Зыд ?м? к?р?фдзинад Хет?гкаты Къостайы басня «Марходар?г»-ы


МБОУ «Средняя общеобразовательная школа №1 с. Ногир»
Ирон литературæйы урочы пълан 6-æм къласæн
Урочы темæ : Зыд æмæ кæрæфдзинад Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарæг»-ы
Урок бацаттæ кодта : ирон æвзаг
æмæ литературæйы ахуыргæнæг
Хъороты Иринæ
с. НогирИрон литературæйы урочы пълан 6 къласыУрок бацæттæ кодта Хъороты Иринæ
Темæ: Зыд æмæ кæрæфдзинад Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарæг»-ыНысан:АбарынХетæгкаты Къ. басня «Марходарæг» æмæ И.А.Крыловы басня «Лисица и виноград».
Универсалон ахуырадон архайдтытæ Ахуырадон:
Текстимæ куыст: темæ æмæ сæйраг хъуыды æргом кæнын тексты мидæг. Цалдæр текстимæ кусын.
Дыууæ уацмысы кæрæдзийыл абарст, анализ.
Коммуникативон:
Хи хъуыды дзурын æмæ йæ фæлварын фидар кæнын
Къордты куыстРегулятивон:
Хатдзæгтæ аразынАив кæсын текст
Æрмæг:Басняты чингуыты равдыст, презентаци, карточкæтæ таблицæимæ.
Эпиграф: «Рагон адæймаг йæхи æмбарынхъом куы фæци, уæд йæ алыварс акас æмæ æрсагьæс кодта дунейыл, стæй йæхиуыл. Йæ размæ æвзæрд дыууæ фарстайы: куыд арæзт дуне, стæй адæймаг йæхи хъуамæ куыд дара? Фьццаг фарстæн дзуапп лæвæрдта мифтæй, дыккагæн та - басняйæ»
Эзоп.
Урочыцыд:
Бацæттæгæнæн рæстæг.
Уазджытæн салам раттын.
Сывæллæттæ, нæ урок райдайын мæ фæнды дзырдбыдæй. Баххæст мА йæ кæнæм æмæ базонæм, нæ урочы абон цæуыл дзурдзыстæм, уый.
1 з ы м æ
2 а л о л л а
3 г и н о 4 ф ы д у а г
5 м а д 6 а м о н д
7 ф ы д 8 ф æ н д ы р9 к а д Фæрсырдæм:
1.Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ афæдзы афонтæй иуы тыххæй
2.Авдæны зарæджы ном
3.Къостайы æмдзæвгæ гæдыйы тыххæй
4.Коммæ чи нæ фæкæсы, уыцы лæппуйы ном
5.Æппæтæй зынаргьдæр адæймаг сывæллоны царды6.Къоста цæрæнбонты цæмæ бæллыд йæ адæмæн?
7.Къостайæ... Леуанæн стыр аргъ кодта8.Къоста йæ æмдзæвгæты æмбырдгонд цавæр музыкалон инструменты номæй схуыдта?
9.Ирон адæм Къостайæн кæндзысты ...
Цы дзырд уæм рауад сырх цæджындзы, уыйма бакæнут. Цавæр литературон жанры фембæлæм зондамындыл?
Эпиграфмæ рахизын æмæ йæ бамбарын кæнын
3- Цы у басня?
4- Басняты сæйраг архайджытæ чи вæййынц?
-Хæдзармæ уын лæвæрд уыди ахæм хæс: бацагурут æмæ бацæттæ кæнут æрмæг зындгонд уырыссаг æмæ фæсарæйнаг басня фысджыты тыххæй. Уæ хорзæхæй, базонгæ нæ кæнут цы зонындзинæдтæ райстат, уыдонимæ.1-аг ахуырдзау:Презентаци Эзопы тыххæй.Тотраты Аллæ.
Эзопы дирагонбердзенаг басня фыссæг, басняйы бындур æвæрæг. Цардиæхсæзæмæнусынæэрæйыагъоммае. Цагъайраг кæй уыди, уымæ гæсгæ йæ бон рæстдзинад æргом дзурын нæуыд; уый тæссаг уыд йæ цардæн. Фæсномыг ныхас кæй æрхъуыды кодта, уымæ гæсгæйæ ном баззад куыд «Эзопы æвзаг».
Эзопæн йæ æддаг бакаст фыдуынд уыд, фæлæ уыд курдиатджын æмæ цыргъзонд адæймаг, хорз арæхст ис баснятæ фыссынмæ. Йæ баснятæ фыст уыдысты прозæйæ, хуымæтæг æмæ æнцон æмбарæн æвзагæй, цыргъзонд.
Таурæгьмæ гæсгæ, Эзоп фæмард Дельфийы. Дельфийæгтæ тарстысты, сæ гæды, фæлывд митæ сын Эзоп куы рахъаер кæна æмæ адæмы цæсты куы фæхудинаг уой, уымæй. Цæмаей дзы фервæзой, уый тыххæй йын йæ хызыны сусæгæй нывæрдтой аргьуанæй ист сыгъзæрин къус. Схуыдтой йæ давæг, рахастой йын марыны тархон æмæ йæ къæдзæхæй раппæрстой. Æнаххос адæймаджы кæй амардтой, уый тыххæй сы æрцыд тынг бирæ фыдбылызтæ.
2-аг ахуырдзау: Презентаци Плиты Алинайы. ИванКрыловы тыххæй.
Уырыссаг басня фыссæг Иван Крыловы ном чи нæ фехъуыста, ахæм адæймагты зын ссарæн у. Крылов райгуырд æртындæсæм февралы мин авдсæдææхсай фарæстæм (1769) азы. Йæ фыд службæ кодта æфсады, фесгуыхт Пугачёвы растадырæстæг. Амард мæгуырæй капитаны цины. Йæ мад кæд æнахуыргонд уыд, уæддæр æрдзæй уыд тынг зондджын сылгоймаг æмæ йæ фæндыд, цæмæй йæ цот ахуыры фæндагыл ныллæууыдаиккой. Хæдзары ахуыр кодтой фыссыныл, арифметикæ æмæ хуыцаумæ кувыныл. Мин авдсæдæ æвдай цыппæрæм (1774) азы Крыловты бинонтæ æрцардысты Тверы. Иванæн ахуыр кæныны фада фæцис цыппар азы фæстæ. Бынæттон хъæздыг лæг тынг фæдискода лæппуйы тырнын дзинадыл ахуырмæ æмæ йын бар радта йæ сывæллæттимæ ахуыр кæнынæн. Йæхи æгъдауæй сахуыр кодта литературæ, математикæ, французаг æмæ италиаг æвзæгтæ.Мин астсæдæ фарæстæм(1809) азы фæзындис йæ басняты фыццаг чиныг. Йæ басняты хурмæ хаста адæймаджы аиппытæ: хиуарзондзинад, хиппæлойты, цытуарзын, æдылыдзинад, мæнгарддзинад.
3-аг ахуырдзау: Презентаци Тотраты Викторийы.
Жан де Лафонтен у зындгонд французаг поэт æмæ басняфыссæг. Цард æхсæрдæсæм æнусы. Йæ сывæллоны бонты фыдуаг кæй уыдис, уымæ гæсгæ йæ йæ ныййарджытæ арвыстой Парижмæ, семинарийы барад ахуыр кэенынмэе. Фаестэемæ куы рбаздæхт, уæд цард йæныййарджытимæ. Иу цас даер рэестэеджы фæстæ Парижмае ацыд æмæ литературон куыстыл ныллæууыд. Ныффыста дыууадæс(12) басняты чиныджы. Йæ уацмыстæ уыдысты тынг цымыдисаг, аив æвзагæй фыст, тæлмацгонд цыдысты дунейы бирæ æвзæгтæм. Равзæрстой йæ Французаг академийы уæнгæй.
Стыр бузныг. Ирон литературæйы та чи фыста баснятæ?
Цавæр басня сахуыр кодтам 5-æм къласы?
Чи нын æй æрлæууын кæндзæн нæ зæрдыл?
-Цавæр зондамынд райстам уыцы басняйæ?
Цавæр хорзминиуджытыл нæ ахуыр кæны?
Æвзæр миниуджытæй та дзы кæцытыл худы Къоста?
Цы зонындзинæдтæ райстам, уыдоныл мА ноджыдæр бафтаудзыстæм, цæмæй нæ миддуне хъæздыгдæр кæна, ууыл бацархайдзыстæм.
ХъазтНыр та мæ фæнды, цæмæй иучысыл ахъазæм. Нæ хъазт хуыйны «Уырны уæ...?». Алы партæйыл дæр ис сыфтæ таблицæимæ. Цифрæтæй æз фæбæрæг кодтон фарстаты нымæцтæ. Мæ алы фарст дæр-иу райдайдзынæн ахæм дзырдтæй «Уырны уæ...?» Кæд уæ фарст уырна, уæд дыккаг рæнхъы сæвæрдзыстут «+» нысан,кæд нæ, уад та – « -« нысан.
1 2 3 4 5 6
Цæттæ стут? Уæдæ райдайæм!
1)Уырны уæ, æмæ басня кæй у цыбыр уацмыс. Йæ архайджытæ сты зайæгойтæ, сырдтæ, дзаумæттæ, фæлæ дзы ныхас фæцæуы адæймаджы миниуджытыл?
2)Уырны уæ, басняйы адæймаджы хорзминиуджытыл кæй фæхудынц, уый?
3)Уырны уæ, басняйы сæйраг хъуыды æмбисондæй загьд кæй æрцæуы, уый?
4)Уырны уæ, фыццаг баснятæ 2500 азы размæ кæй фæзындысты, уый?
5)Уырны уæ, Хетæгкаты Къоста баснятæ фыста, уый?
6)Уырны уæ, баснятæ чи æрхъуыды кæны, уыцы адæймаджы басня- фыссæг хонынц, уый?
7)Уырны уæ, басня прозæйæ фыст вæййы, уый?
Кæцы фарстатæ уæм фæкастысты зын?
Ныр та уал уæ сыфтæ иуварс авæрут. Раст дзуаппытæ раттат æви нæ, уый та сбæрæг кæндзыстæм, нæ урочы темæ куы раргом кæнæм, уæд.
НОГ ÆРМÆГЫЛ КУЫСТ.
1.Радзурын таурæгь адæймаджы зыд æмæ æнæфсисы тыххæй Байхъусут Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарæг»-мæ. Кæсыйæ актёр Мерденты Юрий.
Равзарæм ма, цы æнæзонгæ дзырдтæ дзы ис, уыдоны нысаниуæг.
2.Дзырдуатон куыст:
МАРХОДАРÆГ – комдарæг адæймаг. Дингæнæг адæймаг æна фæдзиумæйы дæргъы сойаг хæрын нæ фембæлы. Уыцы бæрæг бон хуындис мархо.
Мархо чи дардта, уый та - марходарæг.
УРСАГ- æхсыр æмæ æхсырæй конд хæринæгтæ.
МÆХЪИ –хохы фæхстæй хос цæмæй ластой, ахæм хъилтæ.
УÆРДÆХ – здыхст лыстæг уис, бæттæн, синаг.
ГУЫДЫНХЪУС-чъынды, гуыбындзæл, бирæхæраг.
3. Басняйы анализ
Чи сты басняйы архайджытæ?
(куыдз æмæ гæды)
Цæмæ у сæ каст сæ дыууæйæн дæр?
(сæ каст у фиумæ, сæ бæллиц сæххæссынæм, фæлæ уыцы хъуыддаг сæ иуы къухы дæр не фты)
Цавæр сусæгдзинад æмбæхсынц сæ кæрæдзийæ куыдз æмæ гæды? (Сæ былы цъæрттæ хæрынц фиумæ, фæлæ уыцы хабарыл сæ иудæр нæ сæтты).Басняйы тексты кæцы рæнхъытæй бæрæг у?
(Уый бæрæг у куыдзы уайдзæф «Скастæ та йæм, цы?» æмæ гæдыйы дзуаппæй «Ма тæрс, æз мæ цардæн базыдтон æгьдау... Æз нал дæн мархохор дæуау»)
- Цавæр æмбисæндтæ æрхæссын у уæ бон ацы баснямæ?
«Зыдгæнæг æфсис куы зонид, уæд зыддæр нæ кæнид»
«Бирæйæ бирæгь дæр не фсæды»
«Зыд æмæ кæрæфы æфцæгыл маргъдæр тæхын нæ уæнды»
«Лæджы цæстæн бафсис нæй»
«Цæст сыджыты йеддæ мæ ницæмæ йæ фсæды»
«Хæлæггæнаг цармæ цъындæй кæсы»
« Гуыбындæлылйæгуыбынкомдзогцæуы»
«Гуыбын дæ куыд фæхудинаг кæна, афтæ - ницы»
- Крыловы баснятæй уын уæзæрдыл кæцы æрлæууын кодта? («Лисица и виноград» (байхъусынæм)- Æнгæс сюжет мА ис Жан де Лафонтенмæ (ахуырдзау дзуры басня)
Ныр та ахæм хæс: Абарæм Къостайы æмæ Иван Крыловы баснятæ – цы сæм ис иумæйагæй æмæ цæмæй хицæн кæнынц кæраедзийæ. Адих уыдзыстут къордтыл.
1-аг къорд сæхимæ бæрæг кæндзысты æнгæсæй сæм цы ис, уый.
2-аг къорд та - сæ хицæндзинæдтæ. Æххуысæн уæ разы уыдзыстыБасняты текстæ. Алы къорды номæй дæр дзуапп дæтдзæн 1 ахуырдзау(рæстæг 5 мин.)
Къоста. «Марходарæг» Крылов И.А
«Лисица и виноград»
Æрмæг куыд бамбæрстат, уый сбæрæг кæнынæн сæххæст кæнут хибарæй тест. Фæнысан кæнут раст варианттæ æмæ уæ сыфтæ радæттут (2 мин)
IV.ТЕСТ
1.Басня у...
а) цыбыр радзырдб) зондамонæн радзырдв) цыбыр фæсномыг ныхасæй фыс туацмыс зондамындимæ
2.Басняйы архайджытæ сты...
а) адæмб) цæрæгойтæ, мæргътæ, зайæгойтæ
в) адæм, сырдтæ
3.Баснятæ фыстой...
а)адæмы аиппытыл ахудыны тыххæй
б)хи раст дарын куыд хъæуы, ууылв)ахудыны тыххæй
4.Йæ формæмæ гæсгæ басняйæн вæййы...
а)комкоммæ нысаниуæг
б)фæсномыг ахæсгæ нысаниуæг
5.Басняйы вæййы...
а)хатдзæгб)хатдзæгдзы нæй, алчи йæ æрхъуыды кæны йæхæдæг
в)хатдзæг дзы на хъæуы
Раздæхæм ма нæ 1-аг таблицæмæ. Ногæй дзуапп раттæм нæ фарстатæн æмæ баххæст кæнæм 2-аг рæнхъ.
-Кæцы фарстатæм гæсгæ уæ хъуыдытæ фæхицæн сты?
-Цæмæн?
-Нæ урочы дæргъы дзуапп цавæр фæрстытæн нæ райстат?
Хатдзæгтæ
Цалынмæ хатдзæгтæ кæнæм, уадмæ алы рæнхъæй дæр сæрæндæр чи у,уыдон размæ рауайдзысты æмæ ацæттæ кæндзы сты къулы газет.
V.Хæдзармæкуыст:
1.Аив кæсын басня «Марходарæг»
2.Саразын нывтæ баснямæ гæсгæ.