. Ирон – уырыссаг дамгъуатæй рафыссын  дзырдтæ,  уæлдæр цы раиртæстытæ 
   сахуыр кодтам, уыдоныл æнцойгæнгæйæ (дыууæ къорды сывæллæттæ:           
чи фылдæр?)                     -Y-    Хатдзæгтæ скæнын, сывæллæттæн бæрæггæнæнтæ сæвæрын …