Урок по осетинскому языку на тему: Номив?г. Номивджыты нысаниу?г, дих. (4-аг кълас).
Темæ: Номивджыты нысаниуæг, дих.
Нысан: Бацамонын номивджыты нысаниуæг, куыд дих кæнынц сæ нысаниуæгмæ гæсгæ.
Урочы цыд: I. Орг.хай. II. Рацыд æрмæгæй бафæрсын.
Ног æрмæг.
Равзарын текст 105 фарсыл.
Номивæг у ахæм ныхасы хай, кæцы фæзæгъæм номдары, миногоны кæнæ нымæцоны бæсты.
Дих кæнынц.
Кæд райсом сæфгæ кæндзæн не´взаг, уæд абон дæр мæлынмæ æз – цæттæ (Р.Гамзатов).
Цæсгомон: æз, ды, уый, мах, сымах, уыдон.
Уадз æмæ йæхиуыл бауæнда, æмæ йыл уæд баууæндззæн æнæхъæн дуне. (Шиллер).
Здæхгæ: мæхæдæг, дæхæдæг, йæхæдæг…
Мæ хъуыдытæ равзæрдысты хуымæтæг æмæ сыгъдæг фæлтæрæнтæй. Уыдон сты æцæг ахуыргæнджытæ. (Леонардо да Винчи).
Æлвæсон: мæ (чиныг), дæ, йæ, нæ, сæ, нæхи, уыдон, сæхи…
Ацы изæр мæй фæлурсæй лæууыд ныгуылæны ´рдыгæй.
Амонæн: а, ай, ацы, уыцы, уый…
Чи цы агуры, уый ссары.
Фарстон – ахастон: чи, цы, кæцы, цал…
Махæй алчидæр йæ ныййарæджы хъæбысы фехъусы мадæлон æвзаг.
Бæлвырд: алы, алчи, æндæр, иннæ, не´ппæт.
Чидæр æфсады уыд, иннæ та йын йæ хабæрттæ кодта. Искæй зондджын ныхæстæ раст зæгъынæн дæр зонд хъæуы. (амб.)
Æбæлвырд: чидæр, цыдæр, исчи, исты, кæцыæр, цалдæр…
Мачи ма кæмæ лæбурæд! Мачи ссæндæд искæй хай! (Хетæгкаты Д.).
Æппæрццæг: ничи, ницы, мачи, макæцы, никæцы…