Открытый урок по осетинской литературе по произведению Г.Плиева «Авд цухъхъайы»


Темæ. Гæздæнты авд æфсымæры хъысмæт Плиты Грисы балладæ «Авд цухъхъа»-йы.
Нысан. 1) Поэты сфæлдыстадмæ цымыдисдзинад гуырын кæнын.
2) Уацмысы сæйраг идейæ бамбарын кæнын.
Хъомыладон хæс.
Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад, национ æмбарындзинад, сæвзæрын кæнын.
Ахуырдзауты ахуыр кæнын аив кæсын æмæ дзурын мадæлон æвзагыл.
Нæ адæмон сфæлдыстадæн, нæ аивадæн, нæ фыдæлты хæзнатæн – стыр аргъ кæнын.
Урочы æрмæг.
Выставкæ – равдыст Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырæй чи тох кодта, уыцы ирон фысджытæ æмæ сæ уацмыстæ.
Нывист – цыртдзæвæн Гæздæнты авд æфсымæрæн.
ПрезентациМузыкæ Р. Гамзатовы зарæг «Журавли». Гæздæнты авд æфсымæры зарæг.
Урочы эпиграф.
«Зæххыл цы стырдæр хæст æрцыд, гъе уым ирон туг дæр ныккалд.» (Плиты Грис)
Хъуысы музыкæ. («Священная война»)
1941 аз 22 июнь. Бонырдæм. Тарф фынæй кæнынц куыствæллад адæм. Æнæмæт сты разæй сæм æнхъæлмæ кæсы улæфты бон, хуыцаубон.
Æвиппайды фынæй æрдзыл азæлыд хæдтæхджыты уæззау уынæргъын. Ныгууыр – гуыр кодтой мотортæ, ныхситт кодтой бомбæтæ, ныннæрыдысты мæлæтхæссæг æвирхъау срæмыгъдтытæ. Баиу сты хæцæнгæрзты ниуын, тарст сывæллæтты кæуын æмæ зæрдæрыст мадæлты цъæхахст.
Афтæ райдыдта, зæххыл цы стырдæр хæст æрцыд, уый фыццаг райсом – Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райсом.
Бакæсæм ма нæ урочы эпиграф: «Зæххыл цы стырдæр хæст æрцыд, гъе уым ирон туг дæр ныккалд».
Ирон адæм дæр уыцы тохы æгаддзинад сæ сæрмæ не'рхастой, знаджы ныхмæ тох кодтой сæ фæстаг туджы æртахы онг.
Хъæбатырдзинады, лæгдзинады бонтæ уыдысты уыдон. Сывæллон йе'мгъуыдæй раздæр лæгты æмрæнхъ куы лæууыд, зæрæдтæ æнцой куынæуал зыдтой, нæ чызджытæ хæстон дарæс куы скодтой æмæ хæцæнгæрзтимæ тохы быдырмæ куы рацыдысты.
Царды цинæй чи нæ бафсæст, уыцы æрыгон лæппутæ сæ къухтæм райстой хæцæнгæрзтæ æмæ сæ риуæмбæрц æрлæууыдысты Райгуырæн зæхх фашистон лæгмартæй бахъахъхъæнынмæ.
Уыцы лæгæвзарæн тохæй ирон адæмы 84 мин хъæбулæй нал раздæхтысты 43 минæй фылдæр хæсты быдырæй.
Хъæбатырæй Фыдыбæстæйы сæрвæлтау тохы фæмардысты Гæздæнты авд æфсымæры, Хестанты æхсæз æфсымæры, Хъалæгаты фондз æфсымæры. Фæндзгай фырттæ нал сыздæхтысты 15 ирон хæдзармæ, цыппæргай фырттæ – 52 ирон бинонтæм.
Байхъусын Гæздæнты авд æфсымæры зарæгмæ.
Иры зæххыл арф носæй баззад Гæздæнты авд æфсымæры мæлæт.
(Презентаци).
Хæсты цæхæры архайдтой нæ фысджытæ дæр:
Плиты Г.
Калоты Х.
Кочысаты М.
Скъоладзауы проектон куыстмæ байхъусын.
Грисы сфæлдыстады хæстон тематикæ уæлдай зæрдæмæхъаргæ у. Йе 'мдзæвгæты æмбыргонд «Атакæ» у поэтæн йæ стыр курдиат æвдисæг.
Адæмæн уарзон поэт, тæлмацгæнæг æмæ драматург йæ уацмыстæй фæндаг ссардта аивадуарзджыты зæрдæтæм. Ирыстоны зындгонд хъæбулæн аргъ кæнгæйæ, Грисы ном хæссынц Октябырыхъæуы культурæйы галуан æмæ библиотекæ. Йæ номыл мемориалон фæйнæг фæзынд Дзæуджыхъæуы, кæм цард, уыцы хæдзарыл.
Мемориалон фæйнæджы автор у скульптор Дзбойты Михал. Йæхæдæг хæсты архайæг, хæсты быдыры уыд Уæлахизы бонмæ æмæ хорз зыдта хæстонты зындзинæдтæ, сæ хъизæмæрттæ, сæ тырнындзинад уæлахизмæ. Аивадон æвзагæй семæ зонгæ кодта чиныгкæсджыты.
Плиты Грисы номыл хицауадон стипенди фидаргонд æрцыд. Лæвæрд цæуы, ирон æвзаг æмæ литературæйы стыр æнтыстдзинæдтæ кæй къухы бафты, уыцы студенттæн. Дзæуджыхъæуы уынгтæй дæр иу хæссы адæмон поэты ном.
Касаты Батрадз, поэт: «Плиты Грис ирон адæмæн бакодта стыр лæггад. Йæ уацмыстæ дзыхæй-дзыхмæ куы цæуой, æрвылбон сæ скъолаты куы ахуыр кæной, уæд уый уыдзæн адæмон поэты нысан. Грисæн адæмон поэты ном куы нæ радтой, уæддæр сси адæмон, уымæн æмæ йæ зыдтой йæ уацмыстæм гæсгæ».
Гæбæраты Юрий, Хуссар Ирыстоны газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редактор: «Грис драматург куы нæ уыдаид, поэт куы нæ уыдаид, уæддæр Шекспиры уацмыстæ иронау кæй сдзурын кодта, æмæ махмæ афтæ кæсы, цыма Шекспиры уацмыстæ иронау кæй сдзурын кодта, æмæ махмæ афтæ кæсы, цыма Шекспир Ирыстоны схъомыл, уый дæр фаг у. Грисы мах стыр лæгыл нымайæм. Йæ поэзийы тыххæй та мæ зæгъын фæнды, афтид «Авд цухъхъайы» куы ныффыстаид, уæддæр махæн стыр лæг уыдаид».
I.
Абон та нæ ныхас уыдзæнис балладæ «Авд цухъхъа»-йыл. Балладæ «Авд цухъхъайы» у ирон поэзийы хæзнатæй. Поэт ссардта ахъаззаг формæ Фыдыбæстæйы сæраппонд сæ цард цы авд æфсымæры радтой, уыдоны сгуыхтытæ равдисынæн.
Фарст: Цы у балладæ?
Балладæ – сюжет кæм ис, ахæм лирикон уацмыс. Æвдисы таурæгъон кæнæ историон цаутæ, кады сгуыхтытæ, йæ хъайтартæн вæййы æнахуыр диссаджы хъысмæттæ.
Хъайтарон зарæджы традицитæй пайда кæны фыссæг. Адæмон зарæджы арæх вæййы афтæ: цæф кæнæ мард бæгъатыр фæдзуры йæ мадимæ – уый у ахъаззаг поэтикон фæрæз, уымæй фылдæр кæны зарæджы эмоцион тых.
Грисы балладæйы архайд фæвазыгджындæр ис: мад удæгасау ныхас кæны йæ мард фырттимæ:
«Æмæ ныр цыма йæ йурыЙе'гас авд фырты уыны,
Уыйау цухъхъатимæ дзуры,
Сабыр бустæ сын кæны». (фарс 349)
«Уæ, мæ рогбазыр цæргæстæ,
Æз уæ ныййарæг куы дæн –
Иунæг уæ йæ хабар хæстæй
Уæд куыд нæ зæгъы мæнæн?..
Кæд къуырийæн дæр йæ бонтæ
Мах фыдæнæн фесты авд?
Авд хъæбулы мын хæстонтæй
Бонгай хæст куы фæци давд!..». (фарс 350)
Сфæлдыстадон хъомыс дзаумæтты скæны удджын, цухъхъатæ свæййынц сæ хицæутты цардæгас фæлгонцтæ, райсынц символон ахаст.
Цухъхъатæ æргом кæнынц лæппуты сгуыхтытæ, сæ рæсугъд хъуыдытæ. Лæппутæй алкæйы сæфты хабар дæр фæвæййы рефренæй:
«Мад йæ уарзтæй цухъхъа дауыÆмæ хусцæстæй лæууы…
Айнæг сау фæрчытæй хауыАрв цыхцырджытæй кæуы». (фарс 351)
Цы хонæм рефрен?
Рефрен – Францусаг дзырд, амоны базард (припев) – ахсджиагдæр хъуыды цы рæнхъы кæнæ куплеты вæййы, уый цæуы фæлхатгонд.
Ам та, поэмæйы, мад æнæ цæстысыгæй рæвдауы йæ сæфт хъæбулты, дауы сын йæ уарзтæй сæ цухъхъатæ. Фыр рыстæй ныддур ис йæ зæрдæ æмæ йæ тæригъæдмæ:
«Айнæг сау фæрчытæй хауы,
Арв цырцырджытæй кæуы».
Фæлæ иу дæр дзы йæ цард лæвар нæ радта, æмæ сæ сæ мад дæр азымы нæ дары:
«Ме 'взаг уайдзæфмæ нæ тасы, -
Æз куы нæма дæн ныгæд,
Ау, уæ зæронд мады разæй
Ингæнмæ куыд бырстат уæд? –
Фæлæ мады зæрдæ бары, -
Цоты раз æдых у мад…
Мады фæллой уын хæлар уæд,
Рухс дзæнæт та уын – бынат…»
Ацы ныхæстæй поэт æвдисы, мады хъæбатырдзинад къаддæр кæй нæу, уый.
Ахуыргæнæг. Сылгоймаг æмæ хæст. Куыд ныхмæвæрд сты ацы дыууæ дзырды: иу дзы зæрдæйы 'нцой, иннæ – зæрдæйы 'нкъуыст.
Грис йæ балладæйы сарæзта мады диссаджы символикон фæлгонц, уыцы фæлгонцæй равдыста æппæт хæстæфхæрд мадæлты рыст.
Уый у фæлмæнзæрдæ, рæвдауаг, фæлæ фидар æмæ хъæбатыр адæймаг. Зæрдæагайгæ ныхæстæй аразы поэт ацы фæлгонц.
Уым цæринаг авд хъæбулæй
Баззад афтидæй сæ мад».
Зæрдæ ныккæрзы афтид ингæнты æмæ æнæуд цухъхъаты коймæ. Фидар фæрстæ хъæуы ахæм æбуалгъ хабар бауромынæн царддæттæг сылгоймагæн.
Балладæйы арф бæрæггонд цæуы нæ патриотизм. Авд ирон лæппуйы, авд æфсымæры фесæфтысты нæ паддзахады алы кæрæтты.
Мæхæмæт
«Севастополы къуыпрагъылРацыд танчыты зæй махыл;
Загътон: ме 'знæгтæй мæ мастАцы тохы хъуамæ райсон!
Фарсыл авд гранаты 'рбастонÆмæ карз фыдгултæн растФатау смидæг дæн сæ гуылфы,
Фехæлдтæн æмæ сæ хуылфы
Сау рыг фестадтæн æваст».
Дзæрæхмæт
Дыккаг – Мæскуыйы раз (фарс 352)
«Хæст Мæскуыйы цур куы ссыгъди, -
Тас Фыдыбæстæн æрцыд,
Уым лæджы мæлæт куы хъуыд:
Бабырстон фыдгултæм тыгъды,
Фехстон развæлгъау гранат
Æмæ суагътон автомат…»
Хадзысмел
Æртыккаг – æнæбæрæг ран (фарс 353)
«Хæсты фондз сырды ныццагътон,
Стæй мæ хъуыры туг фæбадт…»
Уацмысы сæйраг идейæ дæр ирдæй зыны æртыккаг хъæбулы, Хадзысмелы, ныхæстæ:
«Лæг йæ зонд æмæ йæ къухтæй
Цард рæсугъд кæнынæн у,
Цардæн тас куы уа, рæсугъдæй
Хъуамæ радта уæд йæ уд…»
МахарЦыппæрæм – немыцаг инæлар Клейсты æфсад Кавказмæ куы бырста, уæд гъе уым:
(фарс 354)
«Клейсты 'фсад бырста Кавказмæ,
Æз Хъобаны был йæ размæ
Ме 'фсæддонтимæ лæууын…»
Фаззæттæ – Шамил æмæ Созыр – басыгъдысты танчы. (фарс 356)
«… знаджыБомбæ сæмбæлд, æмæ танчыИумæ басыгъдыстæм мах…»
Хасан
Кæстæр фырт – Берлины раз.(фарс 357)
«Хæст Берлины цыд кæронмæ,
Сыгъд цъæх пиллонæй рейхстаг,
Акалдта йæ гæрзтæ знаг,
Уæд америкæгты бомбæ
Не 'хсæн фехæлди…»
Кæстæр лæппу се 'ппæты номæй дзуры:
«Æмæ кадимæ нæ фæстæ
Зарæг анæрдзæни дард, -
Мах хæларæй радтам бæстæн
Авд æфсымæрæй нæ цард!»
Уацмысы фæстаг аккордтæ мад æмæ цоты трагедийыл бафтауынц æндæр авд трагедийы! (фарс 358 - кæрон)
«Æмæ зæронд мадмæ къулæй
Джихæй цухъхъатæ кæсынц…
Авд хæдзары та лæууынц
Авд ирон чызджы сæркъулæй…»
Амонды аккаг чи уыд æмæ йæ амонд хæсты азарæй кæмæн басыгъд, уыцы чызджыты хъысмæт у уæззау трагеди канд сæхицæн нæ, фæлæ æнæхъæн Ирыстонæн дæр. Уыдон баззадысты куырдуаты, нæ систы царддæттæг æмæ нæ базыдтой хъæбулы ад.
Уымæй уæлдай, сæркъулæй кæй лæууынц, уым ис ирон æгъдау, чызгон æфсарм.
Афтæмæй Грисы поэмæ чиныгкæсæджы æфтауы бирæ хъуыдытыл…
Æнæмæнг зæгъын хъæуы Дзæуджыхъæуæй Алагирмæ фæндаджы был цы егъау цыртдзæвæн ис Гæздæнты зынгхуыст авд æфсымæрæн, уый тыххæй. Скульптор спайда кодта Расул Гамзатовы æмдзæвгæ «Журавли»-йы /«Хърихъуппытæ»/ сæйраг идейæйæ цыртдзæвæн аразгæйæ.
II.Нæ фыдæлты æмбисæндтæ дæр æнæ равзаргæ нæй. Цавæр æмбисæндтæ зонут сымах?
Хæстон лæг адзалæй нæ тæрсы.
Лæгдзинад дзыхы ныхæстæй нæу.
Хæсты боны сгуыхтæн йæ кад мыггагмæ цæры.
/Спайда уын уыдзысты сочинени фысгæйæ./
Бирæ хъизæмæрттæ федта мад хæсты рæстæг. Уымæй зындæр никæмæн у зæххыл мæрдтæ æмæ тугтæ уынын, уæлдайдæр та цоты мæлæт, уымæн æмæ царддæттаг у. Рагæй-æрæгмæ мадæлты фæндон у,– Макуыуал уæд хæст!
Фæрстытæ:
Цæмæн схуыдта поэт йæ уацмыс «Авд цухъхъайы»?
Цавæр аивадон мадзæлттæй спайда кодта поэт?
(Эпитеттæй- сау рыг,уынгæг бон,фыдбоны балц)
(олицетворенитæй-бонгай хæст куы фæци давд, джихæй цухъхъатæ кæсынц)
Цы фендзæн барæг, Куырттаты комы дуарыл йæ бæхæй куы рахиза, уæд?
Цы уавæры ис мад? (Балладæйæ пайда кæнын) –
«Уым цæринаг авд хъæбулæй
Баззад афтидæй сæ мад…»
Раиртасут балладæйы сæйраг идейæ - Хадзысмелы ныхæстæ:
«Лæг йæ зонд æмæ йæ къухтæй
Цард рæсугъд кæнынæн у,
Цардæн тас куы уа, рæсугъдæй
Хъуамæ радта уæд йæ уд…»
Раиртасут Махарбеджы ныхæсты мидис:
«Хæсты хорзæх æмæ кадæй
Æз æнæнымад куы дæн…»
Раиртасут Хасаны ныхæстæм гæсгæ, зарæг цæй тыххæй анæрдзæн, уый.
«Мах хæларæй радтам бæстæн
Авд æфсымæрæй нæ цард!»
(Ома æвдыст цæуы патриотизм)
Цы цæстæнгасæй кæсы Грис хæстмæ?
(Хоны йæ «сырд», «фыдгул», уымæн æмæ алы адæймаг дæр райгуыры цард аразынæн:
«Лæг йæ зонд æмæ йæ къухтæй
Цард рæсугъд кæнынæн у»
Мады хъысмæт равдыста Галуанты Людæ йе 'мдзæвгæйы «Гæздæнты авд зынгхуысты мадæн»
(кæсы æмдзæвгæ скъоладзау)
Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.
Хæдзармæ куыст.
Ныффыссын сочинени Ирыстоны хъæбатыртыл.