Миногмиты аразт ама растфысынад фалхат канын.Ног азы барагбон алы бастаты.Япон
ГОМ
УРОЧЫ ПЪЛАН
Ахуыргæнæг. Плиты Э. В.
2013-2014г
Темæ: Миногмиты арæзт æмæ растфыссынад фæлхат кæнын. Ног азы бæрæгбон алы бæстæты Япон.
Урочы нысан: Афæлхат кæнын скъоладзаутимæ миногмиты арæзт æмæ сæ растфыссынад. Базонгæ кæнын скъоладзауты æндæр бæстæты Ног аз куыд фæбæрæг кæнынц, уый.
Урочы æрмæг: Компьютер, чиныг, Ног азы костюмтæ.
Урочы цыд: Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. 3 миногмитимæ æрхъуыды кæнын хъуыдыйæдтæ.Интерективон фæйнæгыл слайдтæ: Ног аз! : Митын Дада, Митын чызг, Ногбоны хъæзтытæ.Ахуыргæнæг скъоладзауты æргом аздæхта фæйнæгмæ:
Фарст: Бакæсут ма фæйнæгыл абоны темæ, эпиграф æмæ ма зæгъут, куыд уæм кæсы, абон нæ урочы цавæр æрмæгыл бакусдзыстæм?Цавæр темæ афæлхат кæндзыстæм?
Скъоладзаутæ зæгъынц урочы темæ: "Дзурдзыстæм Ног азы тыххæй. Афæлхат кæндзыстæм миногми.
Ахуыргæнæг: Абон мах нæ урочы бæлвырддæр æрныхас кæндзыстæм куыд арвитынц Ног аз Ирыстоны зæххыл æмæ дард Японы.
-Абон æрбахуыдтам Японæй уазæг æмæ нын уый бæлаврддæр радзурдзæн, куыд фембæлынц æмæ арвитынц Ног аз йæ бæстæйы, цавæр традицитæм гæсгæ. Дабуафси.Гæбæраты Артём япойнаг дарæсы зонгæ кæны Японы адæм куыд арвитынц Ног азы бæрæгбон, уый. Пайда кæны компьютерæй. Интерактивон фæйнæгыл æвдисы слайдтæ.
Фарст: Ног азы Японы сæйрагдæр цы у? (вакамизу-дон)Ныр та ма байхъусæм æмæ бакæсæм, куыд æрвитынц Ног аз Ирыстоны зæххыл. Æрбацыд нæм нæ иубæстон уазæг æмæ йæм байхъусæм.
Скъоладзау (Бырнæцты Кристинæ) ирон дарæсы дзуры Ног азы (Ногбоны) тыххæй, æвдисы йæ радзырдмæ гæсгæ слайдтæ интерактивон фæйнæгыл.Йæ дзырды кæрон хъуысы зарæг: "Æртхурон".(Зарæггæнæг Сечъынаты Альбинæ).
Хæдзары æфсин рахаста Ногбоны гуыдын Æртхурон.Ахуыргæнæг скъоладзаутæн алкæмæн дæр йæ хай радта æмæ уыдон уыдон дзурынц кæмæ цы æвæрд ис йæ æртхуроны хайы: кæмæн æхца - хъæздыгдзинад , нæмыг- бæркад, къафетт - адджын цард...
Тексты бакусæм миногмитимæ:
Ахуыргæнæг:
Рафæдахут уæ тетрадтæ æмæ фыссæм абон нымæц. (фыссæм)- Рафæлдахут нæ чиныджы абон темæ: "Миногмиты арæзт æмæ растфыссынад фæлхат кæнын".Æркæсут 1-аг фæлтæрæнмæ æмæ дзы ссарут 1, 2, 3 хъуыдыйæдты миногмитæ, зæгъут сын сæ афон.1. цæттæгонд - ивгъуыд афон2. арфæгæнæг - нырыккон афон3. æрцæуинаг - суинаг афон.
Ахуыргæнæг: Ныр та нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм миногмиты арæзт.- Равзарæм фæйнæгыл миногмитæ.
цæттæгонд - цæттæ (уидаг), гон (уидаг), д (фæсæфтуан), цæттæгонд (бындур).арфæгæнæг - арфæ (уидаг), гæн (уидаг), æг (фæсæфтуан), арфæгæнæг (бындур).æрцæуинаг - æр (разæфтуан), цæу (уидаг), инаг (фæсæфтуан), æрцæуинаг (бындур).
Къордгай куыст: Дзырдбыд:
Хæслæвæрд: Æмбарынгæнæнтæм гæсгæ саразут нырыккон, ивгъуыд æмæ суинаг афоны миногмитæ. Бафыссут сæ дзырдбыды хъæугæ чырæгты. Цы дзырд уæм рауад, уый равзарут йæ арæзтмæ гæсгæ.
6 С А 1 Ф И Н А Г
Ы
3 К Ц 2 Б 4 А
Ц Æ 5 Р И Н А Г
С У Н
И В А
Н И Г
А Н
Г А
Г
Р У
И Р
Н И
А Н
Г А
Г
донхæссæг - нырыккон афонныхасгонд - ивгъуыд афонцæринаг - суинаг афон.
- Хæслæвæрд: Саразут хъуыдыйад миминогми цæринаг -имæ æмæ йæ равзарут.Хъуыдыйад: Алы Ног аз дæр цæринаг хъæбулæй рæсугъд уæд!1. цæринаг - миногми,2. цæрын -æй,3. ивгъуыд афон,4. хъуыдыйады у бæрæггæнæн.
Компьютеримæ куыст:
Хæслæвæрд: Бавæр хъæугæ дамгъæ миногмиты.рух...тауæг - рухстауæг,цæттæ...онд- цæттæгонд,арфæ...æнæг - арфæгæнæг,ныхасгон... - ныхасгонд, хæл... - хæлд. - лексикон куыст.
Миногмиты растфыссынадК: таблицæ.Хæслæвæрд: Бакæсут дыууæ цæджындзы дзырдтæ. Цавæр рæдыдтытæ бафиппайдтат?
Рафыссут миногмитæ æнæ радыдтытæй, фæнысан кæнут разæфуантæ æмæ фæсæфтуантæ.1. лæваргæнæг 1. лæвар бакæнæг2. хуымгæнæг 2. хуым бакæнæг
3. ифтонггæнæг 3. ифтонг скæнæг4. кæлæнгонд 4. кæлæнтæ скæнæг5. аргъгæнæг 5. аргъ скæнæг6. найгæнæг 6. най бакæнæг.Хæслæвæрд: Куыд арæзт цæуынц ацы миногмитæ?
Раиртæст: Вазыгджын мивдисджытæй арæзт миногмитæ фыссын хъæуы æмхæстæй, кæд æххуысгæнæг мивдисæг æнæ разæфтуанæй уа, уæд; кæд разæфтуанимæ уа уæд та - хицæнæй.
Ахуыргæнæг: Абоны урочы цæуыл уыдис нæ куыст:
Ног аз алы бæстæты. Бæлвырдæй Ирыстоны æмæ Японы.
2) Миногмиты арæзт æмæ растфыссынадыл.
Тынг хорз бакуыстат иууылдæр, уæлдайдæр та (ранымадта цалдæр скъоладзауы).Бузныг уе' ппæтæн дæр.
Рефлексия (кæронбæттæн)
- Абон урочы фыццаг хатт фехъуыстон:Японы куыд бæрæг кæнынц Ног аз.
- Урочы æз базыдтон: миногмиты аразт æмæ растфыссынад. Японы куыд бæрæг кæнынц Ног аз.
- Мæ зæрдæмæ фæцыдысты ахæм куысты хуызтæ: компьютерыл куыст, дзырдбыдимæ кусын.
- Æнцонæй баххæст кодтон ахæм куыстытæ: дзырдбыд, миногмитæ ивын.
- Зындæр мæм фæкаст ахæм куысты хуыз: дзырдбыдимæ куыст, дзырд дих кæнын хæйттæм гæсгæ.
- Æз базыдтон, цы у сакурæ.
Тагъд Ног аз æрхæццæ уыдзæн. Нæ абоны урокæй уæхицæн цы райстат, бæрæгбоны уæ чи бахъæудзæн ахæмæй?
- Скъоладзауты дзуаппытæ: - - -
- Цы ма зонут япойнæгты царды тыххæй?- Скъоладзаутæ дзуапп дæттынц:
Урочы анализ: Оценкæтæ.
Хæдзармæ куыст:Рацыд æрмæг фæлхатын.