Урочы тем?: ОЛИМПАГ СИМВОЛИК? 2014 Грамматикон тем?: НОМДАР (Ф?лхат к?нынны урок)



ГОМ УРОЧЫ ПЪЛАН






Урочы темж:
ОЛИМПАГ СИМВОЛИКЖ 2014
Грамматикон темж:
НОМДАР (Фжлхат кжныны урок)







Агкацаты Тотразы чызг Людмилж
Республикон Аивждты лицейы
ирон жвзаг жмж литературжйы ахуыргжнжг




Дзжуджыхъжу, 2014

ГОМ УРОК

Урочы темж: ОЛИМПАГ СИМВОЛИКЖ 2014
Грамматикон темж: НОМДАР (Фжлхат кжнынны урок)

Нысан: 1. Ныффидар к жнын рацыд жрмжг номдаржй.
2. Ныхасы ржзтыл куыст.
3. Олимпаг хъжзтытжм уарзондзинад гуырын кжнын.

Цжстуынгж жрмжг: интерактивон фжйнжг, презентации, текст, ахуыргжнжн чингуытж, ноутбук, планшет.

Урочы цыд:
Организацион хай:

- Уж бон хорз , сывжллжттж!
- Жгас цу!
- Нж уазджытж, сымах джр нжм алы бон жгас цжут! Сывжллжттж, сымах джр салам раттут (сж сжртжй жркуывтой).
- Сбадут.

Ахуыргжнжджы раныхас:

- Сывжллжттж, цалджр боны размж нж республикжйы хицауадмж жрбарвыстой электрон фыстжг. Жмж йж сымахжн джр бакжсон.

(2-аг слайд - Комитеты номжй уын, Иры аджм, бузныг зжгъжм. Алцыджр аржзт жрцыд стыр жмвжзадыл. Ирыстон у чемпионты бжстж жмж та й… ногжй н…хи цжст…й федтам, куыд …нувыд стут Спорты бжр…гбоныл...)

- Сывжллжттж, цымж нжм ацы фыстжг Ужржсейы олимпаг комитеты сжрдар Александр Жуков цжмжн жрбарвыста, фжнды уж йж базонын?
- О.
- Ацы фыстжгимж ма уыди ныв джр. Уыцы нывмж гжсгж сымах базондзыстут, нж республикжмж фыстжг жрвыст цжмжн жрцыди, уый.
Фжлж уал ныффыссжм абоны нымжц жмж нж урочы темж (скъоладзаутж фыссынц тетрждты нымжц жмж темж).
- Жрбакжсут ма нывмж. Цы уынут нывы?
- Олимпаг эмблемж, тырыса жмж олимпаг арт.
(3, 4-жм слайдтж – олимпаг тжлытж (цжгтж), олимпаг арт)
- Зжгъут ма, цы нысан кжнынц ацы фондз тжлыйы?
- Ацы фондз тжлыйы сты олимпаг хъжзтыты тырыса жмж нысан кжнынц Зжххы цъары 5 континенты.
- Хуызтжм гжсгж та сж зонут?
- О.
(хъазты хуызы рацжуынц сывжллжттж, исынц карточкж тжлыйы нывимж, цы хуыз схауа, уымж гжсгж дзуапп джттынц цавжр кантинент нысан кжны жмж йж фжйнжгыл магниттжй фжнысан кжнынц)

(5, 6-жм слайдтж – континенттж)

Жрвхуыз – Европж нысан кжны
Бур – Ази
Сау – Африкж
Цъжх – Австрали жмж Океания
Сырх – Америкж

- Ацы дзырдтж иууылджр цы сты?
- Континентты нжмттж, ома сты сжрмагонд нжмттж.
- Уждж жвзагзонынады та куыд хуыйнынц ацы дзырдтж?
- Номдартж.
- Тынг раст! Уждж чи зжгъдзжн, абон нж урочы цжуыл дзурдзыстжм?
- Номдартыл.

(7-жм слайд – урочы темж)

- Раст. Абоны урок хуымжтжджы урок нжу, ныффидар кжндзыстжм номдары тыххжй цы базыдтам, уый. Бакусдзыстжм ныхасы ржзтыл жмж куыд бамбжрстат, афтжмжй нж урок баст у Олимпаг символтимж.

Франталон жрфарст:

- Цы хонжм номдар?
- Предмет цы ныхасы хай нысан кжны, уый хуыйны номдар.
- Куыд ивынц номдартж?
- Номдартж ивынц нымжцтжм гжсгж. Нымжцтж сты дыууж: иууон жмж биржон.
Жмж ивынц хаужнтжм гжсгж.
- Ирон жвзаджы цал хаужны ис?
- Ирон жвзаджы ис аст хаужны:
Номон – чи? цы?
Гуырынон – кжй? цжй? кжм? цжм?
Джттынон – кжмжн? цжмжн?
Аржзтон – кжмж? цжмж?
Иртжстон – кжмжй? цжмжй? кжцжй?
Жддагбынатон – кжуыл? цжуыл?
Цждисон – кжимж? цжимж?
Хуызжнон – кжйау? цжйау? куыд?

- Номдартж аржзт куыд жрцжуынц?
- Номдартж аржзт цжуынц жнжаразгж жмж аразгж бындуртжй иу цалджр амалжй: разжфтуанты руаджы (мж-), фжсжфтуанты руаджы (-ад, -дзинад, -дон, -ой), бындурмж уыцы иу ржстжгразжфтуан жмж фжсжфтуан бафтауыны руаджы, бындуртж кжрждзийыл бжттыны руаджы, жнджр ныхасы хжйттж номдартжм куы рахизынц, ужд уый руаджы джр.

- Олимпаг тырысаиы нывимж ма уыди арты ныв джр.

(8-жм слайд – олимпаг арты ныв).

- Цымж цы нысан кжны арт та? Цжмжй йж базонжм, уый тыххжй бакусдзыстжм текстыл. Уж хорзжхжй, бакжсжм уал жй.

Текст: Олимпаг арт.

Олимпаг арт у Олимпаг хъжзтыты символтжй иу. Судзы, хъжзтытж цы горжты цжуынц, уым, сж райдианжй сж фжстаг боны онг. Рагон грекъжгты Арт ссудзыны жгъдау раудгас кодтой 1928 азы Амстердамы олимпаг хъжзтыты. Фжлж жрмжстджр 1936 азы Берлины цы Олимпаг хъжзтытж уыд, уым фыццаг хатт аржзт жрцыди эстафетж, кжцыйы Олимпа гарт лжвжрдтой къухжй къухмж номдзыд спортсментж сж кжрждзимж.
Афтж, 1980 азы Олимпа гарт фыццаг хатт ссыгъди Советон паддзахады. Ужджй абонмж рацыди 33 азы, цалынмж та Ужржсейы зжххыл аджм ног жй цин кжной Олимпаг хъжзтыты бжржгбоныл.
Олмпаг арты эстафетж аржзт жрцыди Ужржсейы алы къуымы джр. Уый жхсжн тъжнджы мжйы жртынжм боны Ирыстоны цжрджытж джр банкъардтой «Аджмы иудзинвды тых». Олимпа гарт та къухжй къухмж лжвжрдтой ахжм номдзыд спортсментж, куыд Гужцжлты Хадзымурат, Бжройты Хасан, Мжхъиты Иринж, Бжцжзаты Руслан жмж жнджртж.
Ныр фондз боны джргъы Арт судзы Сочийы, Олимпаг хъжзтыт сжйраг сахары.

Хжслжвжрдтж текстмж:
- Ссарут иууон жмж биржон нымжцы жвжрд номдартж.
- Хаужнтжм гжсгж жвжрд номдартж.
- Сжрмагонд жмж иумжйаг номдартж.
- Равзарут дзырд пъланмж гжсгж: 1-аг къ. – къухжй, 2-аг къ. – грекъжгты
а) цавжр ныхасы хай у?
ж) дзырды райдайжн формж (номон х., иууон н.)?
б) сжрмагонд ном у жви иумжйаг?
в) кжцы нымжцы ис?
г) кжцы хаужны ис?
гъ) цавжр ужнг у?

Къухжй – номдар, къух, иумжйаг, иууон нымжц, Иртжстон хаужн, жххжстгжнжн.
Грекъжгты – номдар, грекъаг, иумжйаг, биржон нымжц, Гуырынон хаужн, жххжстгжнжн.

- Тынг хорз бакуыстат! Зжгъут мам мын, уж хорзжхжй, Сочийы Олимпиаджйы талисмантж та цы сты?
- Арс, тжрхъус, леопард.
(9-жм слайд – Олимпаг талисмантж)
- Уж разы дыууж гыццыл къоппы, сж миджг ис дзырдтж, кжцытжй хъуы саразын хъуыдыйждтж жмж сж равзарын хъуыдыйады ужнгтжм гжсгж. Фжлж команджтжй фыццаг къопп чи равзардзжн, уый та сбжржг уыдзжн, фарстайжн дзуапп разджр чи ратта, уымжй.

Фарст: Ужржсейы команджмж ныр жджппжтжй цал майданы ис?
(фарстжн дзуапп фыццаг цы командж ратта, уый фыццаг жвзары къопп)

Тжрхъус йе 'мбжлттимж уарзы ахуыр кжнын, къахдзоныгътыл бырын, зарын.
Арс ацы зымжг нж фынжй кжны, къахкъжлжттыл быры жмж керлингжй хъазы.
Леопард у хъжбатыр-ирвжзынгжнаг, уарзы сноуборд жмж кафын.

(10, 11- жм слайдтж – хъуыдыйждтж)

- Тынг хорз бакуыстат.
- Ныр та спайда кжндзыстжм дистанцион ахуырады технологийж – алкжмжн джр уж уарзон интернетжй.

Куыд зонжм, афтжмжй Ирыстоны ис бирж номдзыд Олимпаг чемпионтж. Сымах дзы цымж кжй зонут?
-Фыццаг къорд интернеты агуры информаци Олимпаг чемпион Гужцжлты Хадзымураты тыххжй, дыккаг къорд та Олимпаг чкмпион Хуыгаты Аланы тыххжй. (ссарын информации, ирон жвзагмж йж ратжлмац кжнын жмж йж хи ныхжстжй радзурын).

(12, 13-жм слайдтж)

- Ацы урок хуымжтжджы урок нжу, уазжгуаты нжм жрбацыди фжсивжд джнцжг кжмжй исынц, жртынжм январы нж Республикжйы Олимпаг Арт номдзыд спортсменты жмржнхъ чи хаста, Дунейы вице-чемпион джиу-джитсуйж – Бжцжзаты Руслан.

(14, 15, 16, 17-жм слайдтж)

(Русланы раныхас)

Хждзармж куыст:
Уж уарзонджр спортты хуызтжй иуыл цыбыр сочинени.










15