Открытый урок по осетинскому языку.Проекты тем?: « Хорз фид?н- фыд?лты фарн( н? рагфыд?лт?м зондагур)».
Проекты темæ: « Хорз фидæн- фыдæлты фарн( нæ рагфыдæлтæм зондагур)».
Проекты хуыз : интегративон урок.
Проекты разамонæг: ирон æвзаджы ахуыргæнæг.Проекты архайджытæ: ахуыргæнæг æмæ скъоладзаутæ.Ахуыры кар: 8-æм кълас.Проекты хицæндзинæдтæ:проекты фæлгонц- рагон хъисын фæндыры музыкæ, таблицæтæ, тырысайы ныв компьютерыл;
рæстæг – цыбыр;
мидис- информацион;
характеры координацимæ гæсгæ- ахуыргæнæджы æргомдзинад скъоладзаутæм.Проекты нысан:
1)Предметон æмæ предметты 'хсæн:ахуыр кæнын скъоладзауты активон лексикæйæ пайда кæнын; ныффидар кæнын ног лексикæ; грамматикон æрмæг сфæлхатын; скъоладзауты зæрдæты гуырын кæнын цымыдисдзинад æмæ сæрыстырдзинад сæ райгуырæн зæххы историмæ;
бацамонын сын ног цымыдисаг æрмæг нæ рагфыдæлты историйæ, ахуыр сæ кæнын хи хъуыдытæ дзурын.
2) Метапредметон:
коммуникативон- зонын æрæмдзых кусын къорды, зонын равдисын æмæ иргъæф кæнын хи хъуыды;
социалон- аразын адаптацион фадаты фæлтæрд царды ивддзинæдтæм цы зонындзинæдтæ ис, уыдоны фæрцы.
Удгоймаг:
тынгад кæнын бæрн, хæдхъомад, алыфадыгон хъуыдыкæнынад;
тынгад кæнын цымыдисдзинад;
хъомылад кæнын фæткон ахаст цардмæ куыд иуылбæрзонд хæзна.Проекты хæс:
парахат кæнын коммуникативон æмæ социалон ахадындзинад;
æрмæджы зонындзинæдтыл кусын;
ахуыр кæнын скъоладзауты цардмæ æргомзæрдæйæ кæсын. Проекты фæрæзтæ:
информацион ( чингуытæ, интернет- фæрæзтæ);
буарджын (компьютер, проектор);
методикон ( методисты уынаффæ, ахуыргæнджыты æххуыс).
Урок-проекты цыд.
Бацæттæгæнæн хай.
Ахуыргæнæджы разныхас:
Зæгъут-ма, мæ хæлæрттæ, куыд хуыйны нæ райгуырæн зæхх, кæм цæрæм мах.
Скъоладзаутæ: Ирыстон.
Ахуыргæнæг: Зæгъут-ма цавæр хуызтæ ис Ирыстоны тырысайыл æмæ цал сты? Алы адæмы хаттæн дæр ис йæхи символикæ, йæхи герб, йæхи тырыса. Абон мах аныхас кæндзыстæм Ирыстоны тырысайыл, раиртасдзыстæм кæцæй равзæрд нæ тырыса, цы нысан æмбæхст ис йæ хуызы.
1. Проекторæй æвдыст цæуынц ног дзырдтæ. Сæ лексикон нысаниуæг сын æвзарæм ( тырыса, рагон, рагфыдæлтæ, хуыз(тæ), дих кæнынц, къорд (тæ), кувæг(кувджытæ), хæстон (тæ), зæхкусæг(зæхкусджытæ), нысан кæнын, сыгъдæгдзинад, æхсардзинад, фарн, фарнхæ сджытæ. 2. Скъоладзаутæ тæлмац кæныц дзырдтæ. Аразынц ног дзырдтимæ дзырдбæстытæ æмæ хъуыдыйæдтæ. Ахуыргæнæг: Нæ тырысайæн ис рагон истори. Йæ къабазтæ баст сты нæ рагфыдæлтимæ, скифты æмæ аланты историимæ. Нæ тырысайæн ис æртæ хуызы: урс, сырх, бур. Нæ рагфыдæлтæ дæр дих кодтой æртæ къордыл: кувджытæ, зæхкусджытæ æмæ хæстонтæ. Ирыстоны тырысайы æртæ хуызы нысан кæнынц уыцы æртæ къорды.
Урс у сыгъдæгдзинады нысан (кувджытæ), сырх у æхсардзинады нысан (хæстонтæ ), бур у фарны нысан (зæхкусджытæ).
Тырыса æвдыст цæуы проекторæй.Ахуыргæнæг: Цы базыдтам ацы текстæй? Цавæр истори ис Ирыстоны тырысайæн?
Скъоладзаутæ:Ирыстоны тырысайæн ис рагон истори. Ахуыргæнæг: Цал хуызы ис нæ тырысайæн?
Скъоладзаутæ: Нæ тырысайæн ис æртæ хуызы.
Ахуыргæнæг: Цал къордыл дих кодтой нæ рагфыдæлтæ? Скъоладзаутæ: Нæ рагфыдæлтæ дих кодтой æртæ къордыл. Ахуыргæнæг: Цавæр къордтыл?
Скъоладзаутæ: Кувджытæ, зæхкусджытæ æмæ хæстонтæ. Ахуыргæнæг: Æмæ, Нарт та цал мыггагыл дих кодтой? Цавæр мыггæгтæ уыдысты?
Скъоладзаутæ: Æртæ мыггагыл: Борæтæ, Алæгатæ,Æхсæртæггатæ. Ахуыргæнæг арфдæр дзуры уыцы социалон къордты тыххæй. Ахуыргæнæг: Нæ рагфыдæлтæм тынг кадджын уыдысты кувджытæ. Уыдон хорз зыдтой цы уыдзæн æмæ цы уыдис. Сæ ныхасмæ адæм лæмбынæг хъуыстой. Уыдонмæ фæрсынмæ цыдысты сæ алы хъуыддаджы тыххæй дæр.
Куыд уæм кæсы, цавæр дзаумæттæ дардтой кувджытæ? Скъоладзаутæ: Урс дзаумæттæ. Ахуыргæнæг: Хорз. Сæ дарæстæ, сæ сæрыхъуынтæ, сæ боцъотæ, сæ дзабыртæ, сæ худтæ - иууылдæр уыдон уыдысты урс.
Ахуыргæнæг: Ныр та рахизæм иннæ къордмæ (хæстонтæм). Куыд уæм кæсы тырысайы дыккаг хуыз цæмæн у сырх? Цы нысан кæны сырх хуыз? Уæ цæстытыл цы ауайы, куы фæзæгъæм сырх ахорæны тыххæй?
Скъоладзаутæ: Туг, хæст, арт.
Ахуыргæнæг: Уый раст у. Хæстонты цард баст уыд хæстимæ , артимæ, уымæ гæсгæ дыккаг хуыз у сырх. Ахъуыды- ма кæнут, мæ хæлæрттæ, бур хуыз та цы нысан кæны?
Скъоладзаутæ: Хур, сыгъзæрин, мæнæу, нартхор.
Ахуыргæнæг: Тынг хорз. Бур хуыз нысан кæны хур, фарн. Уымæ гæсгæ йæ райстой нæ рагфыдæлтæ сæ тырысайæн æртыккаг хуызæн. Зæгъут-ма цавæр хъуыдымæ æрцыдыстæм мах?
Скъоладзаутæ: Мах æрцыдыстæм ахæм хъуыдымæ. Урс у сыгъдæгдзинады нысан, сырх у æхсардзинады нысан, бур у фарны нысан.
3. Кусæм ассоциативон рæнхъытимæ(фысгæ куыст).
Ахуыргæнæг скъоладзаутæн æмбарын кæны, цы сты ассоциативон рæнхъытæ .
Кувджытæ: чингуытæ, урс дзаумæттæ, урс худ, зондджын, хъал, хорззæрдæ, сыгъдæгдзинад, кувын, аргъуан, зачъетæ, урс.
Хæстонтæ: тыхджын, æхсардзинад, топпытæ,бæрзонд, рæсугъд, мæсыг,фидар, бæхтæ, бирæ, хъæздыгдзинад, сырх, туг, хъаматæ.Зæхкусджытæ: фос, хъуг, бæх, гал, хæрæг, уæрдон, зæхх, хор, мæнæу, нартхор, сызгъæрин, фæллой, бæгæны,хуым кæнын, кусын, куыстуарзаг, хур,хъæздыг.
4. Хъазт « Раст у æви нæу».
Ирон тырысайыл ис æртæ хуызы: урс, цъæх æмæ бур ( сырх).
Нæ рагфыдæлт’ дих кодтой дыууæ къордыл: кувджытæ æмæхæстонтæ (зæхкусджытæ).
Тырысайы æртæ хуызы нысан кæнынц æртæ къорды (раст у).
Урс у æхсардзинады нысан (сыгъдæгдзинады).
Сырх у фарны нысан( æхсардзинады).
Нарт дих кодтой цыппар мыггагыл: Алæгатæ, Æхсæртæггатæ, Борæтæ æмæ Хетæгкатæ (Алæгатæ Æхсæртæггатæ, Борæтæ).
5. Диалоджы репликæтæ баххæст кæнын:
…..?(Ирыстоны тырысайыл цал хуызы ис?)
− Æртæ хуызы.
…..?(Кæм цæрыс ды?)
– Ирыстоны.
…..? (Цавæр ран ис Ирыстон?)
− Хæхты астæу.…..?(Цавæр хуызтæ)
– Урс, сырх, бур.
6.Контекстуалон уыци-уыцитæ (алы къорд дæр хъуамæ æрхъуыды кæна йæхи уыци- уыци. ___Зæгъæм: Ис йын цыппар къахы. У тыхджын æмæ рæсугъд (бæх)._________
lll. Хъомыладон беседæАхуыргæнæг: Абон мах цæуыл дзырдтам ? Скъоладзаутæ: Нæ рагфыдæлтыл, нæ тырысайыл. Ахуыргæнæг: Иу ныхасæй нæ уидæгтыл.Æркæсут-ма лæмбынæг фæйнæгмæ. Фæйнæгыл ирон æмбисонд:« Хорз фидæн- фыдæлты фарн( нæ рагфыдæлтæм зондагур)».
Куыд æмбарут, мæ зынаргъ скъоладзаутæ, ацы æмбисонд?
(Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ.)
lV. Хатдзæгтæ.
Сæвæрын сæйраг фарста:
Цы базыдтам абон Ирыстоны тырысайы тыххæй?
Скъоладзаутæ: Ирыстоны тырысайыл ис æртæ хуызы: урс, сырх, бур.
Урс у сыгъдæгдзинады нысан.
Уыдон сты кувджытæ.Сырх у æхсардзинады нысан.
Уыдон сты хæстонтæ.Бур у фарны нысан.
Уыдон сты зæхкусджытæ.V. Бæрæггæнæнтæ.Vl. Хæдзармæ куыст.