Ирон ?взаджы урок. Урочы тем?: «?мбалы хорз?х у? алк?й д?р у?д.


УРОК 1 6 кълас.
Ирон æвзаджы урок.
Урочы темæ: «Æмбалы хорзæх уæ алкæй дæр уæд".
Грамматикон  темæ: «Мивдисæг».
Урочы нысан: Скъоладзауты зæрдыл æрлæууын кæнын мивдисæг.
Хъомыладон хæстæ:
1.Ахуыр кæнын скъоладзауты царды æцæг æмбал æвзарын.
2. Æмбалдзинадæн аргъ кæнын.
3.Царды дæхæдæг куыд бæззай  æмбалæн.
Урочы æрмæг:Зарæг «Æмбалы зæрдæ».Текст»Гæды бæлас», презентаци, æмбисæндтæ.
Урочы цыд.(Мотивацион уавæр)
Уæ бон хорз.
Абон ардæм куы цыдтæн ,уæд мæ фæндаг ракодтон  Морфологийы Бæстæйыл æмæ уырдыгæй мемæ рацыд иу цæрæг.Йæхи нæм нæма æвдисы.Йæ ном та мын фæстæдæр зæгъдзыстут сымах.
  Абон ма æрдзурдзыстæм æнкъарæнты хæзнатæй иуыл.Уый ном дæр мын фæстæдæр зæгъдзыстут уæхæдæг.
  Фæйнæгыл фæзыны эпиграф:
«Æмбæлтты фарнæй хох дæр ныннæры,
Æмбæлтты фарсмæ амонд цæры»
Чеджемты Æхсар.
Фæзыны 2-аг слайд.
Байхъусæм ма йын йæ зарæгмæ дæр.
Хъуысы «Æмбалы зарæг»-мæ
-Цæуыл дзы цæуы ныхас ацы зарæджы ?
-Бамбæрстатæй ,цавæр хæзнайы кой кæнын,уый?
Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ.(æмбал, æрдхорды  тыххæй)
Кæцæй фæзындысты ацы дзырдтæ?
3-аг слайд.
Дзырд æмбал  арæзт у 2 хайæ:æм+бал.Амоны  иумæ.Дзырды дыккаг хай «бал» абон дæр ма ис не *взаджы амоны къорд..Зæгъæм ,бал-бирæгътæ.
(ныффыссæм  ма йæ нæ тетрæдты)
Дзырд  æрдхорд баст у бæлвырд архайдимæ:дыууæ адæймаджы  кæрæдзийæ æфсымæртæ куы загътой.Уæд-иу бахордтой сыджыт кæнæ-иу сæ хæцæнгæрзтæ аивтой…..дзуары бын дзырд лæвæрдтой
Зæгъæм араппæгтæ-иу цæхх хордтой.
Дарддæр скъоладзаутæ дзурынц цавæр адæммæ ма цавæр æгъдау ис,уый.
Текстимæ куыст:
Иуахæмы дын бæстæ куы бахус уаид.Фесæфтысты мигътæ,бахус сты цæугæдæттæ æмæ суадæттæ. Сырдтæ,иннæ цæрæгойтæ æмæ бæлæстæ æнæ донæй хъизæмар кодтой. Æрмæст ма иу суадон тæнæгæй сыр-сыргæнгæ хаста йæ уылæнтæ кæдæмдæр. Йа разы æртымбыл сты бæлæстæ.
Тар хъæды хистæр  Тулдз рахаста уынаффæ:»Дон æмхуызон дих кæнæм не’ппæты æхсæн». Иуылдæр ууыл сразы сты. Равзæарстой сæхицæй иу бæлас,æмæ уый дон барстæй лæвæрдта иннæтæн.Афтæ цардысты,хуыздæр замантæм æнхъæлмæ  кæсгæйæ.
Фæлæ уарæгæй цы бæлас сæвæрдтой,уый йæхи нал баурæдта , амбæхста-иу сусæгæй дон, йе' мбæлттæн иу къаддæр лæвæрдта.
Уæдмæ хæхты цъуппытæй мигътæ æрбахъуызыдысты.Фемæхст тæрккъæвда.Айдзаг сты донæй хус дзыхъхъытæ,райхъуыст хъæлдзæгæй суадæтты уынæр.
Бæлæстæ бамбарстой се'мбалы хиндзинад ,фæлæ сын нæ басасти.æмæ йæ уæд схуыдтой «Гæды бæлас».
Ныртæккæ дæр ма акæсут –сæхимæ йæ æввахс на уадзынц . Хъæды астæу иу гæды бæлас  дæр не ссардзынæ.
Хæс:Текстæн æрхъуыды кæнын сæргонд.
Зæгъут ын йæ сæйраг хъуыды.
Уæ зæрдæмæ фæцыд æви нæ?Цæмæ? Цæуыннæ?
Ссарын тексты архайдæвдисæг дзырдтæ.Цавæр ныхасы хæйттæ сты?
Уæдæ Морфологийы бæстæйæ мемæ цавæр цæрæг рацыд?
4-æм слайд.
Цы у мивдисæг?(ранымайын :нымæц.здæхæнтæ,цæсгæмттæ……)
Къордтимæ куыст:
1-аг къорд.Равдисын мивдисджыты руаджы æмбалдзинад,æнувыддзинад. 5-æм слайд
2-аг къорд.Равдисын мивдисджыты фæрцы гадзрахатдзинад,хиндзинад..Зæгъæм сайын.уæй кæнын. 6-æм слайд.
Дзырдуатон куыст бакæнын.
Æрхъуыды кодтой. Бакастысты ,ныффыстой.
1-аг къорд бахахх кæнын  хуымæтæг  æмæ вазыгджын мивдисджытæ.
2-аг къорд аифтындзæг кæнын 2 мивдисæджы.
1-аг къорд - суинаг афоны зæгъын мивдисджытæ.2-аг къорд та ивгъуыд афоны.
Бафæлладыстæм…..Аулæфæм.
7-æм слайд æмбисæндтæ фæйнæгыл æмæ ма сæ æрæмбырд кæнæм.
( скъоладзауæ кусынц 7-æм слайдимæ , 8-æм слайдыл фыст ис текст æнæ мивдисджытæй.Бакæсут ма йæ.Бамбæрстат æй?
Мивдисæджы ахадындзинад.
Зæгъæм ,æрмæст мивдисджыты руаджы равдисын ,де мбалмæ цы зæрдæ дарыс ,уый(скъоладзаутæ фыссынц: æнхъæлмæ кæсын,мысын,уарзын,аргъ кæнын.бæллын…..)
Уæдæ нæ уарды мивдисæгæн цавæр бынат ис?
Хъæуынц нæ?Цæмæн?
Урочы райдайæны цы мивдисджытæ загътон,уыдонимæ æрхъуыды кæнын 2 хъуыдыйады..
Слайдтимæ куыст..Рефлекси.Урочы æз архайдтон……..(активон. пассивон)
Мæ куыстæй урочы æз дæн…            (.разы..нæ дæн )Урок мæм фæкаст…..                        (цыбыр….даргъ)
Урочы  æз….                                        (базыдтон.бамбæрстон)
Мæ зæрдæйы уаг….                          
Урочы   æрмæг…
Синквейн æрхъуыды кæнын.
Бæрæггæнæнтæ кæрæдзийæн æвæрæм.
Хæдзармæ куыст.Мивдисджытимæ æрхъуыды кæнын хъуыдыйæдтæ æмæ сæ равзарын хъуыдыйады уæнгтæм   гæсгæ.